Рӕвдауӕндӕтты цӕттӕдзинад

0
593

 

Цӕгат Ирыстоны Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, арӕзтады министр Икъаты Русланбег, стӕй ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Иринӕ Азимоваимӕ бабӕрӕг кодтой Рахизфарсы ӕмӕ ӕрӕфы районты арӕзтадон объектты цӕттӕдзинад.

Ацы районты ног рӕвдауӕндӕттӕ кӕй байгом уыдзӕн, уый фӕрцы скъолайы агъоммӕ кусӕндӕтты бынӕтты кадавары фарста лыггонд ӕрцӕудзӕн.

Беслӕны Широкаяйы ӕмӕ Менделеевы уынгты, стӕй ӕрӕфы районы Советон поселочы чи байгом уыдзӕн, уыцы рӕвдауӕндӕтты уыдзӕн фӕйнӕ 120 бынаты. ӕртӕ рӕвдауӕндоны сарӕзтой сӕрмагонд проектмӕ гӕсгӕ, скъолайы агъоммӕ кусӕндӕттӕм ӕвдыст домӕнтӕ нымайгӕйӕ. Рӕвдауӕндӕттӕм ӕввахс территорийыл ӕрбынӕттон сты тезгъогӕнӕн бынӕттӕ, стӕй хъазӕн ӕмӕ спортивон фӕзтӕ. Объекттӕ сарӕзтой бӕстыхӕйтты уӕлдӕргонд сейсмикон фидардзинад нывыл кӕныны федералон программӕмӕ гӕсгӕ. Иу рӕвдауӕндоныл бахардз кодтой 114 милуан сомы.

Арӕзтадон организаци «Трест 1»-ы кусджытӕ бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ сӕ алыварс территори ӕфснайдтой. Аразджыты ныхасмӕ гӕсгӕ, 4 сентябры рӕвдауӕндӕттӕ байгом сӕ кӕнынмӕ цӕттӕ уыдзысты.

 

РЦИ-Аланийы

Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here