Александр Матовников — Мæздæджы

0
512

 

Мæздæгмæ кусæг балцы æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Федерацийы Президенты Æххæстбарджын минæвар Александр МАТОВНИКОВ

Нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Александр Матовников бабæрæг кодта, 2003 азы 1 августы теракты чи бацарæфтыд, уыдоны рухс номыл арæзт мемориал. Уæд, 15 азы размæ, рæмудзæн æрмæгæй дзаг КамАЗ террорист батардта æфсæддон госпиталы бæстыхаймæ. Уыцы рæстæг рынчындон куыста карздæр фæткæвæрдмæ гæсгæ — ардæм ластой, Цæцæны хæсты-иу чи фæцæф, ахæм рынчынты. Уыцы фыдбæллæхы фæмард 51 адæймаджы, уыдонимæ госпиталы медицинон кусджытæ, стæй дзы йæхи чи дзæбæх кодта, ахæм цæф æфсæддонтæ.

Йæ кусæг балцы рæстæг Александр Матовников базонгæ горæт Мæздæджы центрон поликлиникæйы уавæримæ, архайдта Уæрæсейы Тырысайы бæрæгбоны мадзæлтты.

Александр Матовников арфæ ракодта Мæздæджы сæйраг фæзы æрæмбырд уæвæг адæмæн. Уый загъта:

— Урс-æрвхуыз-сырххуыз тырыса æвдисы нæ бæстæйы бирæнацион адæмты фæрныгадмæ арæзт нысанты иудзинад. Уый æфтауы нæ бæстæйы цæрджыты иумæйаг удварныл æмæ куыстхъомдзинадыл. Уыцы хуызы ахады канд Уæрæсейы цæрджытыл нæ, фæлæ Цæгат Кавказы цæрæг æппæт адæмыхæттытыл. Разæнгард сæ кæны фæллой æмæ наукæйы сгуыхтдзинæдтæм. 2024 азмæ нæ сæйрагдæр хæс у Мæздæджы районы социалон- экономикон рæзтыл æппæт хъарутæй бацархайын.

— Мæздæджы районмæ кæддæриддæр республикæйы Хицауад сæрмагонд æргом здахы, уый сымах дæр бафиппайдтат æвæццæгæн. Уымæн æвдисæн, æрвылмæй республикæйы Хицауады уæнгтæ районы кусæг балцы кæй вæййынц, уый. Уыцы хуызы ма кусæм республикæйы иннæ районты дæр. Ныртæккæ Александр Матовниковимæ бабæрæг кодтам Мæздæджы районы поликлиникæ, йæ цалцæггæнæн куыстытæ райдайдзыстæм хæстæгдæр рæстæг. Не ‘ппæт хъарутæй дæр бацархайдзыстæм, цæмæй арæзтадон куыстытæ кæронмæ фæуой ног азмæ. Ныртæккæ районы арæзт цæуы сывæллæтты ног рæвдауæндон. Уымæй уæлдай ма нæ зæрды ис, дыууæ социалон объекты арæзтадыл бакусын дæр. Фæлæ ма нæм Мæздæджы районы бирæ лыггæнинаг фарстатæ ис. Сæйрагдæр та баст сты фæндæгты арæзтадимæ. Нырыккон инфраструктурæйы райрæзтимæ, районы цæрджытæн куысты бынæттæ раттынимæ, — загъта Битарты Вячеслав.

Бæрæгбоны официалон хайы фæстæ уазджытæ бабæрæг кодтой, Мæздæджы сæйраг фæзы национ-культурон æхсæнæдтæ цы тематикон фæзтæ сарæзтой, национ хæринæгты равдыстытæ бацæттæ кодтой, уыдон дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм: Мæздæджы районы цæры æхсай адæмыхаттæй фылдæр — ирæттæ, уырыссæгтæ, корейæгтæ, хъуымыхъæгтæ, туркæгтæ, бердзенæгтæ, гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ æмæ кæсгæттæ.

Уый фæстæ Александр Матовников сарæзта, регионы социалон-экономикон рæзтыл ныхас кæм цыд, ахæм æмбырд, æмæ фембæлд барадхъахъхъæнæг структурæты разамонджытимæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here