Мыхуырæй рацыд журнал «Ногдзау»-ы ацы азы цыппæрæм номыр.
Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт, публицист, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Хъайтыхъты Азæмæты райгуырдыл сæххæст 95 азы.
Журналы ис йæ хуызистимæ йæ цыбыр биографи æмæ сфæлдыстады зонинæгтæ.
Рубрикæ «Журналы уазæг», зæгъгæ, уый бынмæ журналы уацхæссæг ныхас кæны, Турчы чи райгуырд, уыцы ирон чызг Мамсыраты Ирмæимæ — «Ирон адæймаг хъуамæ баззайа иронæй».
Рубрикæ «Бæрæгбæттæ»-йы бынмæ цыбырæй ныхас цæуы, Кæхцгæнæны бæрæгбон ирон адæммæ куыд кæнынц, уый тыххæй. Рубрикæ «Æгъдæуттæ»- йы бынмæ ныхас цæуы, кæрæдзийæн æххуыс кæныны æгъдау зиу нæм кæд æмæ куыд кодтой, уый фæдыл.
Хорз бакодтой, Дзæуджыхъæуы 38-æм астæуккаг скъолайы 7-æм къласы ахуырдзау Хозиты Агуындæйы æмдзæвгæ «Мадæлон æвзаг» æмæ Дигорайы 2-æм астæуккаг скъолайы фæндзæм къласы ахуырдзау Муриты Аллæйы æмдзæвгæ «Зæрбатукк» кæй ныммыхуыр кодта, уымæй. Журналы сты сæ къамтæ дæр. Уый сæ дыууæйæн дæр æмдзæвгæтæ фыссынмæ у разæнгардгæнæн хос.
Хидарыны æгъдауыл дзургæйæ, журналы ныхас цæуы «Сылгоймагæн цыт кæнын»-ы æгъдауы тыххæй.
Сывæллæтты бацымыдис кæндзæн Гæджынон-Хабæты Риммæйы ныхæстыл фыст зарæг «Айрæз, саби!» Музыкæ йын ныффыста Евгений Воложанин.
Сабиты зæрдæмæ фæцæудзæн таурæгъон æмбисонд «Мæгуырдзинад æмæ хъæздыгдзинад», аргъау «Хъазы цъиу», радзырд «Ехтуремæй рæсугъддæр фæткъуы», журналы «Базон-базонтæ», «Æмбисæндтæ».
Сывæллæтты зæрдæмæ фæцæудзæн журналы сканворд. Ис ма дзы æндæр æрмæджытæ дæр. Уыгæрдæн алыхуызон кæркæ-мæркæ дидинджытæй куыд фидауы, афтæ журналæн дæр ирд хуыз раттой йæ нывтæ. Нывгæнджытæ сты: Абайты Аркади, Айларты Владимир, Дзиуаты Земфирæ.
Журнал аразгæйæ сæ бахъуыдысты Астемыраты Изеты «Дзырдарынтæ», Айларты Михалы «Базон-базонтæ», Къорнаты Бекызæйы «Ирон æгъдæуттæ», Гæджынон-Хабæты Риммæ æмæ Евгений Воложанины «Арвæрдын. Ирон зарджытæ сывæллæттæн», Дзагуырты Губадийы «Дигорон адæмон дзурдтæ», Агънаты Гæстæны «Ирон æгъдæуттæ», Саламты Лидæйы «Русско-осетинскоанглийский”, картинный толковый словарь названий растений, «Русско-осетинско-английский картинный толковый словарь названий животных», сывæллæтты журнал «Барсик».
КУЫЦЫКТЫ Э














