Фæроны дзуары хорзæх алкæй дæр уæд

0
645

 

Ирыстоны бирæ кæмттæ ис, сæ иуæй-иннæ рæсугъддæр. Алы комы дæр ис хъæутæ, фæлæ афтæ куы зæгъон, Гæлиаты хъæу хуыздæр ран æвæрд ис иннæ хохаг хъæутæй, уæд нæ фæрæдидзынæн. Алæмæты æрдз, диссаджы хосгæрдæнтæ æмæ фосхизæнтæ! Гæлиаты хъæуы ма адæм куы царди, уæд-иу иннæ хохаг хъæутæй кусæрттаг искæй куы хъуыди, уæд-иу æлхæдтой Гæлиаты хъæуы, уымæн æмæ ам цы фос хастой, уыдонæн сæ дзидза уыд хæрзаддæр. Гæлиаты зæххытæ сты хъæздыг, о, фæлæ дзы цæрынæн æмбæлгæ уавæртæ кæй нæй, уымæ гæсгæ хъæу федзæрæг

Кæддæр ацы хъæуы 32 мыггаджы цард, уыд фидар хъæу, уыдис намысджын, кадджын. Ардыгæй быдыры хъæутæм, горæттæм чи ралыгъд, уыдон, ома, мах, нæ фыдæлты æгъдæуттæ нæ рох кæнæм, нæ фыдæлты уæзæгыл стæм иузæрдион, уарзæм æй.

Ацы хъæуы цы мыггæгтæ цард, уыдон стырæйчысылæй сусæны мæйы æрбацæуæм Фæроны бæрæгбонмæ æмæ кæрæдзиуыл фæцин кæнæм. Бафæдзæхсæм Фæроны дзуарыл нæхи, нæ бинонты. Дыууæ боны, сабат æмæ хуыцаубоны, баулæфæм ам, уый фæстæ алчидæр йæ хæдзармæ куы ацæуы, уæд та фенхъæлмæ кæсæм нæ кадджын бæрæгбоны ‘рцыдмæ, Фæроны дзуары куывдмæ. Адæмы кæрæдзийæн уарзын кæны ацы дзуар. Алы дур æмæ къæдзæх, алы къуыбыр æмæ зайæгой дæр зынаргъ у махæн.

Советон рæстæджы Уæллагкомы хъæутæ хаудтой иу хæдзарадмæ — Калинины номыл колхозмæ. Уыдис дзы бирæ фос. Уæд Ирыстоны колхозтæ æмæ совхозтæн уыдис æмцегадон организацитæ. Дзæуджыхъæуæй-иу хос кæрдынмæ æрцыдысты Калинины номыл колхозыл æмцеггæнæг организацитæ Гæлиатмæ æмæ-иу зымæгмæ бирæ хос ныккарстой, стæй-иу силос колхозы цас хъуыд, уыйбæрц нывæрдтой. Ацы хъæуы цæрынæн стыр ныфс æмæ хъару, æгæрон лæгдзинад хъуыдис, æмæ уыцы миниуджытæй хайджын уыдысты Гæлиаты цæрджытæ. Ныртæккæ фæндæгтæ фæхуыздæр сты, фæлæ нæ фыдæлтæм ахæм тæссаг хæххон фæндæгтыл Гæлиатмæ æрбацæуыны ныфс уыдис. Фæндæгтæм базилын хъæуы, фæндаг хорз арæзт куы æрцæуид, уæд Гæлиаты хъæуы уд бацæуид, фæсивæдæй бирæты бафæндид уым фосдарыны куыст кæнын. Гæлиаты хъæу хæхбæсты нымад уыдис стырдæр хъæутæй иуыл. Кæддæр стыр ахуыргонд Всеволод Миллер дæр уыдис Гæлиаты æмæ ардыгæй афтæ фыста, æз, дам, æрбахаудтæн Германы астæуккагæнусон фидармæ. Ахуыргонд куыд фыста, афтæмæй Гæлиаты цардис 120 хæдзары.

Махмæ Фæроны дзуары куывд кæнынц мыггаггай. Мыггаг æй райсы йæхимæ æмæ алы хъуыддаг дæр цæххы онг куывды кæны уый. Ацы аз æй йæхимæ райста Езеты мыггаг. Езеты мыггаг раджы дæр кадджындæр мыггæгтыл нымад уыд. Уыдон ацы куывд арæх райсынц сæхимæ, æмæ уыйбæрц адæмæн æгъдау раттын æнцон нæу, уæлдайдæр та æдзæрæг хъæуы. Сæ цæрæнбон бирæ уæд Езеты мыггагæн, стырæй-чысылæй æппæтæй дæр архайдтой, цæмæй бæрæгбонмæ сæмбæлæг адæмы бабуц кæной.

Фидæнмæ Фæроны бæрæгбоны хабæрттæ йæхимæ райста Годызты мыггаг. Уыцы мыггагæн дæр ацы хъуыддаг фыццаг хатт нæу. Нæ фынджы хистæр Годызты Афай сæ мыггаджы кæстæртæм сгуыимæ авæрдта кады нуазæнтæ. Махæн ацы куывды сæйраг фынгæн æгъдау рагæйдæр фæдæтты Афай — Горæтгæрон районы дзырддзæугæ лæгтæй иу, Октябрыхъæуы цæрæг, республикæйы хъæууон хæдзарады сгуыхт кусæг. Годызы-фырт хорздзинæдтæ бирæтæн скодта, æмæ йæ уый тыххæй адæм бирæ уарзынц. Ирон æгъдауыл хæцы, зоны æгъдæуттæ æмæ сæ арæхсы хæссын дæр.

Афай райгуырд æмæ схъомыл Гæлиаты хъæуы хорз фыды къухы, æмæ хъæуы хабæрттæй бирæ зоны, Гæлиатæй рацæугæ кæстæртæн сæ фæдзуры. Фæроны дзуары куывды хистæрæн куы ‘рбады, уæд, йæ дæле чи фæбады, уыдон æм лæмбынæг фæхъусынц.

Ныр куыд цæуынц Фæроны куывдмæ Гæлиатæй рацæугæ адæм, раздæр афтæ нæ цыдысты. Хъæуы чи цард, уыдон æй рохы бынаты нæ уагътой, алы аз дæр ацафон кодтой куывд. Фæлæ мах фыццаг хатт куы æрбацыдыстæм Фæроны дзуары куывдмæ сабат бон, уæд уыдис уаргæ бон, сара дзы нæ уыд, æмæ уарынмæ дуртыл фæйнæджытæ æрæвæрдтам æмæ ссардтам Хуыцау æмæ йе сконд зæдты ном. Хъæуы цæрджытæ нæ нæ рауагътой, алчи йæхионмæ баззад æхсæв. Фæлæ хуыцаубон хорз бон скодта, хъæуы цæрджытæ нæ тынг сбуц кодтой, алчидæр кодта дзуары бынмæ кусæрттаг — фыс. Сæйраг фынгæн æгъдау лæвæрдта Гасынты Гуыбе æмæ тынг хорз хаста фынджы æгъдау. Уыцы бон мах, Гæлиатмæ æрбацæуæг адæм, зæрдæ бавæрдтам бындурон цæрджытæн, иннæ ацафонмæ ам, Фæроны дзуары раз, кæй сараздзыстæм сара. Нæ ныхас сæххæст кодтам æмæ иннæ аз куывды бадтыстæм сарайы.

Сæ цæрæнбон бирæ уæд Хъалаты мыггагæн, уыдон куы райстой сæхимæ Фæроны дзуары куывд, уæд уыцы сара райхæлдтой æмæ йын йæ бынаты сарæзтой хуыздæр сара, стæй ма йыл бафтыдтой.

Бирæ хорз адæмтæ рацыд Гæлиаты хъæуæй. Зæгъæм, Арсæгты Горга. Уый Гæлиаты хъæуы каст фæцис цыппар къласы æмæ ацыдис ахуыры фæдыл Мæскуымæ, фæцис каст дыууæ институты. Революцийы рæстæг рахæцыд мæгуыр адæмы сæрыл æмæ ссис революционер. Бирæ хорз хабæрттæ скодта адæмæн. Къæмынты хъæу бæрзонд ран æвæрд ис. Æмæ адæм пайда кодтой комы цæугæдонæй, хастой дон бынæй хæрдмæ. Горгайы хъæппæрисæй хъæумæ дон æрбауагътой хæтæлтыл æмæ ма дзы абон дæр пайда кæнынц хъæуы цæрджытæ, сæ ком дзы ауазал кæнынц Гæлиатмæ цæуæг бæлццæттæ. Уыцы уæззау рæстæг æнцон нæ уыд хæхбæсты дон рауадзыны хъуыддаг, фæлæ Горга фæдзырдта Мамыкъаты Гришæмæ, уый райгуырд æмæ схъомыл Къæмынты хъæуы, уыд инженер, цард Дзæуджыхъæуы. Горга бабар кодта Гришæйæн, цæмæй сбæлвырд кæна, кæцæй æрбауадзæн ис Къæмынты хъæумæ дон, уый.

Мамыкъаты Гришæ уыд хъаруджын инженер. Ацыд Къæмынты хъæумæ, йемæ ахаста геодезион ифтонггæрзтæ æмæ дондзæуæнæн скодта проект. Уый фæстæ иу бон Горга æмæ Гришæ бацыдысты Къæмынты хъæумæ. Уазджытыл хъæуы цæрæг адæм æрбамбырд сты. Горга къуыбырмæ схызт æмæ загъта йæ фæндон, хъæумæ дон æрбауадзын кæй сфæнд кодта, уый фæдыл, стæй ма загъта, сæ хъæуккаг Мамыкъаты Гришæ кæй кусдзæн хъæуы цæрджытимæ. Хъæуы цæрæг Хъæрджынтæй иу лæг загъта: «Хъæумæ дон уагъд куы ‘рцæуа, уæд мæхæдæг кæнын хъæугуывд, аргæвддзынæн урс гал».

Адæм стырæй-чысылæй куыстой æхсæвæй-бонæй, цæмæй тагъддæр дон рацæуа хъæумæ, ууыл. Æрбахæццæ фæззæг æмæ быдырæй хицауад æрбарвыстой, цæмæй адæм рацæуой нартхор тонынмæ. Мамыкъаты Гришæ хъæуы цæрджытæн загъта: «Цыппар боны ма бакусут, дон рацæудзæн æмæ уæд ацæудзыстут нартхор тонынмæ». Кæй баурæдта адæмы, уый тыххæй Мамыкъаты Гришæйы бамидæг кодтой ахæстоны, фæлæ йæ иннæ бон Арсæгты Горга рауадзын кодта.

Къæмынты хъæумæ дон рацыд. Хъæрджынты лæг йæ ныхас сæххæст кодта, аргæвста урс гал æмæ скодта куывд. Æрхуыдтой куывдмæ Горга æмæ Гришæйы æмæ сын арфæ ракодтой, кады нуазæнтæ дæр сæм радтой. Гæлиаты хъæуы ма уыдис дыууæ æфсымæры революционертæ — Бæлæуты Георги æмæ Николай. Уыдон дæр Арсæгты Горгаимæ æмцыд кодтой. Æз алы ком, алы хъæуы дæр хорз зонын, фæлæ Бæлæуты æфсымæрты хæдзары хуызæн хорз хæдзар никæмæн ис æнæхъæн хæхбæсты дæр. Æртæуæладзыгон хæдзар балкъонтимæ, фæлæ ныр æдзæрæгæй баззад, æрмæстдæр ма йæ къултæ лæууынц. Хорз уаид уым музей саразын Уæллагкомы зындгонд адæмы номыл.

Уæдæ Хъалаты Симон Дзаджейы фырт дæр Гæлиаты райгуырд æмæ схъомыл. Хъалаты Симоны кой чи нæ фехъуыста Ирыстоны, æвæццæгæн, ахæм нæй. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æхсар æмæ æцæг лæгдзинад чи равдыста, уый — Намысы ордены æххæст кавалер. Хæсты размæ колхозы куыста бригадирæй æмæ бирæ тыхст адæмтæн æххуыс кодта. Схъомыл кодта хорз цот. Йæ лæппутæй иу — Сергей Хæххон аграрон университеты профессор, техникон наукæты доктор, Хъæууонхæдзарадон институт каст куы фæци, уæд æй уым баурæдтой æмæ абоны онг дæр кусы уым. Бирæ дæсны специалисттæ бацæттæ кодта. Сергей дæр бирæ уарзы йæ Фыдыбæстæ æмæ Гæлиаты Фæроны дзуарыл зарæг дæр скодта.

 

Гæлиаты рухс Фæроны зарæг

Уæ, табу, табу, рухс Фæрон!

Ма ферох уæд дæ хорз ном.

 Хорæй дзаг уæд нæ хордон,

 Размæ тулæд нæ уæрдон.

 

Уæ, табу, табу, рухс Фæрон!

 Дæумæ кувæм æрвылбон.

 Адæмы фарн сбирæ уæд,

 Уæллагком та сфидар уæд!

 

Уæ табу, табу, рухс Фæрон!

Хуыздæр кæнæд нæ сомбон.

 Бæркадджын уæд нæ быдыр.

Адæмæй уæм сæрыстыр.

 

Уæ табу, табу, рухс Фæрон!

Фæрнæйдзаг уæд Уæллагком!

Йæ фæдонтæ дæ фæдзæхст.

Дæ кувинæгтæ хæрзæхсæст.

 

 Нæ хистæртæ кадджынæй,

Нæ кæстæртæ æгъдауджынæй,

Нæ чындзытæ хъæбулджынæй

 Бирæ азты, бирæ, бирæ

Æнæнизæй фæцæрой!

 

Сæ цæрæбон бирæ уæд Хъараты Русланæн, Гасынты Артурæн, Зæгæлты Миронæн, Арсæгты Сæрмæты фырттæ Руслан æмæ Георæн æмæ иннæтæн, уыдон нæ уадзынц дзæгъæл Гæлиаты хъæуы. Сæхи хъæппæрисæй сцалцæг кодтой Уастырджийы кувæндон хъæуы сæрмæ. Хуыцау сын æххуысгæнæг уæд. Фæроны дзуар сæ йæ рахиз базыры бын бакæнæд!

ГÆЛÆБУТЫ Мухарбег, Дзæуджыхъæуы цæрæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here