Иу боны цардæй цæрæн нæй
Нæ алфамбылай æрдзæн адæймаджы царды цы ахадындзинад ис, уый махæй алчидæр æнæзонгæ нæу. Фæлæ, йæ бирæ хорздзинæдтæн, фæстаг азты, куыд æмбæлы, афтæ аргъ нал кæнæм. Æз хорз зонын Дыгуры районы æрдзон бынæттæ. Иу æмæ дыууæ хатты нæ ауадтæн йæ къуылдымты, тæрфытæ æмæ цуангæнæн фæндæгтыл. Ныры хуызæн къуындæг та никуы уыдысты нæ авналæнтæ
Уавæр афтæ у, æмæ районы хъæутæм æввахс кæмдæриддæр хъæды дымджыты скадавар сты хъæддаг фæткъуы æмæ кæрдобæлæстæ, мугæйы, мырткæйы, уагъылыйы, æндæр гагадыргъты къутæртæ, æмæ уый хуымæтæджы нæу. Бирæтæ фæззыгон дыргътæ, гагадыргътæ æмбырд кæнгæйæ, бындзарæй афæлдахынц бæлæстæ, къутæртæ, иннæ аз ма цæмæ бавналдзысты, ууыл та хъуыды дæр нæ акæнынц.
Куыд зонæм, афтæмæй æрдз нæ иумæйаг къæбиц у. Мах æй куыд барæвдауæм, афтæ нæм уый дæр йæ бæркады къух æрбадардзæн. Фæлæ хъæды хæдзарæдтæ нæ къуылдымты хæлофæй фæцагътой, абон аргъ кæмæн нæй, ахæм тæрс, сусхъæд, æндæр хæрзмыггаг бæлæстæ. Ацы æнæрхъуыдыдзинад ныртæккæ æвзæрæрдæм фæзынд канд нæ цардыл нæ, фæлæ ма цæрæгойты уавæрыл дæр. Дыргътæ, гагадыргътæ, тæрсы, сусхъæды, æндæр бæлæсты мыггæгтæ куы нæ уой, уæд сырдтæ æмæ мæргътæ цы хæрой, куыд æгъдауæй хъуамæ фылдæр кæной.
Нæ къуылдымты æмæ хæхты цъассыты цæрæгойты нымæц азæй-азмæ къаддæр кæй кæны, ныхас канд ууыл нæ цæуы. Æрдзы мидæг алцыдæр кæрæдзиимæ æнгом баст у, æмæ нæ ууыл æдзухдæр хъуыды кæнын хъæуы.
Раздæр азты нæ разагъды Урсдон æнхъæвзæнтæ кæнгæ лæгæрста размæ, йæ уылæнты æхсызгон уынæр хъуыстис дардмæ. Ныр уайсадæг чындзæй уæлдай нæу. Кæй стæнæг, уый та у, йæ фæйнæфарс æмбисонды къохтæ абон кæй нал сты, æмæ цæугæдон бырондон кæй фестын кодтам, уыдæтты аххос.
Ахæм чъизи цæугæдоны раздæры хуызæн балер кæсаг цы хуызы хъуамæ фæлæууа? Донивылдтыты фæстæ дзы æндæр кæсæгтæ куы фæзынынц, уæд та сæ лæппутæ электрон æнгуыртæй рацахсынц.
Хуыздæр уавæры нæй Дур-Дуры цæугæдон дæр. Уалдзæджы мæйты еугæф калыны рæстæг ардæм Теркæй цы балкæсæгтæ æмæ хуыдзыхтæ æрбацæуы, уыдонæй дæр ма фæстæмæ иугæйттæ раздæхы, иннæтæ æрдзхорты амæттаг фæвæйынц. Фæлæ Дыгуры районы ахæм æнæгъдау «кæсагахсджытæн» ныронг ныхкъуырд ничима радта, кæд нæм æрдзхъахъхъæнæг оргæнтæ ис, уæддæр.
Районы цæрджытæ тыхсынц, горæт æмæ хъæуты алфамбылай æрдзон бынæттæм, хъæдрæбынтæм, цæугæдæтты былтæ æмæ атагъатæм иуæй-иу æнæрхъуыды адæмтæ сæ бырæттæ кæй ласынц, уымæй дæр. Мах та хъуамæ ма рох кæнæм, иу боны цардæй цæрæн кæй нæй, уый. Ныртæккæ æрдзы сыгъдæгдзинад куы нæ бахъахъхъæнæм, уæд фидæны нæ фæстагæттæй хъæстаг уыдзыстæм.
ЦÆГОЛТЫ Афай, Дигорайы цæрæг
Цæуæн нæй
Федералон паддзахадон бюджетон кусæндон «Национ парк «Алани» хъусын кæны, 2018 азы 25 июлæй 25 сентябьрмæ фæдзæхст бынатмæ цæуæн кæй нæй, уый тыххæй. Ацы мадзал арæзт цæуы туристты æдасдзинады нысанты, æрæджы фæдзæхст бынаты тæлммæ раззагазиаг дыууæ фыранчы уагъд кæй æрцыд, уый тыххæй. Цалынмæ уыдон бынæттон уавæртыл фæцахуыр уой, уæдмæ цæуæн нæй Гуылæры, Къæрæугомы, Скъуыдты, Гебийы, Бартуйы, Танайы кæмттæм. РЦИ-Аланийы Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады пресс-службæ
Завод дзуапп ратдзæн
Æрдзæй пайда кæныны къабазмæ цæстдарыны федералон службæйы РЦИ-Аланийы управлени Дзæуджыхъæуы Промышленнон тæрхондонмæ хъаст балæвæрдта Гом акционерон æхсæнад «Электроцинк»-ыл. Управлени куыстуаты зылын кæны экологион информаци бааууон кæныны кæнæ зыгъуыммæ кæныны тыххæй (Административон барадхæлдтыты кодексы 8.5 статья).
Ацы статьямæ гæсгæ бæрнон кусджытæм æнхъæлмæ кæсы ивар 3 минæй 6 мины онг, юридикон адæймæгтæм та — 20 минæй 80 мины онг.
Федералон службæйы управлени домæн æвæры, дон исгæйæ, донæй пайда кæныны æгъдæутты хæлдтыты тыххæй, стæй чъизи дæттæ доны объекттæм уадзыны фæдыл дæр (Административон барадхæлдтыты кодексы 8.14 статья). Барадхæлды тыххæй бæрнон кусджытæ иваргонд цæуынц 10 минæй 20 мины онг; юридикон адæймæгтæ — 80 минæй 100 мин сомы онг кæнæ та административон æгъдауæй урæд цæуы йæ архайд 90 суткæйы онг.
Æппæт барадхæлдтыты тыххæй дæр дзуапдæттæг у гом акционерон æхсæнад «Электроцинк» æмæ заводы генералон директор Игорь Ходыко йæхæдæг. Нæ уацхæссæг
Æнахуыр буаргъæд
Доны фæрæзтæ сты нæ бæстæйы национ хъæздыгдзинад æмæ сæ хъахъхъæнын хъæуы чъизи кæнынæй, адæмон хæдзарады та сæ хъуамæ пайда кæнæм хæдзардзинæй. Дæргъвæтин рæстæг ахуыргæндтæ афтæ нымадтой, цыма дон у хуымæтæджы буаргъæд, ома, донгуыры æмæ туаггуыры иугонд. Фæлæ химион формулæ Н2О амоны æппæты сыгъдæгдæр дон, уый та æрдзон уавæрты нæй
Хъуыддаг афтæ у, æмæ дон æрдзон зилдухы куы бахауы, уæд уæлдæф, мæр æмæ чи æруары, ахæм алыхуызон æрмæджытимæ сæмхæццæ вæййы, æмæ ацы химион буаргъæдтæй иутæ тайгæ кæнынц, иннæтæ та нæ. Донимæ цы хæццæтæ бахауы, уыдон æппæтæйдæр вæййынц алыхуызон. Зæгъæм, цæугæдæтты карбонаттæ вæййы 80 проценты, сульфаттæ — 13 проценты, хлоридтæ — 8 проценты. Денджызы доны та хлоридтæ разыны 89 проценты, сульфаттæ — 10 проценты æмæ карбонаттæ — 0,2 проценты. Иу ныхсæй, дон йæ хæрзхъæддзинады æмæ йæ миниуджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ хуымæтæджы буаргъæд нæу. Уый у нæ планетæйы тæккæ диссагдæр минерал.
Куыд зонæм, афтæмæй сур зæххы æппæт дæттæ дæр равзæрынц, уæлдæфон гуылфæнтæ кæй æрбахæссынц, ахæм уарынтæй. Нæ ныхас бæлвырддæр куы зæгъæм, уæд æрдзы æгъдау афтæ у, æмæ атмосферон уымæлад алы хатт дæр рахизы æндæр хуызтæм: цъититæм, дæлзæххон æмæ уæлзæххон цæугæдæттæм. Æппæтæйдæр уыдон куыдфæстагмæ ракæлынц материкæй æмæ ногæй раздæхынц фурдмæ. Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй Зæххы къорийы æппæт цæугæдæтты гуырахст у 1200 мин кубокилометры.
Дарддæр уавæр афтæ у, æмæ зæххы мидæг æгæрон æвæрæнты дон дзæвгар фылдæр ис йæ уæлцъары. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, гом фурды цас ис, уый бæрц, ома, 1,3 миллиард кубометры. Æрдзон зилдухы рæстæг доны фæрæзтæ ногæй-ногмæ ивынц, сæ миниуджытæ та ахæм вæййынц, æмæ дзы адæймагæн пайда кæнын йæ бон нæу, чъизи кæй сты, уый тыххæй.
Дунейы бирæ бæстæты æмæ хицæн районты нуазыны доны раздæры æвæрæнтæ бынтондæр равдæлон сты, æмæ ацы уавæр тыхсын кæны дзæвгар адæмы. Уымæй уæлдай сагъæссаг у, горæтты чъизи дæттæ æмæ промышленнон хауæццæгтæ алфамбылай æрдзон бынæтты заууаты уавæрмæ кæй æркодтой, уый дæр.
Хъуыддаг афтæ у, æмæ дон промышленнон куыстуатмæ куы раттынц мидзилдухы системæйæн, хъæууонхæдзарадон культурты хуымтæ донхорыг кæнынæн, горæтмæ цардыуаджы лæггæдтæн, уæд йæ фылдæр хай «æппæрстыты» хуызы ногæй фæзыны цæугæдæтты, æмæ афтæмæй нæ доны фæрæзтæ чъизи кæнынц. Уымæ гæсгæ абон æппæт планетæйы дæр ахсджиаг у цæугæдæтты, цадты, æндæр донуæтты сыгъдæгдзинад бахъахъхъæнын.
Нæ республикæйы ис нуазыны доны дæлзæххон æмæ уæлзæххон хъæздыг æвæрæнтæ. Адонæй пайда кæнæм промышленносты, хъæууонхæдзарадон куыстады, цæрджыты донæфсисады, æндæр къабæзты дæр, æмæ уымæн чысыл ахадындзинад нæй. Фæлæ мах, ныронг куыд æмбæлы, афтæ нæ хъахъхъæнæм нæ рæспубликæйы сæйраг цæугæдон Терк æмæ йæ къабæзты сыгъдæгдзинад. Уæлзæххон цæугæдæттæ цæмæй чъизи кæнынц, уыдон та сты органикон буаргъæдтæ, нефты продукттæ, уæззау згъæртæ æмæ сæ иугæндтæ.
Нæ алфамбылай рæсугъд æрдзон бынæтты сæйраг чъизигæнæг алы хатт дæр вæййынц хуызджын металлургийы гом акционерон æхсæнадтæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарæдтæ æмæ хойраджы промышленносты куыстуæттæ, фæстæг 15-20 азы та ма сыл бафтыд спъирты заводтæ дæр. Уымæ гæсгæ мах ныртæккæ хуыздæр ахъуыды кæнын хъæуы канд нæ цæугæдæтты хъысмæтыл нæ, фæлæ ма нæ адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæныныл дæр.
ТУАТЫ Алыксандр, æрдзы хæлар
Джыбытæй уæхи хъахъхъæнут!
Сæрды æнтæф бонты йæ фæллад æрдзы хъæбысы уадзын чи уарзы, уыцы адæмæн уæлдай тæссаг у джыбытæй.
Алыхуызон организмтæ кæм сарæх вæййынц, ахæм районты майæ сентябрьмæ хъæды, дыргъдоны, къутæрджын зайæгойты æхсæн цæуын хъæуы æхгæд уæлæдарæсы. Хъуамæ пайда кæнæм къепкæтæ æмæ джыбыты тæрсынгæнæн сæрдæн æрмæджытæй. Иудадзыг хъæуы кæрæдзимæ кæсын, мыййаг, тугцъир цармыл нæ ныффидар, уый бæрæг кæныны тыххæй. Къогъотæ æмæ мыдыбындзытæй уæлдай джыбыты хæст рауадзы рысткъаддæргæнæн буаргъæд. Уымæ гæсгæ дæргъвæтин рæстæг уый фенæн нæ вæййы.
Фембæлды бынат
Джыбытæн уæлдай нæу, кæм цæрой æмæ цæмæй цæрой, уыдæттæ. Хъæды къахвæндæгты кæнæ быдырон тыгъдадты дæр сæхи ирвæзын кæнынц. Сæ бон у сæ амæттагыл нæзы бæласæй сæхи рауадзын кæнæ та, кæрдæгыл бадгæйæ, уымæ банхъæлмæ кæсын. Уæлдай сын нæу, сæхи кæуыл андзарой, уый. Æрмæстдæр сæ амæттаг хъармтугджын уæд.
Кæд уыл джыбытæ фæхæцыдысты, уæд уый — бæллæхы æмбис. Æппæты тынгдæр тæссагдзинад у, цалдæр хæцгæ низы парахатгæнджытæ кæй сты, уый. Зæгъæм, адоны номхыгъды сты джыбыйы энцефалит, джыбыйы боррелиоз (лаймы низ), джыбыйы тæвднизы цалдæр хуызы, хъырымаг ризæг, туляремия, эрлихиоз æмæ æндæртæ.
Ацы низтæй æппæты тæссагдæр у джыбыйы энцефалит. Уымæн æмæ дзы чи фæрынчын вæййы, уыдоны 30 проценты нал аирвæзынц. Æрмæст ивгъуыд азы æппæт бæстæйы хыгъд æрцыд джыбыйы хæсты 500 цауы. Уыдон канд геологтыл нæ хæцынц тайгайы, фæлæ ма дачæты хицæуттыл, фæлладуадзæн бонты æрдзы хъæбысмæ чи рацæуы, уыдоныл, стæй горæтты паркты тезгъогæнджытыл дæр.
Уæрæсейы Федерацийы бирæ регионты джыбыйы энцефалит арæх фæзыны, ома, сæ территориты ис ацы низы æрдзон бынат. Номхыгъдтæ æрвылаз мыхуыргонд цæуынц «Роспотребнадзор»-ы сайты. Кæд Владимиры кæнæ Курскы облæсты джыбыйы энцефалит нæ вæййы, уæд Мæскуыйы облæсты та дыууæ раны низ фæзыны Дмитриевск æмæ Талдымскы районты.
Кæд уыл фæхæцыд?
Фыццаджыдæр, ма фæудаист ут æмæ ма фæлварут джыбыйы сæппарыныл. Кæд джыбыйыл уæ цæст æрхæцыд хæдзары, уæд æппæтæй хуыздæр у æввахсдæр ран медицинон пунктмæ æрхатын. Фæлæ кæд цæрæнбынæттæй дард стут, уæд та уæхи архайын бахъæудзæн. Джыбы, йæ сæр æххæстæй нытътъысгæйæ, арф ныббыры цармы. Пинцетæй куыд æввахсдæр ис, афтæмæй ныххæцæн ис тугцъирыл. Уый фæстæ арæхстгай архайут йе сласыныл, æнцондæр кæцырдæм у, уыцырдæм æй зилгæйæ.
Иу кæнæ йæ æртæ хатты куы æрзилат, уæд джыбыйы сæппарæн ис æнæхъæнæй, стоныныл фæлваргæйæ та, уый фескъуыны. Пинцеты бæсты пайдагæнæн ис хуымæтæджы, фæлæ фидар æндахæй. Уый фелхынцъ кæнын фæхъæуы, джыбыйы бырынкъмæ гæнæн цас ис, уыйас æввахсдæр. Уый фæстæ сабыргай тугцъиры сласын фæхъæуы уæлæмæ.
Кæд джыбыйы æппаргæйæ, йæ сæр фескъуыд, вæййы сау стъæлфы хуызæн, уæд цъирыны бынат асæрфын фæхъæуы спъирты удæст бæмбæгæй кæнæ та бинтæй. Уый фæстæ та сæр сласын фæхъæуы, сындз куыд фæласынц, афтæ, рагагъоммæ судзин арты сырх зынг скæнгæйæ.
Джыбыйы буар æлхъивын нæ хъæуы. Афтæмæй уый йæхи кæм нытътъыста, уыцы бынатмæ йæхицæй уæлдай фæхæццæ уыдзысты хæцгæ низы æгæрон бирæ амидингæнджытæ. Уæдæ тугцъирыл фæтæген кæнæ зети уадзын дæр не ‘мбæлы. Цармы бынæй ницыхуызы рабырдзæн. Уымæн æмæ амæлдзæн, мардæй та йæ сæппарын бирæ зындæр уыдзæн. Зонын хъæуы, джыбыйы сæппарыныл æнгуылдзтæй архайæн кæй нæй, уый дæр. Къухтæ æмæ хæсты бынат, æнæмæнг, фæхъæуы дезинфекци скæнын.
Медицинон профилактикæйы республикон центры информацион хайад
Неси
Фæстаг рæстæг селекцийы сыгъзæрин фонды несийы стæм мыггæгтæ парахат кæнын райдыдтой халсары хуыздæр куыстгæнджыты æхсæн. Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Неси у, аргъ кæмæн нæй, ахæм хойраджы продукт. Уымæй уæлдай йæм ис бирæ хосгæнæн миниуджытæ дæр.
Ботаникон равæрдмæ гæсгæ неси у иуазыккон хъармуарзаг зайæгой. Йæ зæнг цалдæр метры ахилы фæйнæрдæм, йæ райгуырæн бæстæ та у Астæуккаг Ази. Фæлæ ныртæккæ неси кæм нæ зайын кæнынц, иу ахæм паддзахад нæй Зæххы къорийы. Суанг ма Уæрæсейы хуссайраг районтæй дарддæрæй-дарддæр цæуы цæгатмæ.
Ахæм уазал рæтты пайда фæкæнынц сæрмагонд агротехникон мадзæлттæй, æмæ несийы уæлдай тагъддæр цæттæгæнæн мыггæгтæй.
Ахуыргæндтæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй неси диссаджы хъæздыг у хæлцады продукттæй. Зæгъæм, сæкæр дзы ис 10-15 проценты. Хъуаг нæу аскорбины туагадæй дæр. Уый та адæймаджы организм хъахъхъæны алыхуызон хæцгæ низтæй. Уæдæ витаминтæ Р æмæ Р1 та цармы хус кæнын нæ фæуадзынц.
Несийы руаджы хойраг хуыздæр батайы, алыхуызон буаргъæдты ивындзинад нывыл кæнын райдайы. Фолийы туагад æмæ витамин Р фесафынц тугдадзинты сæртæгдзинад, туджы æлхъывдад бæлвырд фæхуыздæр вæййы. Каротин, ароматон иугæндтæ, минералон буаргъæдтæ, уæлдайдæр æфсæйнаг, крахмал — 08 проценты, клетчаткæ æмæ дзы витамин А кæй ис, уый руаджы цæстæй хуыздæр уынын райдайæм, хæцгæ низтæ фесæфынц. Уымæй уæлдай адæймаджы куыстхъомдзинад фæфылдæр вæййы, уæнгрог æмæ йæм æнæниздзинады æнкъарæнтæ фæзынынц.
Бирæтæ, æвæццæгæн, нæ зондзысты, несимæ бирæ хосгæнæн миниуджытæ кæй ис, уый. Хистæр кары адæмтæн æй фæамонынц, сæры магъзы æмæ зæрдæйы тугдадзинтæ хъыгдард куы вæййынц, уæд. Тынг пайда у сывæллæттæн дæр. Хъуыддаг афтæ у, æмæ йæ дыргъты æфсæйнаджы æнцонтайæн цæххытæ кæй ис, уый руаджы неси хорз ахъаз кæны зæрдæйы тугдадзинты системæйы, уыргты, игæры, чысыл туджы низтæ фесафынæн. Дзæбæх кæны геморрой, сæры рыст банцайы. Уымæй уæлдай адæймаджы иумæйаг æнкъарындзинад хуыздæр кæны, йæ ахаст та хъæлдзæгдæр вæййы.
Ныхас несийы канд хосгæнæн миниуджытыл нæу. Куыд зонæм, афтæмæй ацы хойраджы продукт мыды хуызæн хæрзад вæййы цæттæйæ. Сæрд фæивгъуыйы, æмæ бурачъи несийæ дуканиты тæрхæджытыл куы фенут, уæд сæ балхæнынмæ ма фæзивæг кæнут. Уымæн æмæ неси у æнæниздзинады хос. Цас дзы фылдæр хæрат, уыйас цардхъомдæр уыдзыстут. БЕСЛЕХЪОТЫ Иринæ, дохтыр
Ирон цуанæтты æвзаг
(Райдайæн газет «Рæстдзинад»-ы 2017 азы кæфты мæйы 10-æм боны, Джеоргуыбайы мæйы 29-æм боны, цыппурсы мæйы 20-æм боны æмæ 2018 азы тъæнджы мæйы 23-æм боны, хуымгæнæны мæйы 4-æм боны, зæрдæвæрæны мæйы 24-æм боны, хурхæтæны мæйы 27-æм боны номырты)
Æмыс — нартхоры ссадæй, фиу æмæ хуырхæй конд гуылгонд.
Турæ — нард сойджын бас дзидзаимæ.
Сарыхъ — сæры дарæс, худ.
Хæрхидон — мифологион идон (ис æмбисонд «Хæрæгæн — хæрхидон»).
Цъæхцъиргæ (дыг) — арахъ.
Барысчъи — ком дарын, мархо дарын (барысчъи боны цуаны нæ цыдысты).
Цъыккæнæнæ — ехс.
Хæлцон — дзæкъул, хызын.
Хатиаг æвзаг — сусæг æбæрæг æвзаг (хонынц æй китайаг æвзаг дæр).
Суанг — фахс, хохы фахс («Дысон иу суангыл цуаны ацыдтæн, стæй, дыккаг суангыл, æртыккаг суангыл”) — кæс «Сатана æмæ Борæты чызг».
Тарбос — риубæттæн. Итаугæ (дыг) — нымæт.
Æгъуыстуайы, æгъуыстаджы — диссаджы (æгъуыстуайы сырд федтон).
Цардахъ — кувæндоны раз куывды рæстæг бинонтæ иумæ кæм бадтысты, уыцы бынат.
Уыдзæн ма
Фарс цæттæ кæны ТОХСЫРТЫ Къоста

















