Нæ адæмы царды нырыккон историйы азфысты аккаг бынат æрцахсдзæн Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы X съезд. Уый кадджын уавæры байгом Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Цхинвалы, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры. Съезды архайдтой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны республикæты разамонджытæ БИБЫЛТЫ Анатоли æмæ БИТАРТЫ Вячеслав, Хицауæдты, Парламентты бæрнон кусджытæ, æхсæнадон организациты æмæ иугæндты разамонджытæ, уазджытæ Мæскуыйæ, Петербургæй, Уæрæсейы иннæ горæттæй, хæстæг æмæ дард фæсарæнтæй.
Цыбыр раныхасæй йæ байгом кодта «Иры Стыр Ныхас»-ы координацион советы сæрдар Кучиты Руслан. Æгасцуай загъта съезды делегаттæн æмæ уазджытæн. Съезды куысты фæткимæ базонгæ кодта йæ архайджыты æмæ уазджыты. Æвзæрст æрцыдысты президиумы, нымайæн, редакцион, мандатон къамисты уæнгтæ. Уый фæстæ азæлыдысты УФ-йы, РХИ-йы, РЦИ-Аланийы паддзахадон гимнтæ, залмæ бахастой Ирыстоны тырыса. Съезды архайджытæй фыццаг ныхасы бар лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн.
— Хæстон цаутæ фæстейæ аззадысты. Хуссар Ирыстон дзæбæх кæны йæ дудгæ хъæдгæмттæ. Ногæй арæзт цæуынц цæрæн хæдзæрттæ, æхсиды сæ бинонты цард. Республикæйы хорзæрдæм цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдон сты цæстуынгæ æмæ бæллиццаг. Уый тыххæй мæ сæрмагондæй стыр бузныг зæгъын фæнды республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн. Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахадыл нымад кæй æрцыд, уый у стыр æмæ историон цау æппæт ирон адæмы царды. Ирыстонæн йæ хуссар хайы хæдбар паддзахад сырæзт Уæрæсейы æххуысæй. Ныр нæ хъæуы Ирыстоны иудзинадыл, нæ рухс фидæныл æмхъаруйæ, æмзондæй, æмвæндæй архайын, — загъта Битарты Вячеслав. Уый майдан «Ирыстоны намысæн»-æй схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны хæстон цауты рæстæг хъæбатырдзинад чи равдыста, йæ рæзтмæ алывæрсыгæй аккаг æвæрæн чи хæссы, уыцы æфсæддонты æмæ æхсæнадон архайджыты: Диакъонты Амираны, Челæхсаты Валодяйы, Козаты Джемалы, Мамиты Игоры, Остъаты Роберты, Остъаты Таймуразы, Плиты Игоры, Пухаты Мерабы, Тедеты Иналы æмæ Цыбырты Алексейы.
— Мах фæндыд, цæмæй абоны съездмæ Цхинвалмæ æрбамбырд уой зæххы къорийыл цæрæг ирон адæм, цæмæй иумæ бацин кæнæм нæ республикæйы хæдбардзинадыл 10 азы сæххæсты боныл. Ацы историон цаумæ цыдыстæм гуыргъахъ, зын фæндагыл, фæлæ, рæстдзинад мах фарс кæй уыдзæн, ууыл стыр ныфс æмæ æууæнкимæ. Абон мах æрбамбырд стæм, цæмæй ма иу хатт зæгъæм бузныг Уæрæсейæн, æмæ ссарæм, Хуссар Ирыстоны сæрибардзинады сæрвæлтау йæ туг чи ныккалдта, æмæ нæ хæдбардзинады рухс бон чи нæ уал федта, уыдоны рухс нæмттæ. Мах ныртæккæ нæ тыхтæ хъуамæ саразæм уымæ, цæмæй Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон баиу уой æмæ афтæмæй бацæуой Уæрасейы скондмæ, — загъта Бибылты Анатоли.
Уый фæстæ Бибылты Анатоли республикæйы паддзахадон хæрзиуджытæ радта Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сабырдзинадыл, фидыд æмæ сабыр цардыл йæ зондæй, йæ хъаруйæ чи бацархайдта æмæ архайы, уыдонæй къорд адæймагæн.
Съезды сæйраг раныхасгæнджытæ уыдысты «Иры Стыр Ныхас»-ы æмсæрдартæ Кучиты Руслан æмæ Гаглойты Роберт. Уыдон сæйраг æргом аздæхтой, Ирон адæмы IX съезды уынаффæтæ царды куыд æххæст цæуынц, «Иры Стыр Ныхас»-ы советы комитетты куысты сæйрагдæр бакæнинаг хъуыддæгтæм, нæ иудзинад, культурæ, æвзаг, æгъдæуттæ бахъахъхъæныны фарстатæм.
Се ‘нæниздзинадмæ æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ «Иры Стыр Ныхас»-ы координацион советы уæнгтæй рацæуыны тыххæй курдиæттæ балæвæрдтой цалдæр адæймаджы. Уыдоны бæсты съезд равзæрста ног уæнгты.
Сæйраг раныхæсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой РХИ-йы Президенты администрацийы сæргълæууæг Пухаты Константин. Уый бæлвырд фактыл æнцой кæнгæйæ бæстон æрдзырдта ивгъуыд æнусы 20 азты Гуырдзыстоны хицауад ирон адæмы ныхмæ цы геноцид сарæзтой, уыцы æвирхъау цауыл, стæй йæ фæстиуджытыл.
Мæскуыйы цæрæг ирон адæмы номæй съезды раныхас кодта Саулохты Умар. УФ-йы Паддзахадон думæ æрæджы национ æвзæгты тыххæй цы закъон сфидар кодта, уый ирон æвзаджы рæзтыл куыд сахаддзæн, цавæр фæстиуджытæ расайдзæн йæ фæдыл уый тыххæй, стæй Хуссарæй Цæгат Ирыстоны æхсæн арæнхъахъхъæнæн постытæ айсыныл, ирон адæмы политикон-æхсæнадон фарстатыл æрныхас кодта филологон наукæты кандидат, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.
Тырсыгом, Хъудыком æмæ Гуырдзыстоны территорийыл цы ирон хъæутæ ис, уырдæм, сæрибарæй уыцы бынæттæй рацæуæг ирон адæмы уадзыны тыххæй та раныхас кодта æхсæнадон архайæг Сæлбиты Гæйырбег. Уыдонæй уæлдай съезды архайджытæ цымыдисæй æмæ æхсызгонæй байхъуыстой РХИ-йы Парламенты комитеты сæрдар, фыссæг, публицист Гæбæраты Юрийы, РХИйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мураты, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы мыггæгты æмæ хистæрты советы сæрдартæ Æккацаты Вячеславы, Томайты Шамилы, Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл 13-æм астæуккаг скъолайы директор Сæлбиты Иринæйы, Воронежы цæрæг ирæтты æхсæнады сæрдар Бестауты Уырызмæджы, РЦИ-Аланийы Фæсивæдон парламенты уæнг Гуæцæлты Аланы раныхæстæм. Уый фæстæ съезды архайджытæ сфидар кодтой ахæм уынаффæтæ: Ирон адæмы ивгъуыд æнусы 1918, 20 — 90-æм æмæ 2008 азты геноцид Иугонд нациты организацийы, УФйы Паддзахадон Думæйы æмæ дунейы бæстæты парламенты æмвæзадыл банымайыны тыххæй, Ирыстоны фæсивæды æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты съездтæ саразын, Тырсыгоммæ, Хъуды коммæ, Къобмæ сæрибарæй цæуыны тыххæй Гуырдзыстоны хицауадимæ хъуыддаджы бæлвырд ныхас бакæнын, ирон адæмы IX æмæ X съездты уынаффæтæ царды рауадзыныл бакусын.
Съезды архайджытæ ма Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федераци хæдбар паддзахадыл кæй банымадта, ууыл 10 азы сæххæсты бонмæ сфидар кодта сæрмагонд ныхас. Уым бузныг зæгъы УФ-йы Президентæн, Хицауадæн æмæ Æфсæддон тыхтæн Гуырдзыстоны хицауады æбуалгъ митæн ирон адæмы ныхмæ аккаг ныхкъуырд кæй радтой æмæ Хуссар Ирыстоны сабырдзинад, иудзинад, политикон, экономикон, социалон, культурон рæзтыл, цæмæй иннæ паддзахæдтæ дæр Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайой, ууыл кæй архайынц, уый тыххæй.
Съезды архайджытæн æмæ уазджытæн республикæ Хуссар Ирыстоны аивадон къордтæ, зарæггæнджытæ æмæ артисттæ равдыстой зæрдæмæдзæугæ концерт.
Ирон адæм сæ царды æмæ хъысмæты иумæйаг фарстатæ æмзонд æмæ æмвæндæй лыг кæныныл кæй архайынц, бахъуаджы рæстæг кæрæдзи фарсмæ æрбалæууынмæ цæттæ кæй сты, уазæгæн зæрдиагæй æгъдау раттын сæ бон кæй у, уый ирдæй рабæрæг ацы съезды дæр. Йæ архайджыты уынаффæтæ нæ адæмы иудзинадыл æмæ фæрнджын сомбоныл кæй сахаддзысты, ууыл дызæрдыг нæ кæнæм!
ГАСАНТЫ Валери,
КАСАТЫ Аслæнбег,
ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ
Цхинвал — Дзæуджыхъæу














