Республикæйы социалон-экономикон рæзты ахсджиаг нысантæ

0
437

 

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары Хæдивæг Виталий МУТКОИМÆ. Дыууæ разамонæджы æрныхас кодтой, РЦИАланийы социалон-экономикон рæзты ахсджиагдæр мадзæлттæ 2019 азы финансон фæрæзтæй куыд æххæстгонд цæудзысты, уыцы фарстаты фæдыл.

Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы архайды сæйрагдæр нысантæй иу у муниципалон арæзтыты социалон- экономикон рæзт. Проектон разамынды принциптæй пайда кæнын кæм райдайдзысты экономикон-социалон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй, уыцы фыццаг районтæ Цæгат Ирыстоны сты Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районы муниципалон арæзтытæ.

Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины амынддзинад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ фидаргонд æрцыд 2018-2025 азты РЦИ-Аланийы социологон-экономикон рæзты фыццагдæр аразинаг хъуыддæгты номхыгъд. Уымæй уæлдай, хицауады æххæстгæнæг федералон оргæнтæн хæсгонд æрцыд, цæмæй бюджетон проекттыл кусгæйæ, хыгъд æрцæуой хъæугæ фæрæзтæ федералон бюджеты.

Номхыгъды цы 50 мадзалы нысангонд æрцыд, уыдонæй 27 хауынц Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районты социалонэкономикон рæзтмæ. Фæлæ уынаффæ 2017 азы декабры фидаргонд кæй æрцыд, уымæ гæсгæ номхыгъдмæ цы объекттæ бахаудысты реконструкци кæнынæн æмæ саразынæн, уыдонæн 2018 азы паддзахадон программæйæн федералон бюджетæй фæрæзтæ радих кæнын хыгъд не ‘рцыд. Регионалон бюджеты та хыгъд æрцыдысты. Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев рахаста уынаффæ, 2018 азы Номхыгъды амынд мадзæлттæй авд сæххæст кæнынæн лæвæрд æрцæуа федералон бюджетæй æхцайы фæрæзтæ æдæппæт 1,0 миллиард сомы — Мæздæджы иу сменæмæ 850 адæймаджы райсын йæ бон кæмæн уа, ахæм поликлиникæ æмæ Горæтгæрон районы дыууæ амбулатори саразынæн, Æрыдоны районы центрон рынчындон сцалцæг кæнынæн æмæ сывæллæтты æртæ рæвдауæндоны саразынæн.

2019 азы аразинаг цы объекттæ сты, уыдоны тыххæй хицауады æххæстгæнæг федералон оргæнтæм республикæ арвыста бюджетон хъæугæ гæххæттытæ. Æппæт объекттæн дæр рæстæгыл арæзт æрцыд проектонсметон гæххæттытæ æмæ республикæйы паддзахадон экспертизæйы хорз хатдзæгтæ. Республикæйы разамынд рагагъоммæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары Хæдивæг Виталий Муткойы номыл арвыста Курдиат 2019 азы æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ ахуырады 19 объекты саразыны тыххæй.

— Нæ зæрдæ дарæм де ‘ххуысыл. Номхыгъды иннæ объекттæн ныртæккæ аразæм проектон-сметон æмæ регионалон паддзахадон экспертизæйы гæххæттытæ æмæ курæг стæм, цæмæй нын феххуыс кæнай федералон бюджетæй æхцайы фæрæзтæ райсынæн 2020- 2021 азтæн нысангонд мадзæлттæн, — загъта Битарты Вячеслав.

Дыууæ разамонæджы ма æрныхас кодтой, Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботарев республикæ бабæрæг кæныны фæстæ хæххон лыжæтыл бырæн курорт «Мамысон»- ы фидæны хорз проекты тыххæй цы хатдзæгтæ скодта, уыдоны тыххæй.

 

Стадион «Спартак» рацараздзысты

Республикæйы социалон-экономикон рæзты ахсджиаг нысантæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары Хæдивæг Виталий МУТКОИМÆ. Дыууæ разамонæджы æрныхас кодтой, РЦИАланийы социалон-экономикон рæзты ахсджиагдæр мадзæлттæ 2019 азы финансон фæрæзтæй куыд æххæстгонд цæудзысты, уыцы фарстаты фæдыл. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав кусæг балцы Мæскуыйы уæвгæйæ, фембæлд УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Ольгæ ГОЛОДЕЦИМÆ. Фембæлды ныхас цыд стадион «Спартак»-ы фидæны рацарæзтыл.

— Республикæ хъæздыг у курдиæттæй, хъахъхъæны спорты зындгонд хуызы традицитæ, фæлæ сын æххуыс кæнын хъæуы. Махмæ ис, дæсны тренертæ кæм кусы, ахæм цалдæр футболон скъолайы. Нæ футболисттæ абон сæ спортивон æнтыстдзинæдтæ æмæ уæлахизтæй канд ирон спортуарзджыты нæ хъæлдзæг кæнынц. Мах сæрыстыр стæм уыдонæй æмæ нæ фæнды, цæмæй ма нæм ног нæмттæ дæр фæзына. Уымæ гæсгæ нæ хæс у Цæгат Ирыстоны сывæллæтты-æвзæнгты футболы рæзтæн нырыккон уавæртæ саразын, — фæбæрæг кодта Битарты Вячеслав.

Хъуыддаг афтæ у, æмæ 1962 азы арæзт стадионы хицæн хæйттæ сты тæссаг уавæры. Бакæнын дзы хъæуы бирæ алыхуызон куыстытæ: ивинаг у футболон фæз, техникон хæйттæ хъæуы фæтыхджындæр кæнын, трибунæтæ — рацаразын, рухсы системæ — цалцæг кæнын æмæ æндæртæ. Рацаразинаг объекты фæзуат у 11,5 гектары бæрц.

Стадионы рацарæзты фарста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав раздæр ма систа Уæрæсейы Президентимæ æрæджыйы фембæлды. Ацы аз июны та УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевимæ дæр. Кæронбæттæны хæсгонд æрцыд Дзæуджыхъæуы футболон стадион «Спартак»-ы рацарæзты проект бацæттæ кæнын. Ныхас цыд, Аланийы саргъуыды 1100 азы бæрæгбонмæ цæттæ кæныны организацион комитеты фыццаг æмбырд саразын кæй хъæуы, уый фæдыл дæр. Уæ зæрдыл уын куы ‘рлæууын кæнæм, уæд оргкомитеты сæргъы ис УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Ольгæ Голодец. Зæрдылдарæн нымæц 2022 азы бæрæггонд æрцæудзæн федералон æмвæзады. Ахæм Указ УФ-йы Президент бафыста 2017 азы октябры. Оргкомитеты сæрдары хæдивæг Уæрæсейы Культурæйы министрады фæндонæй у РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Мадзалмæ цæттæ кæныны бæрнон адæймæгты нымæцы сты паддзахадон хицаудзинады, культурæйы æмæ Уырыссаг чырыстон аргъуаны минæвæрттæ.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here