Ирыстон райгонд кæмæй у, уыцы фæллойгæнджытæ

0
465

 

 

Ахуыргæндтæ арæхæй-арæхдæр дзурынц цыппæрæм техникон революцийы тыххæй. Ома, дам, адæймаджы рæхджы бирæ рæтты баивдзæн æрхъуыдыгонд интеллект — сæ бæсты хъуыддæгтæ æххæст кæндзысты роботтæ. Æвæццæгæн, уыцы заман дæр скæндзæн, фæлæ ахæм дæсныйæдтæ ис, æмæ дзы æнæ адæймаджы къухвæллойæ ницы рауайдзæн. Цавæр робот балæудзæн хæдзæрттæ, скъолатæ, рæвдауæндæттæ аразыныл?! Æнæмæнг, сæдæ азы размæ аразæг цы арæхстдзинæдтæ æмæ авналæнты хицау уыдис, уыдон нырыккон дуджы нал бæззынц. Фæлæ раздæрау аразæг, бетонзмæнтæг, æндадзæг сты ахсджиаг дæсныйæдтæ, уыцы арфæйаг куыст чи кæны, уыдонæн адæмы ‘хсæн ис уæлдай кад.

Нæ республикæйы Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад йæ размæ æвæры ахъаззаг нысантæ. Аразæджы профессионалон бæрæгбон куыд нæ хъуамæ афæлгæсæм, сæдæгай æмæ сæдæгай адæймæгтæ цы къабазы кусынц, уый архайдыл. Мах æппынæдзух нæ газеткæсджыты зонгæ кæнæм, республикæйы цы социалон объекттæ арæзт цæуы, уыдонимæ. Бирæ азты дæргъы тарниз дзæбæхгæнæн рынчындоны æдзæллаг уавæр тыхсын кодта медицинон кусджыты, рынчынты, сæ хиуæтты. Цæмæй Хуссайраг поселочы диспансер саразыны нысан ногæй арæзтадон пъланмæ хаст æрцæуа, уый тыххæй нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы дæргъвæтин рæстæг бахъуыд федералон чиновниктыл зилын

Абон арæзтад йæ тыхы бацыд, диспансеры бынæттæ уыдзæн 276 рынчынæн, поликлиникæ та бонмæ лæггад кæндзæн 250 адæймагæн. Кировы районы Елхоты хъæуы куыст цæуы 360 ахуырдзауæн ног скъолайы арæзтадыл. Уæрæсейы Президенты 2012 азы майы ист Указтæ куыд амонынц, афтæмæй хъуамæ фылдæргæнгæ цæуой рæвдауæндæттæ, рады цы сабитæ лæууынц, уыдонæн æвæстиатæй аразын хъæуы бынæттæ. Уæдæй нырмæ хъуыддагыл архайынц, кæм ма бæстыхæйттæм бафтауынц ног арæзт уæттæ, кæм та бындурон цалцæджы ‘руаджы уавæр банывыл кæнынц. Сæйрагдæр та уый у, æмæ нæ республикæйæн æнтысы ног рæвдауæндæттæ аразын. Ныридæгæн сæхиуыл схæцыдысты цыппар ног рæвдауæндоны, Беcлæны — дыууæ, Алагиры æмæ Æрæфы районы хъæу Советскоейы фæйнæ рæвдауæндоны. Алкæйдæр дзы уыдзæн фæйнæ 120 бынаты. Уæдæ Дзæуджыхъæуы 18-æм микрорайоны дæр куыст цæуы, 280 бынаты кæм уыдзæн, ахæм рæвдауæндоныл.

Хъуыддæгтæ куыд æнтысынц, уымæ министрадæй уæлдай сæ хъус дарынц хицаудзинады æндæр оргæнтæ дæр, районты разамынд. Хъуамæ ацы бынæттæ уарзон суой нæ сабитæн, аразджытæ зæрдиагæй æххæст кæнынц сæ хæстæ, æппæт уавæртæ дæр кæнынц. Ахсджиагыл банымайæн ис Дзæуджыхъæуы 12-æм микрорайоны 550 ахуырдзауæн ног скъолайы арæзтад дæр. Уæдæ 27-æм скъола куыд рацарæзтой, зæххæнкъуыcтытæй бахизыны охыл æй бындуронæй куыд бафидæрттæ кодтой, уый йæхæдæг диссаг у. Фыццæгæм сентябры йæм йæ ахуырдзаутæ куы ‘рбацæуой, уæд сæ уарзон скъола нал базондзысты. Æвæццæгæн сын урокты сæ ахуыргæнджытæ бæстон радзурдзысты, аразджытæ куыд зæрдиагæй архайдтой, уый тыххæй. Афтæмæй сывæллæттæ базондзысты фæллойгæнæгæн аргъ кæнын.

Нæ республикæ архайы алыхуызон паддзахадон программæты. Уыдоны фæрцы цæрæнуæттæ райсынц, кæнæ сæ уавæртæ фæхуыздæр кæнынц граждæнты алы категоритæ. Ирыстоны социалон-экономикон ивддзинæдтæм йæ хъус чи дары, уыдон хъуыды кæндзысты, сæ цæрæнбынæттæ æнæбары чи ныууагъта, уыдонæн сертификаттæ дих кæнынимæ цы уæззау уавæр сæвзæрдис, уый. Азмæ-иу нæм кæд иунæг сертификат æрæрвыстой, уæд хорз. Дыууæ азмæ уавæр цæхгæр аивта, æнхъæлмæ чи кæсы, уыдонæн сæ ныфс фæфидардæр.

Сертификатты нымæц сæдæмæ дæр схæццæ вæййы. Алцыдæр конд цæуы æргомæй, адæмæн æппæт ивддзинæдтæ дæр æмбарын кæнынц. Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады кусджытæ цæттæ сты адæмимæ æмбæлынмæ. Сертификаттæм ма æнхъæлмæ кæсынц Фыдыбæстæйы Стыр хæcты ветерантæ, кæнæ, тохы быдырæй чи нал сыздæхт, уыдоны идæдзтæ, инвалидтæ, сывæллон-инвалид цы бинонты ис, уыдон, хæцгæ низæй рынчын граждæнтæ, хæстон цауты архайджытæ æмæ æндæртæ. Ацы азы æхсæз мæймæ Цæгат Ирыстоны цæрæнуæттæ арæзт æрцыд 99832 квадратон метры, уый, ивгъуыд азы ахæм æмгъуыдимæ абаргæйæ, у 116,5 проценты. Федералон æмвæзады дæр се ‘ргом аздæхтой, хи æхца бавæргæйæ, фатерты арæзтады чи архайдта, сайды чи фæцис, уыцы граждæнты уавæртæм. Суанг закъонæвæрынады фæрцы гæрæнтæ æвæрд цæуы цæстфæлдахæг арæзтадон организацитæн. Нæ республикæйы дæр уыцы фæливæг аразджыты азары бирæтæ бахаудысты, хыгъды ис 446 адæймаджы. Бирæ азты размæ аразын кæй райдыдтой æмæ æрдæгкондæй кæй ныууагътой, ахæм объекттæ Ирыстоны ис аст. Ахæмтæ дæр дзы разындзæн, æмæ дыууын фондз азы æнæбавнæлдæй чи лæууы, æнæхицау бынат куыддæриддæр вæййы, афтæ хæлынц. Республикæйы разамынд, фатертæм чи æнхъæлмæ кæсы, уыдоны уавæр равзаргæйæ, мадзæлттæ аразы, цæмæй хъуыддаг йæ бынатæй сæнкъуыса. Хъесайы-фырты уынджы 41/2 хæдзары уал куыстытæ цæуынц.

Алы ног фатер, рæвдауæндон, спортивон зал, клуб сæ фæзындæй адæмы зæрдæты цин æмæ ныфс бауадзынц, фæзыны фадæттæ рæстæг рæсугъдæй æрвитынæн. Бынтондæр та — хъæуты. Цыбыр æмгъуыдмæ хъæуты спортивон залтæ, рæвдауæндæттæ, клубтæ арæзт кæй æрцыд, уымæй адæмы социалон уавæр фæфидардæр.

Æнæмæнг, алы хъуыддаг, ракæнд, суанг иунæг сертификат фылдæр райсын дæр домы æнæрынцой архайд хицаудзинады оргæнты ‘рдыгæй. Кабинеты бадгæйæ, рæсугъд ныхæсты фæстæ æмбæхсгæйæ, иунæг фарста дæр лыггонд не ‘рцæудзæн. Ныронг уал Хицауад сæ размæ цы вазыгджын нысантæ сæвæрдта, уыдонмæ фæндагæй иуварс нæ хизы. Сусæггаг нæу, стыр уæз æмæ бæрн æвæрд ис Арæзтад æмæ архитектурæйы министрадыл, йæ сæргъы Икъаты Русланбег, афтæмæй. Уыцы ахаст æмбарынц, объекттæ аразыны хæс æвæрд кæуыл ис, уыцы организацитæ дæр. Чи сæ цас бæстондæрæй кусы, æмгъуыдтæ, домæнтæ афойнадыл, бæрзонд æмвæзадыл чи æххæст кæны, уыдон сты Ирыстоны арæзтадон къабазы бындур. Уыцы организациты хъомыс та сты æнæхин, дæсны, фæлтæрдджын кусæг адæм. Ирыстон сæрыстыр æмæ райгонд кæмæй у, уыцы фæллойгæнæг адæм.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here