ТУСКЪАТЫ Таймураз: «Куыстыты цыдæй разы дæн»

0
511

 

— Хицауадæн йæ хæс у Дзæуджыхъæуы, республикæйы районты центрты æмæ чысыл хъæуты чи цæры, уыцы адæмы царды уавæртæ хуыздæр кæнын. Уый тыххæй 2017 азы дæр, ацы аз дæр федералон нысанмæарæзт программæтæм гæсгæ республикæйы алы рæтты аразæм æмæ бындурон цалцæг кæнæм алыхуызон социалон объекттæ. Фидæнмæ дæр нæ размæ æвæрæм 12 национ проекты æххæст кæныны фæлгæты ноджы егъаудæр æмæ бæрнондæр хæстæ. Республикæ размæ чи ракæндзæн, уыцы проекттæ баст сты æнæниздзинад хъахъхъæнынадимæ, ахуырадимæ, культурæимæ, цæрæнуæттæ аразынимæ, горæты цæрджытæн æнцонвадат уавæртæ аразынимæ, фæндæгты арæзтадимæ, чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады райрæзтимæ æмæ царды æндæр ахсджиагдæр къабæзтимæ. Уыдон æххæст кæнгæйæ нын ныридæгæн дæр бантыст бирæ, æмæ дарддæр дæр æфтдзæн, уымæн æмæ хицаудзинады æххæстгæнæг оргæнтæ æмæ муниципалон скондтæн сæ иумæйаг архайд ууыл у. Абоны балцæй та дæн разы», — афтæ радзырдта Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз, республикæйы алы районты объектты куыстытæ куыд цæуынц, уый сбæрæг кæныны фæстæ.

Ацы аз æмæ 2019 азы йæ хуыз бынтондæр аивдзæн Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл центрон фæлладуадзæн парк. Йæ фæзуатæй йын ныртæккæ сæ нысанмæ гæсгæ пайдагонд кæмæй нæ цæуы, уыцы ран фæзындзысты бадминтонæй хъазынæн, стæй гимнастикæйæ архайынæн фæзтæ æмæ цад. Дон æм цæудзæн Теркæй нæ, фæлæ, паркæн йæхи мидæг цы донцъирæн ис, уырдыгæй. Парк ныртæккæ фыдуынд чи кæны, ахæм базаргæнæн бынæттæ æмæ бæстыхæйттæ хæлд æрцæудзысты æмæ уымыты ныссадздзысты чеса бæлæстæ (самшит), æндæр стæм зайæгойтæ. Уæвгæ, паркæн йæ фæлыст бынтондæр цъæх фестдзæн, асфальт æмæ дзы бетон та æппындæр нал уыдзæн. Парчы реконструкцигæнæн куыстытæ аразгæйæ, фыццаджыдæр, каст цæудзæн паркæн йæ рагон историон хуыз бахъахъхъæнынмæ, стæй канд уымæ нæ, фæлæ ма ныридæгæн сæфт чи æрцыд, йæ уыцы раздæры бакаст æмæ зæлдфæлыст фæстæмæ раздахынмæ. Парчы реконструкцийы пълан сарæзта æмæ куыстытæ æххæст кæндзæн архитектурон фирмæ «Стиль» (йæ разамонæг архитектор Олег Припутнев). Ныртæккæ парчы æххæстгонд цæуы куыстытæн сæ фыццаградон хай, уыдон сты зæхкуыстытæ, стæй ма ивд цæуынц Теркæн гæрæнтæ 500 метры хиды онг. Ацы аз æххæстгонд чи æрцæудзæн, уыцы куыстытæн сæ аргъ у 70 милуан сомы.

Реконструкцигæнæн куыстытæ цæуынц зæрæдты хæдзар-интернат «Забота»- йы бæстыхæйттæй иуы дæр. Куыстытæ æххæстгæнæг организацийы минæвар куыд фехъусын кодта, афтæмæй объекты æрвылбон кусы 50 адæймаджы бæрц. Иурæстæг ацы ран куыстытæ цыдысты къуылымпытимæ, фæлæ фæстаг мæй æмæ æрдæджы фæтагъддæр сты. Тускъаты Таймураз ацы ран бафиппайдта, куыстытæ кæй хъæуы ноджы фæтагъддæр кæнын, се ‘мгъуыдæй фæсте цæмæй ма баззайой, стæй, уыимæ, сæ хæрзхъæддзинадмæ фау æрхæссæн куыд нæ уа, афтæ. Куыстытæн сæ кæройнаг æмгъуыд у ацы азы ноябрь.

Алагиры районы Црауы арæзт цæуы, йæ фæзуат 122 гектары кæмæн у, ахæм дыргъдон, стæй ма, 5 тоннæйы дыргътæ дарæн кæм уыдзæн, ахæм бæстыхай. Хъуыддагыл дзуапдæттæг æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Владка»-йы генералон директор Владимир Печеный куыд радзырдта, афтæмæй дыргъдоны проект арæзт æрцыд итайлаг технологитæм гæсгæ, æмæ йæ бындур суыдзысты, зымæджы уазæлттæй чи нæ тæрсы, ахæм фæткъуы, бал, чылауи, курага æмæ алтъами бæлæстæ.

Ныр фидарæй зæгъæн ис, æмæ кæронмæ кæй фæхæццæ кæны Фыййагдоны егъау туристон комплексы арæзтад. Подрядон организацийы минæвар куыд загъта, афтæмæй ныридæгæн æххæстгонд æрцыд æппæт куыстытæн сæ 80 проценты. Мозаикон дурæй арæзт 25 метры дæргъæн бассейн, сæрмагонд электрон тыхдæттæн, иннæ ифтонггæрзтæ — алцыдæр у цæттæ, æмæ афæдзы кæронмæ комплекс лæггад кæнын райдайдзæн фæлладуадзджытæн.

Бындурон цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Фыййагдоны, Ногиры 2-æм æмæ Мичурины астæуккаг скъолаты спортивон залты. Æмæ куыстытæн сæ цыд иухуызон кæд нæу, уæддæр се ‘мгъуыдтæй иунæг дæр фæсте нæ зайы, æхцайæ дæр къуылымпы не ‘ййафынц. Ног ахуыры азмæ цæттæ кæй уыдзысты, уый гуырысхойаг нæу.

Æрæфы районы Советскоейы поселочы арæзт цæуы 12-фатерон дыууæуæладзыгон хæдзар. Уым æрцæрдзысты, ныртæккæ кæлæддзаг хæдзæртты чи цæры, цыколайаг 10 ахæм бинонтæ. Цæрæнуæттыкоммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Сохъырты Альберт куыд радзырдта, афтæмæй, куыстытæ кæд хæрзæрæджы райдыдтой, уæддæр арæзтады бирæ рæстæг нæ бахъæудзæн, æмæ ацы аз декабры цæрджытæ балидздзысты сæ ног цæрæн бынæттæм. Ног арæзтады аргъ у 485 милуан сомы.

Йæ кусæг балцæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй, цы объекттæ бабæрæг кодта, уыдоны алы ран дæр куыстытæ цæуынц се ‘мгъуыдтæм гæсгæ, нæдæр æхцайæ, нæдæр æндæр хъуыддагæй къуылымпы нæ кæнынц.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here