Специалисттæ кæй рацарæзтой, Дзæуджыхъæуы 13-æм ахæм трамвай цæуын райдыдта æмæ афтæмæй муниципалон куыстуат «Владтрамвай»-ы вагæтты фылдæр хай нывылгонд æрцыд.
Ноггонд трамвай маршрутмæ рауадзыны кадæн арæзт кадджын æмбырдмæ кæй æрбахуыдтой, горæты администрацийы уыцы минæвæрттæ «Владтрамвай»-ы коллективæн раарфæ кодтой. Вагоны æппæт сæйраг хæйттæ ивд æрцыдысты ногтæй, сæвæрдтой дзы фидар бадæнтæ, пъол сахуырстой сæрмагонд ахорæнæй, рудзгуытæ баивтой. Æрлæууæн бынæтты тыххæй хабæрттæ рагацау чи хъусын кæны, трамвайы фæзындысты ахæм сæрмагонд зæлон ифтонггæрзтæ æмæ видеоцæстдарды камерæтæ. Æхсæз адæймагæй бригад 2,5 мæймæ вагон æххæстæй рацарæзта
Раздæры дыууадæс вагоны хуызæн трамвай рацарæзтой спонсорон фæрæзты хардзæй. 20 милуан сомы кæй аргъ у, горæт уыцы ноггонд вагоныл бахардз кодта 700 мин сомы (ома, заводæй ист ног трамвайимæ абаргæйæ, 40 хатты асламдæр).
Дзæуджыхъæуы администрацийы пресс-службæ














