26 август. Ацы бон, райсомæй Хуссар Ирыстоны уынгты рацæйцæуæг адæмæн сæ ныхæстæ «Дæ райсом хорз» нæ уыдысты, фæлæ — «Уæлахиз уæд Ирыстон!». Сæ зæрдæтæ дзаг уыдысты алæмæты уæлмонцæй. Хуры сæумæйы тæмæнкалгæ тынтæм цины цæссыгтæ хæххон суадонау уадысты. Республикæ Хуссар Ирыстон — Паддзахад Алани бæрæг кодта, 2008 азы йæ гуырдзиаг экстремистты ныббырсты фæстæ Уæрæсе хæдбар Паддзахадыл куы банымадта, уæдæй дæс азы рацыды бон.
Кæд Хуссар Ирыстон йæ фæзуатмæ гæсгæ стыр нæу, йæ цæрджытæ иу хæстæй иннæмæ цардысты, уæддæр сæ ныфс уыд фидар. Сæ иудзинад сын лæвæрдта рухс фидæнмæ тырныны ныфс. Нæ бакуымдтой фыдхортæн сæттын, не ‘рхастой сæ сæрмæ хъадамантæ дарын, нæ бауагътой сæ фыдæлты кад цъыфимæ сызмæнтын. Иумæ уæхски уæхск, Уæрæсе сæ фарсмæ, афтæмæй бæрзæйсаст фæкодтой знаджы. Уымæй æппæт дунейæн дæр равдыстой, хæдбардзинадмæ куыд тырнын хъæуы, уый. Æмæ сывзæрд Аланты паддзахад.
Сæ циныл бацин кæнынмæ æмæ сын арфæйы ныхас ракæнынмæ æрбацыдысты Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххуысгæнæг Владимир Сурков, УФ-йы Цæгат Кавказы хъуыддæгты æххæстбарджын Сергей Чеботарев, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Донецкы адæмон республикæйы сæргълæууæг Александр Захарченко, Луганскы адæмон республикæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Леонид Пасечник, Сириаг Араббаг республикæйы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Рияд Хаддад, республикæ Абхазы Æдасдзинады советы сæрдар Муххамед Килбай, Республикæ Науруйы, Молдовæ, Хæххон Хъарабах, Хъæрæсе-Черкестæ, Беларусь, КæсæгБалхъар, Цæцæн, Владимиры облæст, Италийæ æмæ ма ноджыдæр бирæ æндæр республикæты минæвæрттæ.
Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ уазджытæ дидинджытæ сæвæрдтой, 2008 азы Августы хæсты сау зынджы чи басыгъд, уыцы æдзард адæмты номыл 5-æм скъолайы кæрты цы номарæн мемориал арæзт ис, уый раз. Ам иу уысм æдзæмæй алæууыны фæстæ сæ балц акодтой, æрæджы Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл цы ног драмон театр сарæзтой, уырдæм. Ам Бибылты Анатоли Паддзахадон хæрзиуджытæй схорзæхджын кодта, Хуссар Ирыстоны райрæзты æмæ хæдбар суæвыны фарстаты чи бацархайдта, уыдоны.
Сергей Чеботарев паддзахадон хæрзиуæг райсыны фæстæ йæ раныхасы загъта, дæс азы размæ æппæт уæрæсейæгты æргом здæхт кæй уыд, ам цы стыр бæллæх æрцыд, уымæ. Иууылдæр кæй тыхстысты ирон адæмы хъысмæтыл, йæ фидæныл. Уæрæсе ирон адæмæй нæ гадзрахат зоны, нæ гæды ми, уымæ гæсгæ сын æнæ æрбалæугæ нæ уыд сæ фарсмæ. Уыимæ, Уæрæсейы Федераци стыр æхсызгонæй Хуссар Ирыстон банымадта хæдбар паддзахадыл.
— Абон æй уынæм, Хуссар Ирыстон сындæг къахдзæфтæ кæнгæйæ хуыздæрæрдæм куыд ивы, уый, — загъта Сергей Чеботарев.
— Мах, Ирыстоны Хуссарварс цæрджытæ, тынг хорз хъуыды кæнæм 2008 азы августы хæсты размæйы цаутæ. Уæд гуырдзиаг фыдгæнджытæ сæхи дæргъвæтин рæстæг цæттæ кодтой хæстмæ. Алыхуызон мадзæлттæй фæцагай-фæцагай кодтой сабырцæрæг ирæтты. Хаттæй-хатт сæ-иу æхсын дæр райдыдтой. Сæ хъæуты уынгты-иу ирæттæн ацæуыны бар нæ уыд, кæд æмæ нæ зæххыл цардысты, уæддæр. Гуырдзыстоны та æндæр бæстæтæй æххуырстой æфсæддонты, æлхæдтой хæстон хотыхтæ. Æмæ сæ фыдракæнды уынаффæ ирон адæмы ныхмæ сæххæст кодтой августы 8-æм бон. Адæм ма боныцъæхтыл уыдтой сæ адджын фынтæ, афтæмæй сыл гуырдзиаг экстремисттæ сырхпиллон артæй гæрах кæнын райдыдтой. Фæлæ хæствæллад ныфсджын ирон адæмы уый нæ фæтæрсын кодта, уæндонæй æрлæууыдысты знаджы ныхмæ. Уæдмæ нæ фарсмæ æрбалæууыд Стыр Уæрæсе, æмæ знаг цыбыр рæстæгмæ пырхгонд æрцыд. Уымæй уæлдай ма нæ Уæрæсейы уæды Президент Дмитрий Медведев банымадта хæдбар паддзахадыл. Уæдæй абоны онг Уæрæсе ис нæ фарсмæ, æнкъарæм ын йе ‘ххуыс, — загъта Президент Бибылты Анатоли.
Ирон театры цалынмæ официалон мадзæлттæ цыдысты, уæдмæ Цхинвал та йæхи цæттæ кодта стыр бæрæгбонмæ. Дунейы дзырдуæттæ куы райсæм, уæддæр сæ не ссардзыстæм ахæм дзырдтæ, цæмæй ацы боны мадзæлтты тыххæй радзурæм. Уынгтæ ирд æмæ тæмæнкалгæ ахорæнты, лентыты, алыхуызон сидтыты фæрцы цæхæртæ скалдтой. Алы тигъыл дæр рог дымгæмæ фæйлыдтой, куыд Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы паддзахадон тырысатæ. Цхинвалы уынгтæ, æвæццæгæн, фæстаг фæндзай азы афтæ дзаг никуы уыдысты цины зарæг, цины худтæй. Бæстæйы сæйраг стадионы астæу скодтой уæззау æмæ фидар дуртæй амад хæхтæ, сæ сæрыл та сын схуыссыд æмæ йæ къах размæ раппæрста ирон адæмы хæдбардзинады символ — фыранк (барс). Стадионмæ æрбацæуæг адæмы цæстытæ цæхæртæ калдтой, æнхъæлмæ кастысты бæрæгбоны райдайæнмæ. Уыцы уысм цыма рæстæг дæр сындæггайдæр цæуын райдыдта, афтæ уыд. Фæлæ алцæмæн дæр — афон. Стадионы уыйбæрц адæм æрбамбырд æмæ, бадынæн нæ, фæлæ дзы æрлæууынæн дæр нал уыд бынат.
Уалынмæ стадионы уæрæх кулдуарæй æрбахызтысты, Хуссар Ирыстоны циныл цин кæнынмæ цы адæмтæ æрцыд æндæр бæстæтæй, уыдон. Иууылдæр сæ нысангонд бынæтты æрбадтысты. Кадджын бæрæгбоны фæдыл ирон адæм æмæ уазджыты раз раныхас кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны — Паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатоли. Уый æппæт адæмæн дæр раарфæ кодта сæ иумæйаг бæрæгбоны фæдыл. Æмæ сын фехъусын кодта, бон раздæр Хуссар Ирыстоны уæлдæр хæрзиуæг, орден «Уацамонгæ»-йæ кæй схорзæхджын кодта УФ-йы Президент Владимир Путины æмæ УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевы. Фæбæрæг ма кодта уый дæр, æмæ абон кæд сæ бон дзаг хъæлæсæй худын у, кæрæдзиуыл цин кæнын у, уæд æрмæстдæр Уæрæсейы, ацы дыууæ адæймаджы фæрцы.
Ирон адæмæн сæ хæдбардзинады дæс азы боны фæдыл Арфæйы фыстæг Сириаг-Араббаг республикæйы Президент Башар Асады номæй бакаст йæ æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Рияд Хаддад. Уый йæ арфæ кæд араббагау каст, æмæ йын æй тæлмац кодтой, уæддæр æнæ тæлмацæй дæр бæрæг уыд, йæ ныхæстæ сыгъдæг зæрдæйæ кæй сты, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы бон цы бирæ арфæтæ райстой Хуссар Ирыстоны адæм, уыдоны фыццæгты фыццаг уыд Уæрæсейы Федерацийы Президент В.Путины арфæ дæр. Бакаст æй Президенты æххуысгæнæг Владимир Сурков:
«Зынаргъ Анатоли Ильяйы фырт!
Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстон хæдбар паддзахадыл банымайыны боныл дæс азы сæххæсты фæдыл зæрдиаг арфæ кæнын дæуæн æмæ республикæйы æппæт цæрджытæн. 2008 азы Уæрæсе æфсымæрон хуссарирыстойнаг адæмы агрессийæ бахъахъхъæныны хъуыддаг йæхимæ куы райста æмæ уый фæстæ уæ бæстæйы паддзахадон суверенитет куы банымадта, уæд байгом уæрæх фадæттæ республикæйы райрæзтæн.
Нæхæдæг æй уынæм, республикæ дæс азмæ хуыздæрæрдæм куыд аивта, уый. Уымæ гæсгæ дарддæр дæр иумæ кусдзыстæм æмæ архайдзыстæм, цы риссагдæр фарстатæ ма дзы ис, уыдон алыг кæныныл дæр.
Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгад. Æнтыстджын ут! Уæ бæстæ сабыр куыд уа, æмæ уæ бæрæгбоны хорзæх уæд!»
Арфæйы ныхæсты фæстæ сценæйæ райхъуыст бæхты къæхты уынæр.
Уый нæ рагфыдæлтæ-Алантæ æнусты арфæй æрвитынц салам. Сæ минæвар йæ урс бæхыл, ирон тырыса бæрзонд сисгæйæ, атезгъо кодта адæмты цæстыты раз. Уалынмæ рахызт Аланты мад — Задæлесчы Нана, кæй фервæзын кодта, уыцы сывæллæттимæ. Йæ хъæбултыл аудгæйæ, сæ сæртæ сын лæгъзытæ кæнгæйæ иу уысмы фæстæ дуджы тары айсæфт, æмæ йæ бынатмæ рахызт хъæздыг уæлæдарæсы уырысы сылгоймаг-паддзах Елизаветæ I, йæ комкоммæ — хæххон адæмты минæвæрттæ, сæ сæргъы — Магкаты Зураб. Ирыстон Уæрæсеимæ баиу. Ирон адæм уæндон улæфт скодтой, хохы цъассытæй быдыртæм æрхызтысты. Сæ цард гыццыл сæ фарсыл райдыдта хæцын. Æмæ та… революци революцийы фæстæ. Змæстытæ, ахæстытæ, фыдцæрдтытæ. Фæстæдæр — Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Хуссар Ирыстоны геноцидтæ. Дон тугæй фестад сырх… Сылгоймæгтæ сæ сау дарæстæ скодтой. Зæрдæтæм цины мур нæ хъары.
Фæлæ мæнæ 2008 азы 26 август — Хуссар Ирыстон Уæрæсейы паддзахад банымадта хæдбар паддзахадыл. Адæмты зæрдæтæ цинæй байдзаг сты. Цæгат Ирыстоны цæрджытæй бирæтæ сæ хуссайраг æфсымæрты циныл цингæнгæйæ кусæрттæ акодтой.
Æмæ ма цы хъуамæ уа уымæй хуыздæр, дæхи уæгъдибар куы æнкъарай, уæд. Куы нæ дарай хъадамантæ. Куы уарзай адæмты æппæт. Макуыуал уæд хæст!
Зæгъынц сæ хъуыдытæ хæдбардзинады фæдыл Хуссар Ирыстоны цæрджытæ
БИТЕТЫ Соня, Къуайсайы районы Цъоны хъæуы цæрæг:
— Хæст куы райдыдта, уæд мах Цхинвалы уыдыстæм æмæ йæ фыццаг нæ бамбæрстам, цы æрцыд, уый. Уалынмæ райхъуыст, хæст райдыдта, зæгъгæ. Махæн, зæрæдтæн, та цы нæ бон уыд. Æнхъæлмæ кастыстæм нæ мæлæтмæ. Фæлæ, Хуыцауæн табу, мæ уд сæ фæхъхъау, уайтагъд нæ уæлхъус алæууыдысты Уæрæсейы æфсæдтæ. Иууылдæр нæ бадын кодтой автобусты æмæ нæ ластой Цæгат Ирыстонмæ, уым ныл адæм æмбæлдысты зæрдæрухсимæ, уыимæ сæ кæуын нæ уромгæйæ.
Мах никуы бафиддзыстæм Уæрæсейы хæрзтæ. Уыдон нын куы нæ уыдаиккой, уæд абон мах уæвгæ дæр нæ уаиккам. Ацы æвзæр цъулбертæ нæ мыггагыскъуыд скодтаиккой. Абон Уæрæсейы фæрцы мах стæм хæдбар паддзахад. Ис нын тынг хорз Президент. Иæ бон куыд у, æмæ йæ гæнæнтæ куыд амонынц, афтæ архайы. Аразы нын фæндæгтæ, йæ хъус нæм дары. Чи зоны, æмæ кæйдæрты зæрдæмæ нæ цæуы, фæлæ хур дæр алкæй иухуызон нæ тавы. Уый иунæг у, мах та стæм бирæ. Æмæ йæ тынг куы фæнда, уæддæр нæ аххæсдзæн æппæтыл.
СЛАНТЫ Мæдинæ, Цхинвалы цæрæг:
— Хæдбардзинады боны тыххæй зын дзурæн у. Уымæн æмæ адæймаджы зæрдæ фырцинæй рарæдувынæввонг вæййы. Йæ цин йæ хуылфы нал фæцæуы. Раздæр-иу æхсæвыгон нæ бон фынæй кæнын дæр нæ уыд. Алы изæр дæр æнхъæлмæ кастыстæм, зæгъгæ, мæнæ ныртæккæ нæ хæдзарыл сæмбæлдзæн гуырдзиаг рæмудзæн. Фæлæ абон Стыр Уæрæсейы фæрцы æхсæв æнæмæтæй бахуыссæм. Сабыргай нæ къæхтыл слæууыдыстæм. Нæ сæргълæууæг Бибылты Анатоли тынг архайы, ардыгæй чи алыгъд, уыдонæн фадæттæ скæныныл, цæмæй фæстæмæ сæ фыдæлты уæзæгмæ æрбаздæхой. Раст зæгъгæйæ, мах ын уый æнхъæл нæ уыдыстæм, æмæ ахæм стыр патриот разындзæн. ТАДТАТЫ Григори, скрипкæйæ цæгъдæг, Италийы цæрæг
— Хъыгагæн, æз, ам нæ цæрын, фæлæ æрвылаз æрцæуын, цæмæй ирон дзырд, ирон ныхасæй бафсæдон, фенон мæ хæстæджыты, хиуæтты. Къорд азы размæ ма ам фæстаг хатт куы уыдтæн, уæд нæ горæт уыд дæрæн, æнæфснайд. Фæлæ ныр, мæнæ цалдæр боны размæ куы æрцыдтæн, уæд æй нал базыдтон. Цæхæр скалдта. Адæм аивтой, сæхи райдыдтой уæндондæрæй æвдисын. Сæ цæсгæмттыл фæзынд мидбылхудт. Кæй зæгъын æй хъæуы, нырма кæнинæгтæ бирæ ис, фæлæ адæм æнгом куы уой, кæрæдзи куы æмбарой, уæд уыцы хабæрттæ дæр цыбыр рæстæгмæ сырæздзысты.
ЦХУЫРБАТЫ Тугъан, Цхинвалы цæрæг:
— Исчи мæ куы бафæрсы, цы у хæдбар паддзахад, уымæй, уæд ын фæзæгъын: «Уый хуымæтæг дзырдтæй зæгъæн нæй, хъæуы йæ банкъарын». Æнкъаргæ та йæ бакæндзæн, æрмæстдæр уарзæгой зæрдæ кæмæн ис, уый. Мæнæ къадакуырой æнæ донæй куыд нæ зилы, афтæ адæймаджы зæрдæ дæр æнæ хæдбардзинадæй нæ фæкусы, кæд фæкусы, уæддæр æнæбары.
Бузныг Уæрæсейæн, нæ фарсмæ кæй балæууыдысты æмæ нæ тугцъирты хъæлæсæй кæй байстой, уый тыххæй. Дæс азы йæ æрвылбон æнкъарæм, нæ цард кæд сындæггай цæуы, уæддæр — хорзæрдæм. Уынгты айдагъ æдæрсгæйæ ацæуын дæр тынг бирæйы аргъ у.
Цæмæй нæ цард ноджы хуыздæр уа, уый тыххæй та, не ‘мбæстаг фыссæг æмæ ахуыргонд Плиты Гацыр куыд зæгъы, афтæмæй хъæуы ахуыр кæнын. Уымæн æмæ æнахуыргонд лæг æнæифтыгъд дамбацайæ уæлдай нæу
КАСАТЫ Аслæнбег





















