Иры фарнхæссæг æмæ хъахъхъæнæг

0
434

 Цымæ куыд рауадаид ирон адæмы цардыуаг æмæ хъысмæт, стæй иннæ гыццыл адæмты хъысмæт дæр, Советон хицауад сын парахат дуæрттæ куы нæ байгом кодтаид рухс дунемæ, куы нæ сын скодтаид хъæугæ фадæттæ, алкæмæн дæр йæхи мадæлон æвзагыл мыхуыры фæрæзтæ уадзынæн, уæд? Æвæццæгæн, 17 æнусы æмæ ноджы раздæры дуджы талынг къуымты дзæгъæлтæ кодтаиккам. XVIII æнусы Уырысы паддзах Екатеринæ II Кавказы хæххон адæмтæм хуынды гæххæттытæ куы арвыста, уыдонимæ ирон адæммæ дæр, сæрмагондæй Куырттаты коммæ, уæд æппæт комбæсты уыцы «хъулон гæххæтт» чи бакастаид, ахæм лæг нæ разынд. Фæхастой йæ Наргоммæ Мамиаты Хъарадзаумæ. Уымæн уыцы «хъулон гæххæтт» кæсгæйæ йæ цæстыты бынтæ бауымæл сты. Куы йæ афарстой, цæмæн афтæ бакодтай, зæгъгæ, уæд æнкъард хуызæй загъта: «Нæ ирон адæмы æхсæн кæсын, фыссын чи зоны, уыдон тынг стæм сты, иугай лæгтæ, уый та нæ адæмы мæгуырдзинад æмæ æнамонддзинад у».

Царды талынг къуымтæй рахизын та æнæ мыхуыры фæрæзты æххуысæй зын нæ, фæлæ йын гæнæн дæр нæй. Ирон адæмы уыцы уæззау, æнамонддзинад чи æмбæрста, Хъарадзау æмæ Иуанейы хуызæн патриоттæ æмæ рухстауджытæ, сæ дуджы уавæртæм гæсгæ, уыдон архайдтой уыцы уавæр фæхуыздæр кæныныл. Фæлæ ацы ахсджиаг æмæ ва- зыгджын фарста лыггонд æрцыд æрмæстдæр Советон цардыуаджы фæрцы. Ирон адæм ахуырмæ зæрдæргъæвд кæй уыдысты рагæйдæр, уый сæ разæнгард кодта ног æнтыстытæм. Уый та ирдæй рабæрæг ирон адæмы уарзондæр æхсæнадон мыхуыры фæрæз, газет «Рæстдзинад»-ы фыццаг номыр куы фæзынд, уæд. Хуымæтæг, æнахуыргонд адæм се ‘ппæтдæр зæрдæйæ цин кодтой, стыр бæрæгбоныл æй банымадтой. Уыцы амондджын бонтæ ма æхсызгонæй æрымысынц, нæ кадджын, куырыхон хистæртæй ма абон хур кæуыл кæсы, уыдон.

Епхиты Миша — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты активон архайæг, Хъæдгæроны кадджын æмæ куырыхон 98-аздзыд хистæр арæх æрымысы: «1929 азы Зæрæмæджы авдазон скъолайы дыууæ къласы каст куы фæдæн, уæд мын мæ ахуыргæнæг æмæ скъолайы директор Хуырымты Батырбег (рухсаг уæд) бабар кодта, цæмæй мæ фыд Григолæн æмæ иннæ зæронд лæгтæн газет «Рæстдзинад» кæсон æмæ сын сæхицæн дæр гыццылгай дамгъæтæ амонон».

Батырбег æппынæдзухдæр йæ дæлармы хаста газет «Рæстдзинад» æмæ йæ парахат кодта æппæт Туалгомы цæрджыты ‘хсæн дæр. Йæхицæн рæстæг цас нæ фаг кодта, уым та æнцой кодта зæрдæргъæвд скъоладзаутыл.

Уæдæ æз мæхæдæг дæр хорз хъуыды кæнын, хæсты фæстæ азты-иу не скъолайы ахуыргæнджытæ сыхы зæрæдты иу хæдзармæ куыд æрæмбырд кодтой æмæ сын газет «Рæстдзинад» куыд кастысты æмæ сын сæхи дæр куыд ахуыр кодтой кæсын æмæ фыссын дæр, уый.

Мæхæдæг та газет «Рæстдзинад» кæсын байдыдтон ивгъуыд æнусы 50- æм азты. Мæ фыды ‘фсымæр Григолмæ (рухсаг уæд) ахуыргонддзинад уыдис дыууæ къласы, фæлæ абоны дипломджынтæй хуыздæр фыста цыфæнды хъуыддаджы гæххæтт дæр. Уæдæ «Рæстдзинад» æнæ рафысгæ та никуы фæци æмæ-иу æй мæнæн барæй кæсын кодта. Уæлдай тынгдæр та мын æй бауарзын кодта мæ ахуыргæнæг — Епхиты Миша.

Арæх-иу нын фæдзæхста: «Рæстдзинад» арæхдæр кæсут æмæ сымах дæр уацхæсджытæ суыдзыстут, зæгъгæ. Уыцы рæстæджы та, газеты редакцийы кусджытæ цыма зæххон адæм дæр не сты, афтæ-иу нæм каст, æппæт зонаг æмæ уынаг адæм. Мишайы фæдзæхст мæ сæрæй нæ хицæн кодта. 10-æм къласмæ куы бахызтæн, уæд иу хорз, хъазуатон кусæг лæ- джы тыххæй ныффыстон «Рæстдзинад»-мæ. Æнхъæл дæр нæ уыдтæн, фæлæ йæ ныммыхуыр кодтой. Газеты мæ мыггаг фыстæй куы ауыдтон, уæд мæ цинæн кæрон дæр нал уыди, ныхæстæй та зын зæгъæн у. Иу къуырийы бæрц уыцы газет мемæ скъоламæ фæхастон, искæмæ дæр æй равдисоны охыл, фæлæ йæ æвдисын дæр никæмæ уæндыдтæн, æфсæрмы кодтон. Æвæдза, «Рæстдзинад»-имæ баст æхсызгон мысинæгтæ цас зилдух кæны, цас, сæры магъзы. Цас фæрнджын æмæ цæстуарзон адæмимæ дзы базонгæ дæн лæгæй-лæгмæ: Хъесаты Валодя, Æлборты Хетæг, Цомайты Ростислав, Цгъойты Хазби, Черчесты Хъасболат, Багаты Аврам, Малиты Хасан, Абайты Эдуард, Цъебойты Сергей, Тыджыты Юри, Тепсыхъоты Зоя æмæ ма бирæ иннæ уæздан адæймæгтимæ.

Хетæг (рухсаг уæд) Горæтгæрон газетæй «Рæстдзинад»-мæ куы æрбаивта, уæд-иу æй арæх абæрæг кодтон. Хорз æй хъуыды кæнын, йе ‘рбацыды фыццаг бонты та мын «Рæстдзинад»-ы рацыд цавæрдæр уацхъуыд, æмæ Хетæг æппæлынмæ фæци, кæд дзы уадиссаг раппæлинаг ницы уыдис, уæддæр мæ разæнгард кодта: арæхдæр фысс, арæхдæр. Стæй мæ æнæнхъæлæджы афарста, дæхимæ куыд кæсы, иронау хуыздæр æмæ æнцондæрæн фыссыс æви уырыссагау, зæгъгæ. Нæ зонын, фæлæ, æвæццæгæн, иронау. Уæдæ уæд фысгæ кæн, мæнмæ сæ хæццæ кæн, дарддæр та — мæ бар. Афтæ арæхдæр цæуын байдыдтон «Рæстдзинад»-ы ре- дакцимæ, фæлæ-иу Хетæджы йæ кусæн уаты иунæгæй никуы æрбаййæфтон. Æппынæдзух 3-4 адæймаджы (йе ‘мкусджытæй) йæ алыварс æмбырдæй, хъæлдзæг ныхас æмæ худын мынæг нæ кодта. Хетæг цыргъзонд æмæ стыр юморы хицау уыд. Афтæ зæгъæн ис, æмæ редакцийы кусджытимæ лæгæй-лæгмæ базонгæ дæн Хетæджы кусæн уаты æмæ уый фæрцы.

Æмткæй райсгæйæ, «Рæстдзинад»-ы редакцийы кусджытæ иууылдæр æххуысмæ гæппæввонгæй цыма фæлæууынц, афтæ мæм касти æмæ кæсы абон дæр. Хетæджы фæстæ мын æмцеггæнæг уыди æмæ у Цгъойты Хазби. Цы æрмæг æм æрбахæссын, уым цы срастытæ кæны, уыцы сау фыстытæ мын фæстæмæ ратты. Æз мæ рæдыдтытæй хъæугæ хатдзæгтæ скæнын, цæмæй дыккаг хатт уыцы «халамæрзæныл» мауал ныллæууон.

Хасан та-иу мæ (рухсаг уæд) йе ‘рвад хуыдта. Ды, дам, «Л»-мæ иу къах бафтыдтай æмæ дзы Малиевы бæсты Мамиев рауади. Иу фæззыгон бон, Республикæйы бæрæгбоны агъоммæ мыл Хасан къæлидоры хæрхæмбæлд фæци æмæ мын афтæ: зонын æй, Мамиаты Хъарадзауы балцы тыххæй æрмæг æмбырд кæныс æмæ дзы газеты дæр фæхайджын кæн Республикæйы боны кадæн. Бацæттæ кодтон æрмæг, радтон сæ Хасанмæ, фæлæ, хъыгагæн, хъысмæт Хасанæн карз тæрхон рахаста æмæ нæ иумæйаг æрмæг дæр царды рухс нал федта. Иу хатт та Цъебойты Сергей мæн аххосæй, бæлвырддæр зæгъгæйæ та — чидæртæ лæмбынæг хъуыддаг нæ бамбаргæйæ, Сергейы масты хай бакодтой. Сергей уæд «Иры Стыр Ныхас»-ы æмцеггæнæг уыди, æз та уым ирон мыггæгты «Ныхас»-ы комитеты сæрдар уыдтæн. Ацы хатт нæхи мыггаджы «Ныхас»-ы куысты æнтыстдзинæдты тыххæй ныффыстон, чидæртæ йын йæ мидис кæронмæ æмæ раст нæ бамбæрстой æмæ дзы Сергейы мыггаг фыст кæй уыди, уымæ гæсгæ масты хай фæци æнаххосæй, йæ сæрæн ницы зонгæйæ. Мысинæгтæ бирæ, се ‘ппæт дзырд кæд фæуыдзысты, фæлæ уыдонæй фылдæр та сагъæссаг æмæ лыггæнинаг фарстатæ мæн тынгдæр мæты æфтауынц, нæ иунæг ирон газет «Рæстдзинад»-ы тираж афæдзæй-афæдзмæ къаддæргæнгæ кæй цæуы, нæ ирон адæм æм фаг æргом кæй не здахынц. Ау, 1923 азы ирон адæмы уæды фæлтæр æмæ абоны фæлтæр иу адæмы байзæддæгтæ не сты? Фыццаг фæлтæр ын куывдтæ кодтой йæ «райгуырды» тыххæй, даргъ цæрæнбон ын балæвар кодтой, мах та йæ ныр кардзыдæй бахъахъхъæнын дæр нæ фæразæм. Æз мæхæдæг бирæтæн бауайдзæф кæнын, ирон газет кæй нæ фыссынц, уый тыххæй. Кæмæдæрты бахъары мæ уайдзæф æмæ рафыссынц «Рæстдзинад», кæмæндæр та иу хъусы бахизы æмæ иннæ хъусæй рахизы, хъазыл дон бакалæгау. Иутæ та мын фæзæгъынц: «Рæстдзинад»-ы цымыдисагæй ницы ис, зæгъгæ. О, гормонтæ, фысгæ йæ куы нæ ракæнай, кæсгæ йæ куы нæ кæнай, уæд ын йæ хорзæн дæр æмæ йе ‘взæрæн дæр дæхи аргъгæнæг куыд кæныс? Рафысс æй, кæс æй, æмæ йæм дæ хъуыдытæ, дæ фиппаинæгтæ дæр ныффысс. Дзуапп æнæмæнг кæй райсдзынæ, ууыл дызæрдыг мачи кæнæд. Ныр, дзæнæты бадинаг Шамилы загъдау, бæрæгбон арфæтæй фидауы. Газет «Рæстдзинад»-æн йæ 95 азы юбилейы фæдыл æз дæр зæрдиаг арфæтæ кæнын йæ фидар, æмзонд, æмдых коллективæн. 95 азы 95 боны не сты. Уый æнус гыццылхъуаг у. Дæргъвæтин æмæ гуыргъахъ фæндæгтыл фæцыд «Рæстдзинад», адæмыл рæстдзинад таугæйæ. Бирæ алыхуызон цæлхдурты сæрты йæ бахъуыд хизын æмæ-иу ахызт сæ сæрты æмæ та дарддæр йæ царды куыст кæны. «Рæстдзинад»-ы абоны редакцийы коллективы раз та сæвзæрд рæстæгимæ баст цæлхдуртæ. Уый стыр æмæ тæссаг цæлхдур у, йæ тираж къаддæргæнгæ кæй цæуы, уыцы цæлхдур. Фæлæ абон «Рæстдзинад»-ы редакцийы цы æрыгон æмкусджыты къорд æрбамбырд кодта йæ сæйраг редактор Битарты Маринæ, уыдон куыстхъом сты, сæ фыссæн сис раст хахх кæнынмæ арæхсы. Газеты сæйраг редактор кæд йæхæдæгдæр æрыгон у, уæддæр æм ис фаг фæлтæрддзинад æмæ йе ‘мкусджыты зонд æмæ хъарутæ аразы раст фæндагыл. Пырхытæй цы дон цæуы, уый иу куыройы нукмæ саразгæйæ, куыройы тых фылдæр кæны æмæ йын уæд ссын дæр фылдæр æнтысы. Кæд æрыгон фæлтæрæн, мыййаг, царды æмæ куысты фæлтæрддзинад фаг нæ кæна, уæддæр сæ фарсмæ ис куырыхон хистæртæ, сæ сæргъы Цгъойты Хазби, кæцытæ сæ фæлтæрддзинад никуы бахæлæг кодтой æмæ кæндзысты кæстæртæн. Газет «Рæстдзинад» 95 азы дæргъы хъахъхъæны нæ ирон æвзаг, æгъдау, фарн æмæ намыс. Абоны фæлдурæджджын дуджы уыцы стыр хæзнатæм хъæуы ноджы фылдæр æргом аздахын. Редакцийы абоны кусджытæ, Битарон сæ сæргъы, афтæмæй иузæрдионæй арфæйаг лæггад кæнынц нæ ирон адæмæн. Уæлдæр ранымад ирон адæмы хæзнатæ, хъахъхъæнгæ нæ, фæлæ ма сын сæ «бæркадыл» дæр кæй бафтаудзысты, ууыл æз дызæрдыг нæ кæнын. Бантысæд уын уæ хистæртæй фылдæр æмæ рæсугъддæр хъуыддæгтæ. Лæппу йæ фыдæй, чызг йæ мадæй хуыздæргæнгæ куы нæ цæуой, уæд цард къуылымпы кæны. Нæ редакцийы кусджыты та Хуыцау къуылымпы кæнын нæ бауадздзæн. Мæ уарзон ирон адæм, газет «Рæстдзинад» ирон адæмон газет у. Æмæ æмдых, æмзондæй йæ алыварс æрбалæууæм, æрмæст редакцийы кусджыты æвджид æй ма ныууадзæм. Иудзинады стыр тых ис, хох дæр нæ фæлæудзæн йæ ныхмæ.

МАМИАТЫ Таймураз, «Рæстдзинад»-ы æхсæнадон уацхæссæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here