Бюджеты бæрæггæнæнтæ сты зæрдæмæдзæугæ

0
435

 

«Мах разы стæм, 2018 азы æхсæз мæймæ, республикон бюджет æххæстгонд куыд æрцыд, уымæй. Сæйрагдæр у, афойнадыл социалон ахадындзинадимæ фарстатæ кæй лыг кодтам, ома, мызд, фиддонтæ æххæстæй адæммæ кæй хæццæ кодтам, уый. Республикон æмæ федералон алыхуызон программæтæ æххæстгонд цæуынц æнæкъуылымпытæй, уымæн æмæ республикæ бадзырдтæм гæсгæ æхца дих кæны. Æнæбафиппайгæ нæй, январæй июльмæ æфстæутты бæрц 146 милуан сомы кæй фæкъаддæр, уый. Хорз бакуыста Хъалонты службæ, азы нысантæн сæ 49,6 проценты сæххæст кодтой», — знон Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз хатдзæгтæ скодта, 2018 азы æхсæз мæймæ, бюджет æххæстгонд куыд æрцыд, уымæй.

Хицауады æмбырды уыцы фарстайыл бæстон æрныхас кодта финансты министры фыццаг хæдивæг Дзæгъойты Алан. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй бюджетæн йæ æфтиæгты хай рауадис 11 миллиарды æмæ 918 милуан сомы, йæ хæрдзты хай та — 12 миллиарды æмæ 619 милуан сомы. Йæ кадавардзинад — 695 милуан сомы. Хъалонты æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ рауадысты 5 миллиарды æмæ 292 милуан сомы. Фæстæмæ здахын кæй нæ хъæуы, уыцы æхца та систы 6 миллиарды æмæ 620 милуан сомы. Æфтиæгтæ æмæ хæрдзты ‘хсæн цы кадавардзинад сæвзæрд, уый æхгæд æрцыд цыбыр æмгъуыдмæ цы æфстæуттæ райстæуыд, уыдоны фæрцы. Фæкъаддæр ис паддзахадон хæсы бæрц дæр.

Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ æппæт министрадтæ æмæ ведомствотæ архайой, цæмæй къаддæр кæна æфстæутты бæрц, нырмæ дæр 146 милуан сомы къаддæр кæй фæцис, уый хорз бæрæггæнæн у. «Росстат» нæм цы бæрæггæнæнтæ æрбарвыста, уымæ гæсгæ нæ фылдæр æргом аздахын хъæуы, æппындæр æфтиæгтæ чи нæ дæтты, уыцы куыстуæттæм. Ныртæккæ сæ бæрц у 47,5 проценты, кæд 1 процент къаддæр фæци, уæддæр уый нырма ницæуыл дзурæг у. Алы ведомство дæр хъуамæ æркæса йæ куыстуæтты уавæрмæ. Зæгъæм, хъæууон хæдзарады æмхуызонæй сты æнæфтиагæй, ома, æнæпайда. Равзарын хъæуы, кæд æмæ сын-иу алыхуызон æххуыс лæвæрд æрцыд, уæд сæ цы хуызы хардз кодтой, цавæр нысантыл, фæстæмæ сæ æхсæнад, паддзахад цавæр пайда райста, уыдæттæ», — бафæдзæхста Тускъайы-фырт.

Республикæйы финансон цæстдарды службæйы разамонæг Бдайциаты Аллæ цы фарстайыл æрдзырдта, уый баст уыдис «Паддзахадон æмæ муниципалон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ, куыстытæ æмæ лæггæдтæ кæныны къабазы бадзырдты фæткæй спайда кæныны тыххæй» федералон закъон æххæст кæнынимæ. Хъуамæ закъон куыд кусы, куыд дзы пайда кæнынц, уымæ уа финансон цæстдард. Хицауады Сæрдар куыд бафиппайдта, афтæмæй уый, æцæгæйдæр, тынг ахсджиаг фарста у, хауы æххæстгæнæг хицаудзинады æппæт оргæнтæм дæр. Кæд æмæ паддзахадон æмæ муниципалон нысаниуæджы æлхæнинæгтæ кæныны хъуыддаг хуыздæр æххæстгонд цæуы, уæддæр нырма бирæ æргътæ сагъæсы æфтауынц.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег æмбырды архайджыты базонгæ кодта, ардыгæй фæстæмæ граждæнтæй йæхи æхца радихкæнгæйæ цæрæнуæтты арæзтады чи архайы, уыдоны бартæ бахъахъхъæныны ног мадзæлттимæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй æппæт бæстæйы дæр ахæм хуызы чидæриддæр йæхицæн фатертæ саразыныл архайдта, уыдонæн сæ фылдæр хай сайды фесты. Ныронг закъонæвæрынады нæ уыдис комкоммæ мадзæлттæ, граждæнтимæ ахæм фæливæн митæ ма æруадзыны тыххæй. Ныр уыцы цаутæй хызт уыдзысты, уымæн æмæ Уæрæсейы 25 раззагдæр банктыл æвæрд æрцыд бæрнон хæстæ. Аразæг организаци йæ къухмæ æхца нал исдзæн, иууылдæр уыдзысты банкты хыгъдты, уырдыгæй дихгонд цæудзысты æппæт хæрдзтæн.

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Сохъуырты Альберт радзырдта, зымæгон уавæртæм цæттæ кæныны куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй. Уый ранымадта, алы муниципалон сконды дæр цавæр хъуыддæгтæ бакæнын хъæуы, фылдæр æргом цæмæ аздахын хъæуы, цавæр фæрæзтæ æмæ авналæнты хицау сты, уыдæтты тыххæй. Æдæппæт куыстытæн радих кодтой 260 милуаны æмæ 500 мин сомы. Уыдон сты коммуналон къабазы организациты, разамынддæттæг компаниты, хæдзæртты хицæутты æмбаладты, районты фæрæзтæ. Æмбырды ма равзæрстой æмæ сфидар кодтой æндæр ахсджиаг фарстатæ дæр.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here