«Дохтыры дæсныйад — мæ цардвæндаг»

0
542

 

Базонгæ ут: ЧЕТИТЫ Алан, Цæгат Ирыстоны медицинон академийы клиникон рынчындоны хирургийы хайады дохтыр. Йæ фыды ныстуан «Адæмы арфæты аккаг дохтыр дæ рауайæд!» Алан ныхъхъуыды кодта, йæ цард сбаста медицинæимæ, рынчынæн æххуыс кæнын нымайы йе стыр хæсыл.

Уæздан, æгъдауылхæст ныййарджыты къухы чи схъомыл уа,уыцы кæстæртæн æвзæрæй тас нæу. Мад æмæ фыд сæ сабиты хастой сыгъдæгзæрдæ фæллойæ. Гуырдзиаг-ирон быцæу куы райдыдта, уæд Четиты бинонтæ Хъаспы районæй Ирыстонмæ ралыгъдысты. Камбилеевкæйы хъæуы куы æрцардысты, уæд цоты кæстæр Аланыл æрмæст æхсæз азы цыдис. Йæ фыд Нодармæ цы чысыл мулк уыд, уый сфаг иу æрдæгконд хæдзар балхæнынæн. Фæлæ æнгом, куыстуарзаг бинонтыл цард хæцы, алцыдæр сын бантысдзæн.

“Хæстон лæг уыд мæ фыды фыд Амиран, хъаруджын, стæй сыгъзæрин къухты хицау. Хъæдæй-иу диссаджы хæдзары дзаумæттæ скодта, стæй дæсны амайæг дæр уыдис. Нæ мад æмæ нæ фыд куыстой колхозы. Æртæ æфсымæрæй махæн дæр фæллой бауарзын кодтой, царды раст фæндагыл нæ сæвæрдтой. Уый тыххæй абон бузныг дæн мæ ныййарджытæй», — зæгъы Алан. Дохтыры дæсныйад куыд æмæ цæмæн равзæрстай, зæгъгæ, куы бафарстон, уæд радта ахæм дзуапп: «Мæ фыдæн йæхи бæллиц уыд дохтыр суæвын, фæлæ йæ къухы нæ бафтыд æмæ уæд мæн дæр æмæ мæ хистæр æфсымæр Ревазы дæр медицинон академимæ ахуырмæ радта. Мæ равзæрст дæсныйад бирæ уарзын, фæсмойнаг дзы никуы уыдзынæн. Дзæуджыхъæуы цыппар азы сахуыр кодтон, стæй раивтон Саратовы Æфсæддонмедицинон институтмæ, фæндыд мæ æфсæддон хирург суæвын æмæ та уым дæр æртæ азы сахуыр кодтон. Ирыстонæй дард ран уæвгæйæ, тынгдæр банкъардтон, куыд зынаргъ у фыдæлты зæхх, бинонты хъармдзинад».

Æрыгон дохтырæн йæ диплом йæ къухы, афтæмæй йын гæнæнтæ куыд нæ уыд, фæлæ равзæрста æппæты зындæр æмæ тæссагдæр куыст. Оперативон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы батальоны медицинон службæйы хицауæй Цæцæны бакуыста дыууæ азы. Йæ бæрны уыд мин æфсæддоны, уыдонæн, бахъуаджы рæстæг баххуыс кæнын æмæ сæ госпитальмæ фæхæццæ кæнын уыд æфсæддон дохтыры хæс. Йæ сæрмæ хатгай знаджы нæмгуытæ тахтысты, уæддæр размæ цыд ирон лæппу. Кæцыфæнды рынчындоны кусгæйæ (куыста Новороссийскы, Мæскуыйы) дæр-иу Алан райста бирæ арфæйы ныхæстæ, æмæ йыл-иу уыдон ныфсы базыртæ басагътой. Бирæ хорз ахуыргæнджытæ уыд Четийы-фыртæн, фæлæ хирургæн хъæугæ фылдæр миниуджытæ райста Хъуылчиты Æхсарбегæй. «Ординатурæйы мæ ахуыргæнæг уыд, кæуылты у йæ кад Ирыстоны медицинæйы, бирæ зонындзинæдтæ мын радта цæстуарзон хистæр, мæ дарддæры профессионалон рæзты мæнæн стыр ахъаз фæци. «Дохтыры уæлæдарæсæн аргъ кæнут», — ахуыр нæ кодта профессор, æмæ йын йæ ныхас æххæст кæнын», — зæгъы Четийы-фырт.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, кусын райдыдта диссаджы æнгом, куыстхъом коллективы, иу бинонтау кæрæдзи æмбарынц, сæ цин, сæ хъыг дæр иу сты. Арфæйы ныхæсты аккаг сты хирургийы кафедрæйы сæргълæууæг Беслехъоты Уырызмæг, хайады сæргълæууæг Ардасенты Тимур, хистæр ординатор Малиты Арсен, кафедрæйы ассистент, дохтыр-хирург Дзæхаты Владимир, дохтыр-хирург Базраты Эллæ, кафедрæйы ассистент, дæсны хирург Реуазты Егор æмæ иннæтæ. Аккаг медицинон æххуыс бакæнынæн хайады ис нырыккон ифтонггарз, хъæугæ хостæ, дæсны специалисттæ.

«Дæ къухмæ скальпель куы райсай, уæд, рынчынмæ кæсгæйæ, сæры вæййы æрмæстдæр иу хъуыды: ацы адæймаг хъуамæ цæргæ кæна. Цалдæргай сахæттæ къæхтыл лæугæйæ, фæллад нæ зоныс, дæ зонындзинæдтæ, æппæт хъарутæ дæттыс, цæмæй операци æнтыстджынæй ацæуа. Уæззау рынчыны куы æрбаласынц, уæд йæ хионтæ алы бон дохтыры цæстытæм кæсынц æмæ хъуамæ фыдæнхъæл ма фæуой, ныфсытæ сын бавæрæм. Алы райсом дæр хайады саразæм цыбыр æмбырдтæ, кæрæдзийæ æппæлыны æгъдау нæм нæй — хорз кусын дæ хæс у æмæ йæ хъуамæ æххæст кæнай. Рынчынæн удæнцой скæнгæйæ, дохтыр айрох кæны йæ фæллад, æгъуыссæг æхсæвтæ», — ахæм сты Четиты Аланы хатдзæгтæ.

 ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here