Къостайы номыл премийы уагæвæрд хæлд цæмæн цæуы?

0
577

 

Советон цардарæзты рæстæг Цæгат Ирыстоны АССР-йы разамынды хъæппæрисæй 1964 азы нысангонд æрцыд ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, поэт, фыссæг, драматург, публицист, рухстауæг, Иры номдзыд хъæбул Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми. Уæдæй абонмæ ацы кадджын хорзæх лæвæрд цæуы, литературæйы, аивады, зонады къабæзты йæ дзыллæйæн стырдæр хæрзты чи бацæуы, уыцы фысджытæн, поэттæн, ахуыргæндтæн, музыканттæн æмæ нывгæнджытæн.

Нырмæ Къостайы номыл преми чи райста, академик Абайты Васойæ райдай æмæ зындгонд кинорежиссер Туаты Теминæйæ фæу, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдысты æмæ сты уыцы хорзæхы аккаг. Фæлæ, хъыгагæн, се ‘хсæн ис, цæрæнбонты иронау иу дзырд дæр чи никуы ныффыста, мадæлон æвзагыл æрвæсгæ дæр чи нæ кодта æмæ кæны, фæлæ уыцы хорзæхы аккаг къамисы уæнгтæ кæй скодтой, ахæмтæ дæр. Афтæмæй та, уагæвæрд куыд амоны, уымæ гæсгæ преми хъуамæ лæвæрд цæуа, национ культурæйы рæзтыл цы уацмыстæ ахадынц, нæ фарныл нын фарн чи æфтауы, уыцы авторы, архайджыты удвæллойæн. Ахæмтæ нæм раздæр дæр уыдис æмæ ныр дæр ис. Уыдонæй сæрыстырæй зæрдыл æрлæууынц номдзыд уырыссаг фыссæг, Социалистон Фæллойы Хъæбатыр Николай Тихонов, номдзыд поэт Расул Гамзатов, номдзыд историктæ Жорж Дюмезиль (саккаг ын æй кодтой йæ амæлæты фæстæ), Владимир Кузнецов, Дудараты Вероникæ.

Иу аз афтæ дæр рауад, æмæ премимæ йæ публицистон уацты чиныг балæвæрдта нæ зындгонд поэттæй иу. Къамис хъæлæс кæныны уагмæ куы æрцыд, уæд йæ уæнгтæй иу афтæ бакодта: «Радтæм ацы хорзæх нæ зындгонд поэтæн, æмæ йæм премийæ цы æхца æрбафта, уымæй йæ бирæ æмдзæвгæтæ чиныгæй уæддæр рауадза». Раст цыма хæрзаудæн фонды æхца дих кодтой… Уыцы зындгонд поэтæн преми афтæ дæр радтой, æрмæст дзы иу чиныг дæр нал рауагъта, цардæй ахицæн.

Нæ аивадæн УФ-йы адæмон артисткæ, номдзыд зарæггæнæг Билаонты Долорес диссаджы хæрзты бацыд — ирон профессионалон оперон театры бындурæвæрджытæй иу, нæ ирон композиторты оперæты æмæ опереттæты се ‘ппæты дæр архайдта куыд сæйраг партитæ зарæггæнæг. Долоресы номимæ баст у ирон аивады рæзты æнæхъæн дуг. Æмæ куыд нæ уыд уый Къостайы номыл премийы аккаг, фæлæ йæ рæстæджы ууыл ничи батыхст.

Уæддæр, Хуыцау хорз, æмæ ацы хорзæх райсынмæ ацы аз къамисмæ кæй балæвæрдтой нæ иннæ номдзыд зарæггæнæг, УФ-йы адæмон артист Бæцæзаты Юрийы. Фæндзай азы фæкуыста Юри дæллаг галау ирон профессионалон музыкалон аивады рæзтыл. Номдзыд ирон композитор Плиты Христофоры оперæ «Къоста»-йы генион поэты фæлгонц нæ Оперæ æмæ балеты театры сценæйы фыццагдæр Юри сарæзта. Фæлæ æрæджиауы хорзæх дæр хорзæх у. Æмæ йæ Юри кæй райсдзæн, ууыл нæ зæрдæ дарæм. Уæлдæр куыд загътам, афтæмæй Къостайы номыл премимæ хъуамæ лæвæрд цæуой (йæ уагæвæрд афтæ амоны) оригиналон уацмыстæ. Ацы аз та йæм балæвæрдæуыд тæлмацгонд уацмыс дæр. Нæ нымадæй, уый раст нæу. Тæлмац дæр сфæлдыстадон куыст у, бирæ тыхтæ домы тæлмацгæнæгæй. Фæлæ премийы уагæвæрд халын дæр цас раст у! Дыууæ Иры тæлмац кæныны хъуыддаджы æмбисонд Плиты Грис æмæ Джусойты Нафи уыдысты. Ирон æвзагмæ раивтой дунеон, уырыссаг æмæ советон литературæйы уацмыстæй æнæхъæн томтæ, фæлæ сæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыд Къостайы премимæ сæ удвæллой бавдисын. Зæгъæм, Плиты Грис Къостайы номыл преми райста 1995 азы йе ‘мдзæвгæты чиныг «Атакæ»-йы тыххæй. Уæд абон цас сæрмæхæссинаг у тæлмацгонд радзырды тыххæй Къостайы преми домын? Цалдæр азы размæ нæ интеллигенцийы минæвæрттæй чидæртæ афтæ дæр дзырдтой, ома, ирон æвзагмæ хуыздæр поэтикон, прозаикон æмæ драматургион уацмысты тæлмацгæнджыты хуыздæр куыстытæн аргъ кæныны тыххæй снысан кæнæм Плиты Грисы номыл паддзахадон преми. Фæлæ сæ ныхæстæ ныхæстæй баззадысты, хъуыддаджы сой сæ нæ ратагъд. Æндæр ацы фæндон царды рауадзын бæргæ æмбæлд!

Къостайы номыл премийыл сфæлдыстадон ерысы бацæуын, уый дæр стыр сгуыхтдзинад у, фæлæ номинанттæй хъуамæ алчидæр æмбара, цы бæрнон хъуыддаджы бацыд, уый. Хъуамæ йæм уа æфсарм йæхи, нæ дзыллæйы æмæ Къостайы номы раз. Æндæр, йæ рæстæджы дзæнæты бадинаг Джыккайты Шамил куыд загъта, тагъд, зæгъы, Къостайы премийы къамисмæ скъоладзауты сочиненитæ дæр бавдисдзысты.

Кад кургæйæ нæу, æмæ Къостайы номыл кадджын паддзахадон хорзæхæй базар кæнын нæ хъæуы. Сæрыстыр уæвæн дзы ис, мæнмæ гæсгæ, алы лауреатæн дæр, фæлæ сæ хъуамæ алчидæр æмбара, цы хæс ыл æвæрд ис, уый.

Къамисы уæнгтæ раст уынаффæтæ кæй бакæндзысты, æмæ преми аккагдæртæм кæй æрхаудзæн, уый нæ уырны!

 САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here