Рустам ИБРАГИМОВ завод «Электроцинчы» цалцæггæнæнмеханикон цехы æндадзæг у. Скъолайы фарæстæм къласы фæстæ йæ царды дарддæры фæндаджы нывтæ йæхæдæг скарста: «Æндадзæг суыдзынæн, мæ дæсныйады сусæг фæзилæнтæ базондзынæн, мæгуырæй тас мын нæ уыдзæн».
Хуыйынæн арæхстдзинад хъæуы. Судзины бын æндах хуымæтæджы аласæн нæй. Рог фезмæлдæй æфсæйнагыл æфсæйнаг нæ баныхæсдзæн. Де ‘рмдзæф профессионалон стыр арæхстдзинадæй хъуамæ хицæн кæна. Рустаммæ уый ис. Куыстмæ хъæдын къухтæй не ‘вналы. Хъуыддагмæ баздæхыны агъоммæ иу цалдæр мадзалæн сæ нырыккондæр равзары.
Æддаг бакастæй цыфæнды куыст дæр йæ райдайæны адæймагмæ зын фæкæсы. Хæтæл цехы айфыццаг зынвадат ран ратыдта. Рустам асиныл æд кусæнгæрзтæ уыцы бæрзæндмæ схызтис. Бæргæ йæм баххæссыд, фæлæ, сынк хæстæг фахсыл сæвæргæйæ, æнæпайда рауадаид. Цыдæр нарæг бавналæн дзы равзæрста. Йæ хид авд къоппæй акалд.
Æндадзæгæн йæ куыст уæззау у. Хъару, зонд, фæразон уæвын æмæ дзы арæхстдзинад хъæуынц. Йæ къухтæй зынджы стъæлфæнтæ хауынц. Сынк æвæргæйæ, уæнгты æмхуызон сæр æмæ йæ сау кæсæнцæстытæ дæр фæкусынц.
Лæппу йæ граждайнаг хæс сæххæст кодта, æфсадæй сыздæхт. Йæхи фæлвæрдта алы рæтты, фæлæ йæ фæндыд йæ арæхстдзинадæй æххæстæй спайда кæнын. «Электроцинк»-мæ йæм куы фæдзырдтой, уæд æхсызгонæй сразы. Цалцæггæнæн-механикон цехы авналæнтæ уæрæх сты. Æндадзæгæн дзы, улæфты сахатæй дарддæр, æнцад абадынæн фадат æппындæр нæй. Иуæрдæм акæс — æмæ куыст, иннæрдыгæй дæр — афтæ. Сæ кæрон нæ зыны.
Рустамы бинонтæ æрхæссын хъæуы, æмæ, ныртæккæ цы мызд исы, уымæй чындзæхсæвы фаг рогæй бамбырд кæндзæн. Рустамы хуызæн лæппутæ бирæ рацыд Дзæуджыхъæуы 10-æм профессионалон-техникон училищейæ. Царды сын бирæ бантысæд!
ЦÆЛЛАГГАТЫ Раисæ, ДЗУЦЦАТЫ Къоста














