Куыстмæ бавнæлдтой

0
728

 

Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады уæлдæр ахуыргæнæндæтты рауагъдонтæй фондз æрыгон специалисты æрбаздæхтысты Цæгат Ирыстонмæ дарддæр службæ кæнынмæ.

Республикæмæ æрбаздæхæг афицертæй иу у Воронежы зынгсирвæзты ныхмæ паддзахадон службæйы институты рауагъдон Цæриаты Нугзар. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ дæр уый фæндыд адæмы ирвæзын кæнынимæ йæ цард сбæттын. 9-æм кълас каст фæуыны фæстæ лæппу дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы 5- æм училищемæ. Бæллæхон — ирвæзынгæнæн спортæй командæйы уæнг уæвгæйæ, ахуыргæнæндоны кад алыхуызон ерысты хъахъхъæдта. Фæстæдæр Нугзары сæвæрдтой амынд командæйы капитанæй. Цæриайы-фырты разамындæй командæ цалдæр хатты алыхуызон ерысты раззаг бынæттæ бацахста. Училище каст фæуыны фæстæ лæппу дарддæр ахуыр кæнынмæ бацыд амынд воронежаг институтмæ.

— Ахуырæй фæстæмæ институты бирæ цыдæртæ базыдтон. Фыццæгæм курсы мæ сæвæрдтой къорды командирæй. Ацы бынат адæймагæй домы бæрнондзинад æмæ æнæхиндзинад. Ахуыры рæстæг зынгхуыссынгæнæджы дæсныйады бирæ лыстæг фæзилæнтæ рахатыдтон. Ныртæккæ кусын фыццæгæм зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæг хайы хицауæй. Мæ фæлтæрдджын æмслужбæгæнджытимæ базонгæ дæн. Ацы хаймæ мæ службæ кæнынмæ кæй æрбарвыстой, уымæй райгонд дæн. Куысты хæстæ æнæлазæй æххæст кæныныл архайын, — загъта Цæриаты Нугзар.

Ацы аз Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады 6 уæлдæр ахуыргæнæндоны кастфæуæг 1650 адæймагæй 1240 дарддæр службæ кæндзысты зынгхуыссынгæнæг хæйтты. Æрыгон афицертæ ахуыргæнæндæтты ист биноныг зонындзинæдтæй парахатæй пайда кæнынц.

 САНАХЪОТЫ Иринæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here