Æмкъласонты фембæлд — музейы

0
708

 

Ирыстоны иузæрдион хъæбул, зындгонд æмæ курдиатджын скульптор Дзбойты Михалы 80 азы юбилейы кадæн Тугъанты Махарбеджы музейы æрæджы цы сæрмагонд равдыст байгом, уый фæдыл фыстой, дзырдтой æмæ æвдыстой дзыллон хабархæссæг фæрæзты, райста бирæ арфæтæ куыд нæ республикæйы, афтæ сыхаг регионты цæрджытæй дæр. Цалдæр боны размæ та, Хъарман-Сындзыхъæуы кæимæ ахуыр кодта, уыцы æмкъласонтæ алы рæттæй æрбамбырд сты музеймæ, цæмæй иумæ аргъ скæной æмæ бацин кæной сæ хæлары æнтыстытыл.

Æхсай азæй фылдæр рацыд, скъола каст куы фесты, уæдæй, фæлæ раст цыма уыцы бон знон уыд, сæхæдæг та æрыгæттæ фестадысты, уыйау зындис, фæрсæрдыгæй сæм чи каст, уыцы адæммæ. Фембæлд сын уыйбæрц арф æнкъарæнтæ æмæ æхцондзинад æрхаста æмæ, лæдзæджы æнцæйтты чи æрбацыд, уыдонæй сæ низтæ цыбыр рæстæгмæ ферох сты.

Скульпторы сфæлдыстадон хъару равдысты цы сæдæ куыстæй фылдæр æргом кæнынц, уыдонмæ дардæй кæсгæйæ дæр ирдæй бæрæг дарынц авторы патриотон æнкъарæнтæ, зæрдæйы сагъæстæ æмæ хъæздыгдзинад, йæ æгæрон уарзондзинад Ирыстонмæ, йæ уидæгтæм, цардмæ. Къултыл ауыгъд сты, Ирыстоны алы кæмттæ æмæ хъæуты цы монументалон скульптурон куыстытæ сæвæрдта, уыдоны къамтæ, тæрхæджытыл та — нывгæнæджы æрмадзæй дарддæр царды сæ бынат чи нæма ссардтой, уыцы скульптурон проекттæ.

Цы бæллиц дæм ис, зæгъгæ, йæ йе ‘мкъласонтæ куы бафарстой, уæд загъта, тæхуды, ацы равдысты мын цы скульптурон проекттæ ис, уыдон царды уагъд куы æрцæуиккой, æмæ мæ иннæ ног равдыстмæ та сæ бынатмæ ног куыстытæ саразын къухы куы бафтид. Дзбойты Михал йæ юбилейон равдыстæй ары дзæнæтыбадинаг Габпаты Иваны, Тедеты Павелы æмæ Таболты Солтанбеджы рухс нæмттæ.

— Мæ царды бирæ хорз адæймæгтыл фембæлдтæн. Фæлæ мæ уыдоны ‘хсæнæй рахицæн кæнын фæнды æртæ адæймаджы, уымæн æмæ мæ царды систы нысанхæссæг, — дзуры Михал йе ‘мкъласонтæн. — Æртыккаг къласы куы ахуыр кодтон, уæд мæ нæ колхозы сæрдар арвыста быдырмæ рæуæдтæ хизынмæ. Иу бон сæ доны былыл куыд хызтон, афтæ мæ Дыгуры районы райкомы секретарь Габпаты Иван рæуæдты нывтæ кæнгæ æрбаййæфта. Уыцы бонæй фæстæмæ раст цыма Хуыцауæй æрвыст уыд, афтæ аудыдта мæ дарддæры цардвæндагыл, кодта мын æххуыс.

Нывгæнæгæн йæ куыстытæ æлхæнæг куы нæ уа, уæд йæ фæндаг гуыргъахъ у. Тедеты Павел мын уыцы хъуыддаджы тынг æххуыс кодта. Мæ куыстытæ йæ зæрдæмæ цыдысты æмæ мæ уый разæнгард кодта. Уый руаджы фæзындысты ног куыстытæ. Сарæзта мын уавæртæ.

Таболты Солтанбеджы зæрдæмæ тынг цыд мæ куыст «Æфсати». Фæндыдис æй, цæмæй Хетæджы къохмæ скодтаин монументалон цыртдзæвæн, фæлæ нал бантыст. Афтæ рауад Хъамбердиаты Мысосты скульптурон проект дæр — æнхъæлмæ кæсы, сомбон Ирыстонæн Солтанбеджы лæггæдты чи бацæудзæн, ахæм гуырдмæ. Ныр дæр мæ куыстытæм куы фæкæсын, уæд мæхинымæр фæхъуыды кæнын, цыма ацы куыст Гаппаты Иван куы фенид, уæд цы зæгъид, йæ зæрдæмæ фæцæуид, Павел æмæ йæм Солтанбег исты фау æрхæссиккой? Афтæ равзæрстон, ацы равдысты цы куыстытæ ис, уыдон дæр. Уыдон мæнæн сты авторитеттæ! Ахæмты руаджы адæймагмæ цæуы цæрын, кусын, аразын, бæрзæндтæм хизын. Мæ юбилейон аз сæ разы сæххæст кодтон мæ граждайнаг хæс.

Æмкъласонтæ зæрдиагæй хъуыстой сæ хæлары зæгъинæгтæм, æрымысыдысты, се ‘взонгдзинады бонтæ иумæ кæм арвыстой, уыцы хъæубæстæ, сæ хистæрты, се ‘хсæнæй чи фæхъуыд, уыцы æмгæртты нæмттæ. Систой иумæ сæ къамтæ æмæ Сабырдзинады проспектмæ рахизгæйæ, кæрæдзийæн загътой: «Иннæ фембæлдмæ!»

ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here