Адæмыл тауы чиныджы рухс

0
441

 

Цард алывæрсыг у. Цæрын æмæ дзы кусын зонын хъæуы. Цæмæй уый къухы æфта, уый тыххæй æвзонгæй фæстæмæ дæхицæн хъуамæ сбæрæг кæнай царды уазнысан æмæ йæм цæуай сæрыстырæй æмæ æдæрсгæйæ. Иннæмæй та, дæ хъысмæт æмæ дæ алыварс цы адæм ис, уыдон дын хъуамæ æххуыс кæной уыцы нысанмæ цæуынмæ

 

Национ наукон библиотекæйы музейы сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Цориты Альбинæ йæ сабийы бонтæй фæстæмæ бауарзта чиныг. Хъомыл та кодта, зонындзинæдтæн, чиныгæн стыр аргъ кæм кодтой, ахæм бинонты æхсæн. Æмæ чызг йæхицæн раджы банысан кодта: йæ дæсныйадæй хъуамæ баст æрцæуа чиныгимæ. Йæ фæрцы та фарны рухс таудзæн адæмы зæрдæты. Æмæ æцæгæй дæр афтæ рауад.

Цориты Альбинæ скъолайы ахуыры фæстæ йæ гæххæттытæ балæвæрдта Дзæуджыхъæуы аивæдты училищемæ (ныр Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледж), библиотекæтæн кусджытæ кæм цæттæ кодтой, уыцы хайадмæ. Йæ дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ акодта Æрæфы районы библиотекæйы. Уым æй йе ‘мкусджытæ базыдтой зæрдæхæлар, бæрнон, йæ куыстмæ талфтулф цæстæй чи нæ кæсы, ахæм æрыгон, фæлæ куыстуарзаг специалистæй. Уымæ гæсгæ, абон дæр районы библиотекæйы кусджытæ, чиныгкæсджытæ æхсызгонæй мысынц, Альбинæ-иу ацы рухсадон артдзæсты цы конференцитæ æмæ фембæлдтытæ арæзта, уыдон. Фæлæ кæд училище хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци, уæддæр дзы цы зонындзинæдтæ райста, уыдон æм фаг нæ кастысты, æмæ ахуыр кæнынмæ ацыд Краснодары культурæйы институтмæ, библиотекæтæн кусджытæ цæттæгæнæн хайадмæ. Æрыгон цыколайаг чызг ам ахуырмæ ноджы зæрдиагдæрæй бавнæлдта. Йæхиуыл куыста æнæрынцойæ, æмæ дзы разы уыдысты йæ ахуыргæнджытæ дæр. Зæрдиагæй архайдта институты æхсæнадон царды. Уыд институты студентты советы æмæ профцæдисон комитеты уæнг, æхсæнадон уагæй зæрдиагæй æххуыс кодта, æвæрæз чи уыд, ахуыры лæмæгъ чи уыд, уыцы студенттæн, уыд студентты арæзтадон къорды уæнг дæр. Йе ‘мкурсонтимæ архайдтой рæвдауæндоны арæзтадон куыстыты.

Альбинæ институт каст фæци æнтыстджынæй æмæ кусынмæ хуынд æрцыд РЦИ-Аланийы Национ наукон библиотекæмæ. Уырдæм та йæ æрбакодта йæ раздæры директор, УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Гæздæнты Еленæ (рухсаг уæд) Абон кæд Еленæ не ‘хсæн нал ис, уæддæр æй, куыд хорз, фендджын адæймаджы, мысы Альбинæ. Æмæ ныртæккæ дæр фæзæгъы, Гæздæнты Еленæйы хуызæн йæ куыст, чиныг, йе ‘мкусджыты, йæ Ирыстон чи уарзта, чиныгкæсджытыл зæрдиагæй чи аудыдта, ахæм дыккаг адæймаг æз нæ зонын, зæгъгæ.

Национ библиотекæйы Цориты Альбинæ фыццаг куыста методикон хайады. Йæ хæс та уыд Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы библиотекæтæн практикон, методикон æгъдауæй æххуыс кæнын. Библиотекæты куысты ногдæр фæрæзтæй куыд пайда кæнын хъæуы, чиныгмæ адæмы æргом куыд раздахæн ис, уый фæдыл-иу Альбинæ арæзта республикæйы районты семинартæ æмæ ахуыртæ. Цæгат Ирыстоны библиотекæты куыст фæхъомысджындæр кæныны нысанимæ Альбинæ бакуыста методикон æрмæджытыл дæр. Рацарæзты дуджы, адæм фылдæр æхца бакусынмæ се ‘ргом куы аздæхтой, чиныг фæсдуар куы аззад, уæд Альбинæ æмæ йе ‘мкусджытæ зиу цæдисæй ноджы тынгдæр фæхъомысджындæр кодтой сæ рухстауæн куыст куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы библиотекæты дæр. Æмæ кæд уыцы зын азты нæ культурæйы зиууæттæй, зындзинæдтæй нæ тæрсгæйæ, чиныг адæммæ хæццæ кæныныл исчи зæрдиагдæрæй архайдта, уæд уый уыд Цориты Альбинæ дæр.

Библиотекæ у рухсадон артдзæст. Уый фæрцы рæзы æмæ фидар кæны адæмы монон культурæ. Æмæ йæ рæзтыл, суанг бæстæзонæн иртасæн куысты дæр раззагдæртимæ ис Альбинæ. Уыцы хъуыддаджы дæр йæ куыст ахадгæ кæй у, уый æвдисæг цаутæ бирæ ис. Фæлæ дзы иу цау газеткæсджыты размæ æнæ рахæсгæ нæй. Цæвиттон, ивгъуыд æнусы 90- æм азты «ног ирæттæй» кæйдæрты фæндæй ныппаплой кæнынмæ хъавыдысты æвæджиауы архитектурон цыртдзæвæн — Мады-Майрæмы аргъуан. Фæлæ йын цы нысан ис нæ адæмы царды, стæй йæ адæмы динон культурæйы Ирон аргъуан цы бынат ахсы, уыцы хъуыддæгтæ нæ дзыллæйæн, уыимæ «ног ирæттæн» дæр, чи æргом кодта æмæ кувæндон чи бахъахъхъæдта, уыцы арфæйаг адæймæгтæй иу уыд Альбинæ. Уæдæ йæ фæрцы Ирыстоны дзыллæ базыдтой лескенаг курдиатджын нывгæнæг Бериты Æхсарбеджы. Альбинæ йын библиотекæйы залы сарæзта йæ нывты сæрмагонд равдыст. Уымæй уæлдай ма кæддæриддæр йæ стыр хæсыл нымайы, æрдз хъахъхъхъæныны фæдыл библиотекæйы æмæ сæрмагондæй йæ музейы цы æрмæджытæ ис, уыдонимæ чиныгкæсджыты зонгæ кæнын. Нæ æрдзон хæзнатæ куыд хъахъхъæнын хъæуы, уый тыххæй дæр рæстæгæй-рæстæгмæ, куыд библиотекæйы, афтæ скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты фæкæсы лекцитæ, саразы сæрмагонд тематикон изæртæ.

Национ наукон библиотекæ йæ сарæзты 110 азы куы бæрæг кодта, уæд дзы йæ раздæры директор Гæздæнты Еленæйы фæндонмæ гæсгæ байгом ацы чиныгдоны историйы музей. Йæ сарæзтæй абонмæ йæ сæргълæууæг у Цориты Альбинæ. Абоны онг дæр дзы кусы кад æмæ радимæ. Музейы æппæт экспонаттæ (сты 700 фылдæр) æвдисынц нæ республикæйы æппæт библиотекæты куыст дæр. Музейы хъæздыг æвæрæнты ис къамтæ, къухфыстытæ, фыстæджытæ, республикæйы Национ наукон библиотекæйы æмæ Ирыстоны иннæ библиотекæты æнтыстджындæрæй, зæрдиагдæрæй, уæхскуæздæрæй чи куыста æмæ кусы, уыдоны цард æмæ рухстауæн архайдыл дзурæг æрмæджытæ. Уыдонæй бирæты фенæн ис музейы тæрхæджытыл. Иннæтæ та адæмы рæгъмæ хаст æрцæуынц алыхуызон зæрдылдарæн бонтæм, юбилейтæм, Альбинæ цы цымыдисаг равдыстытæ, фембæлдтытæ саразы, уыдоны.

Цорион иудадзыг кусы фæсивæдимæ дæр. Библиотекæ æмæ чиныг сын уарзын кæны, наукон чиныгдоныл сын цы экскурситæ саразы, скъолаты, культурæйы ардзæстыты цы лекцитæ бакæсы, уыдоны фæрцы.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Национ наукон библиотекæйæн бындур æрæвæрдта номдзыд рухстауæг, æхсæнадон архайæг, Къостайы хорз хæлар Варварæ Шредерс. Не ‘рмæджы хъайтар ацы зæдæнгæс æмæ Ирыстоны дзыллæйæн бирæ хæрзты бацæуæг сылгоймаджы номыл ныффыста цардæр иртасæн куысты. Фидар бастдзинад ын ис Варварæйы райгуырæн уæзæг Смоленскы облæсты культурæйы артдзæстытимæ, стæй УФйы Паддзахадон библиотекæимæ Мæскуыйы (раздæр хаста Ленины ном), йæ историйы музейы кусджытимæ.

Национ наукон библиотекæ у Ирыстоны стырдæр зонадон, рухсадон артдзæстытæй иу. Ам алы кусæг дæр чиныгкæсджытимæ архайдæй уæлдай кæны иртасæн куыст. Афтæ — Цориты Альбинæ дæр. Ныридæгæн сарæзта РЦИАланийы библиотекæты кусджыты бæрæгуат, йæ дæсныйады бирæ азты зæрдиагæй чи кусы, адæмæн цæстуарзонæй чи лæггад кæны, Национ наукон библиотекæйы уыцы кусджыты тыххæй рæстæгæй-рæстæгмæ рауадзы хуызджын буклеттæ æмæ брошюрæтæ. Альбинæйæн сфæлдыстадон бастдзинæдтæ ис, УФ-йы библиотекæты куысты тыххæй фыст кæм цæуы иудадзыгдæр, уыцы профессионалон журналты редакцитимæ. Уыдоны æмæ нæхи республикæйы газетты æмæ журналты рæстæгæй-рæстæгмæ фæзынынц Альбинæйы мидисджын уацтæ, очерктæ æмæ иртасæн куыстытæ. Ис æм сæрмагонд лекциты курс Национ наукон библиотекæйы бындурæвæрджыты æмæ йæ раздæры директорты царды æмæ рухстауæн архайды тыххæй. Ацы аз уалдзæджы УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, Национ наукон библиотекæйы раздæры сæргълæууæг Гæздæнды Еленæйы райгуырдыл сæххæст 80 азы. Уымæ гæсгæ Цориты Альбинæ йæ хæсыл банымадта ацы фæрнджын сылгоймагæн кад скæнын æмæ йын сарæзта номарæн изæр, бацæттæ кодта йæ царды æмæ рухстауæн архайды тыххæй цымыдисаг равдыст. Уым фенæн уыд Еленæйы къамтæ, фыстæджытæ, документтæ, газетты æмæ журналты йæхæдæг цы мидисджын уацтæ мыхуыр кодта, стæй Еленæйæн йæхиуыл цы æрмæджытæ фыстой, уыдон, йæ чингуытæ «Мы и вечность», «Мы в мире — мир в нас». Йæ рæстæджы Еленæйы хъæппæрисæй библиотекæ цы газет — «Ключ» уагъта, уый фыццаг номыртимæ дæр равдыстмæ æрбацæуджытæ æхсызгонæй базонгæ сты.

Цориты Альбинæйы куы бафарстам, дæ царды стырдæр амондыл цы нымайыс, зæгъгæ, уæд йæ мидбылты фæлмæн худт бакодта æмæ афтæ зæгъы; «Æз дæн амондджын адæймаг, мæ цард чиныгæн кæй нывонд кæнын, уымæй. Адæмæн, Ирыстонæн сæ зæрдæтæм рухс хæссын мын кæй æнтысы, æмæ мæ кæй æмбарынц, уымæй стырдæр хорзæх мæн уæвгæ хъæугæ дæр нæ кæны!». Ахæм дзырдтæ равзæрынц, йæ дæсныйад зæрдæйæ чи уарзы, ахæм адæймаджы зонды æмæ уды. Æмæ Альбинæ уыдонæй иу кæй у, ууыл ис æххæстæй баууæндæн. Æмæ йын нæ цæст уарзы куысты стырдæр æнтыстытæ, царды та — амонд!

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here