Уæлахизтæм хонæг тренер

0
326

 

Зæххы цъарыл цы стырдæр спортивон ерыстæ фæцæуынц, уым фесгуыхæг спортсменты нæмттæ мыггагмæ фыст æрцæуынц дунеон спорты историйы. Хатгай ахæм стыр уæлахизтæм сæ чи бацæттæ кодта, уыцы ахуыргæнджыты нæмттæ аууоны аззайынц, уæддæр адæм зонынц, ахæм тренертæ стыр кады аккаг кæй сты, уый.

Тренеры, ахуыргæнæджы стыр фыдæбон у арфæйаг, уæлдайдæр та уый разамындæй фæсивæд канд спорты нæ, фæлæ царды æндæр хъуыддæгты дæр сæхи цардхъомыс æмæ æгъдауджынæй куы равдисынц, уæд. Ирыстон ахæм лæгтæй амондджын кæй рауад, ууыл дзурæг сты нæ фæсивæды стыр сгуыхтдзинæдтæ дунейы кадджындæр ерысты.

Уæгъдибар хъæбысхæстыл дзургæйæ куыд ферох кæнæн ис Михаил Огладзе, Дзгойты Аслæнбег, Гиоты Хасан, Суменаты Кермен, Дриаты Илья æмæ сæ фæстæ чи райрæзт, уыцы таурæгъон тренерты. Уыдон схъомыл кодтой, абон Ирыстон йæ сæр бæрзонд кæмæй хæссы, уыцы Олимпаг хъæзтыты, дунейы, Европæйы, Советон Цæдисы, Уæрæсейы æмæ ма æндæр бæстæты чемпионатты уæлахиздзаутæ чи систы, уыцы æмбисонды ирыстойнаг богæлтты. Уыцы номдзыд тренертæй иу у Уæрæсейы сгуыхт тренер Тедеты Дзамболат.

Тренеры куыст домы стыр курдиат, кæстæртæм уарзондзинад, фæразондзинад æмæ æнæкæрон куыстуарзондзинад. Уымæй уæлдай ма тренер хъуамæ уа стыр психолог, ома, йæ алы ахуыргæнинаджы миддуне дæр зона йæхи фондз æнгуылдзау. Æнæ уыцы миниуджытæй стыр тренер суæвæн кæй нæй, уый бæлвырд у.

Вæййы афтæ дæр, æмæ тренер стыр дæсны вæййы æрыгон фæсивæдимæ кусынмæ, уыдонæн сæ курдиат раст фæндагыл саразынмæ, фæлæ, уый хыгъд, йæхимæ нæ фæисы æнæхъæн командæйы сæргъы æрлæууын æмæ уыцы хъуыддаджы цы бирæ фарстатæ ис, уыдонæн дзуапп дæттын, уæлдайдæр та, уый æнæхъæн бæстæйы иугонд командæ куы уа, уæд.

Ахæм стыр бæрнондзинад йæхимæ райсын алкæй бон нæу. Иу æмæ дыууæ хатты не ‘рцыд ахæм хабæрттæ: тренер бацæттæ кодта Олимпаг æмæ дунеон чемпионтæ, фæлæ иугонд командæйы сæргъы æрлæугæйæ йæ куыст афтæ æнтыстджын нал рауад.

Уыдæттæ зонгæйæ уæлдай æхсызгондæр у не ‘мзæххон тренер Тедеты Дзамболаты спортивон фæндагыл афæлгæсын.

Дзамболат райгуырд Цхинвалы. Уым æрыгонæй фæцалх уæгъдибар хъæбысхæстыл. Фынддæсаздзыдæй ацыд йæ тренер Мæргъиты Анатолимæ Мæскуымæ æмæ ам сырæзт 1990 азы Советон Цæдисы чемпионы онг. Нæ раздæры бæстæ куы фехæлди, уæд цасдæр рæстæг Дзамболат ерысты архайдта Украинæйы номæй. 1993 азы ацы бæстæйы спортивон кад хъахъхъæнгæйæ Дзамболат ссис Европæйы чемпион 90 кг онг уæзы. Уый фæстæ ма хæстæг уыдис дунеон чемпионаты (1994 аз) æмæ Олимпаг хъæзтыты (1996 аз) хæрзиуæгджын суæвынмæ, фæлæ дыууæ хатты дæр бацахста 4-æм бынæттæ.

28-аздзыдæй Дзамболат райдыдта тренеры куыст кæнын Уæрæсейы Æфсады Центрон Клубы æмæ цыбыр рæстæгмæ йæхи равдыста хъомысджынæй.

2001 азы 32-аздзыдæй Дзамболат нысангонд æрцыд Уæрæсейы иугонд командæйы сæйраг тренерæй. Ахæм æрыгонæй бæстæйы иугонд командæйы сæргъы Тедейы-фырты размæ ничи ма æрлæууыд. Бирæты нæ уырныдта, Дзамболат ахæм стыр уаргъ ахæссын бафæраздзæн, уый, фæлæ уыдон фæфыдæнхъæл сты. «Джабо» — афтæ хуыдтой æмæ хонынц Дзамболаты йæ хæлæрттæ, дысфæлдæхтæй бавнæлдта уыцы зын рæстæг йæ бæрнон хæс æххæст кæнынмæ, æмæ цыбыр рæстæгмæ йæ куысты фæстиуджытæ разындысты Уæрæсейы командæйы æнтыстджын архайдыл.

Дзамболаты разамындæй Уæрæсейы богæлттæ цæуын райдыдтой иу уæлахизæй иннæмæ. Дунеон æмæ Европæйы чемпионатты Уæрæсейы командæ иу хаттæй иннæмæ ахста фыццаг бынæттæ. Уæдæ 2004 æмæ 2008 азты Олимпаг хъæзтыты Уæрæсейы богæлттæ сæ разæй никæй ауагътой.

Уæрæсейы командæ 2007 азы дунеон чемпионаты цы бæрæггæнæнтæ равдыста, уый та нырма уæгъдибар хъæбысхæсты историйы никæмæн ма бантыст. Бакуйы, авд уæзы хæцгæйæ уæрæсейæгтæ рамбылдтой æхсæз сыгъзæрин æмæ иу бронзæ майданы! 2008 азы Пекины Олимпаг хъæзтыты дæр уæрæсейы богæлттæн бантыст авд уæзы хæцгæйæ цыппар сыгъзæрин æмæ дыууæ бронзæ хæрзиуæджы рамбулын. Дзамболаты разамындæй Уæрæсейы командæ 2009, 2010 æмæ 2011 азты дæр Европæ æмæ дунеон чемпионатты фыццаг бынат никæмæн радта. 2012 азы райдайæны Тедейы-фырт Уæрæсейы иугонд командæйы сæргъы куы нал куыста, уæд нæ богæлтты архайд афтæ æнтыстджын нал уыди. 2012 азы Лондоны Олимпаг хъæзтыты Уæрæсейæгтæн бантыст æрмæстдæр иу сыгъзæрин майдан рамбулын. Нæ командæйы разæй ацы хъуыддаджы фесты Азербайджан æмæ АИШ-ы богæлттæ. Уыдонæн бантыст фæйнæ дыууæ сыгъзæрин хæрзиуæджы рамбулын. Бирæ хуыздæр нæ цыдысты уæрæсейаг богæлттæн сæ хъуыддæгтæ дунеон чемпионатты дæр 2013, 2014, 2015 азты. Ацы хабар уынгæйæ нæ бæстæйы хъæбысхæсты федераци æмæ спортивон хицауад 2016 азы бæстæйы иугонд командæйы сæйраг тренерæй ногæй снысан кодтой Тедеты Дзамболаты.

Æнцон уавæры кæд нæ райдыдта йæ куыст Дзамболат, уæддæр ын бантыст командæ бацæттæ кæнын Олимпаг хъæзтытæм. РиоДе-Жанейройы Уæрæсейы богæлттæн æхсæз уæзы хæцгæйæ бантыст дыууæ сыгъзæрин æмæ иу æвзист майдан рамбулын, нæ командæ та, æмтгæй райсгæйæ, рацыд фыццаг бынатмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æнтыст æнæ Дзамболаты бындурон куыстæй йæхæдæг не ‘рцыдаид.

Дзамболат йæ куысты йæхи куыд равдыста, уый тыххæй Уæрæсейы сгуыхт тренер, педагогон наукæты кандидат Багаты Славик зæгъы: «Дзамболатмæ тренеры стыр курдиат кæй ис, уый равдыста хæрз æрыгонæй. Уый карæнæй æнæхъæн бæстæйы иугонд командæйы сæргъы æрлæууын æмæ йын ахæм дæсны разамынд дæттын никæмæн ма бантыст. Уымæй дæр, Дзамболат цы уавæры æрлæууыд командæйы сæргъы, уый сæ хæрзтæй нæ уыд. Тедейы-фыртмæ ис, ахæм бæрнон бынат разамонæгæй цы миниуджытæ домы, уыдон. Уый хорз зоны, хъæбысхæсты сусæгдзинæдтæ, зоны алы богалимæ дæр цы ‘взагæй дзурын хъæуы, уый. Уыимæ у комкоммæдзырд æмæ домаг. Дзамболат бæрнон у йæ алы ныхасæн дæр. Нæй йæм фæлывддзинад, иттæг хорз арæхсы, йæ дæлбар чи ис, уыцы тренерты æмæ иннæ æххуысгæнджыты куыстæн æмбæлгæ уавæртæ саразынмæ. Дзамболаты куыстæй разы сты богæлттæ сæхæдæг дæр. Уый сыл аудгæ дæр кæны æмæ сæ домгæ дæр кæны, уымæн æмæ æнæ фыдæбонæй стыр уæлахиз йæхæдæг не ‘рцæудзæн. Дзамболат стыр тренерæй уæлдай у, æцæг ирон лæг. Йæ райгуырæн Хуссар Ирыстон 1991-92 азты зын уавæры куы бахауд, уæд сыздæхт Цхинвалмæ æмæ йæ райгуырæн бæстæ хъахъхъæдта тохы быдыры. Уæдæ æмгæртты æмæ йе ‘мкусджыты ‘хсæн куыд нымад у, уый та бирæтæн бæллиццаг у. Æз, куыд йе ‘мбал, сæрыстыр дæн ахæм æрдхордæй Джабо, афтæ хонæм мах нæ уарзон æмбалы, йæ тæккæ лæджы кармæ бацыди, 23 августы йыл æххæст кæны 50 азы. Уый у, адæймагæн йæ зонд æмæ хъару сæ тæккæ тыхы куы вæййынц, уыцы кар æмæ нæ уырны, не ‘взыгъд æмбæстагæн ма йæ къухы къорд стыр сгуыхтдзинæдтæ кæй бантысдзæн, уый. Дзамболатæн ис рæсугъд кæстæртæ æмæ уыдоны равзæрст царды фæндæгтæй райгонд куыд уа, йæ бирæ хорз фæндтæ та царды йæхи цæстæй куыд фена, уый йын нæ зæрдæ зæгъы!»

Дзамболат у Уæрæсейы æмæ Ирыстоны æцæг патриот. Йæ зæрдæмæ хæстæг исы нæ бæстæйы æмæ Ирыстоны хъысмæты алы фæзынд дæр. Абон Уæрæсейы иугонд командæйы цы бæрнон бынаты кусы, уымæй уæлдай ма у РЦИ-Аланийы Парламенты депутат æмæ уым дæр архайы зæрдиагæй.

Дзамболат йæ хæстæ куыд æмбары, уый тыххæй зæгъы: «Адæймаг хъуамæ цы куысты бацæуа, уый хорз зона. Æрмæстдæр бынаты æрбад æмæ дæхицæй ныббуц у, уый сæрмæ хæссинаг нæу. Хъуамæ дæ куыстæй адæмæн, æхсæнадæн исты пайда уа æмæ дæм искуы бон æнгуылдзæй æнæрвæссонæй ма амоной. Æз уый фæдомын нæ богалттæй дæр æмæ ме ‘мкусджытæй дæр».

Нæ номдзыд æмзæххон Тедеты Ильяйы фырт Дзамболат у Украинæйы сгуыхт спорты мастер, Уæрæсейы сгуыхт тренер, 2007 азы нымад æрцыд Уæрæсейы хуыздæр тренерыл. Ныртæккæ Дзамболаты размæ ис ног стыр хæстæ. Уыдонæй сæйрагдæр у Уæрæсейы богæлтты 2020 азы Олимпаг хъæзтытæм куыд гæнæн ис, афтæ хуыздæр бацæттæ кæнын.

Уырны нæ, Тедейы-фыртæн уыцы стыр æмæ бæрнон хæс сæххæст кæнын кæй бантысдзæн, уый! Уæлахизтæм хонæг тренерыл ацы бонты сæххæст 50 азы æмæ йын зæрдиаг арфæтæ кæнæм.

Дзамболат, ды стыр лæггæдтæ бакодтай æгас Уæрæсейæн дæр æмæ дæ мах, Ирыстоны цæрджытæ, нæ сæр бæрзонд хæссæм. Ды кад кæныс Ирыстонæн Хуссарæй Цæгатмæ, æмæ дæ не скæнæг Хуыцау æмæ Иры зæдтæ кæм цæуыс, уым рæствæндаг кæнæнт. Дæ райгуырæн бонтæ та дыл иу хаттæй-иннæмæ райгонддæрæй цæуæнт!

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here