Урс хохæй урс дуртæ тулы

0
644

 

Рæстæг, дам, алцыдæр, алкæй дæр ферох кæнын кæны, бамбæрзы йæ рохуаты фæлмæй. Ирыстоны куырыхондæр, уарзондæр хъæбултæй иу Джелыты Тамерланы амæлæты фæстæ кæд къорд азы рацыд, уæддæр нæм уыцы фæлмæй разыны йæ зæдæнгæс сурæт.

Дзæуджыхъæуы Сыгъдæг Георгийы аргъуаны рæзты фæндаггонтæ куы фæцæйцæуынц, уæд сæ бынæттæй сыстынц, сæхиуыл дзуæрттæ бафтауынц. Фæлæ уыдонæй, æвæццæгæн, алчи нæ фæзоны, уыцы удварны аргъуанæн йæ аразджыты амидингæнæг, йæ генералон директор Джелыты Тамерлан кæй уыд, уый.

Тамерлан, цыма, йæ царды кæрон зыдта, уыйау ма йæ райгуырæн хъæу Ногиры дæр ахæм удсыгъдæггæнæн аргъуан цæмæй арæзт æрцæуа, ууыл йæ уд хъардта. Тыхстис, йæхицæн æнцой нал лæвæрдта, æмæ йæ уæд æргомæй загъта махæн, йæ уарзон сыхæгтæн, æвæдза, цы амондджын, дам, уаин, мæ бæллиц куы сæххæст уаид, уæд. Хъæуы астæу цæхæркалгæ рæсугъд аргъуан арæзт куы æрцыд, йæ бæллиц куы сæххæст, уæддæр йæхи кой кæнын нæ уагъта, мæнæн, дам, фæрсæрдыгæй бирæ æххуысгæнджытæ уыд. Цæмæ, дам, бæллыдтæн, уый Стыр Хуыцауы фæрцы рауад, æмæ, дам, Хуыцауæй арфæгонд уæнт се ‘ппæт дæр. Ныр бæрæгбон куы вæййы, уæд Тамерланы конд аргъуантæ горæты дæр æмæ Ногиры дæр дзаг вæййынц адæмæй. Уыдон æрымысынц ацы сыгъдæг уд, куырыхон, йæ туджы алы æртахы дæр йæ хъæуы адæммæ, Ирыстоны адæммæ стыр уарзондзинад кæмæн æхсыст, уыцы Джелыты Хъауырбеджы фырт Тамерланы.

Тамерлан райгуырд Ногиры. Ахуыры бындур дæр Ногиры скъолайы сæвæрдта. Стыр дисы-иу нæ бафтыдта мах, ахуыргæнджыты, йæ диссаджы хæрзæгъдау æмæ дзырдарæхстæй, арф зонындзинæдтæй. Уый Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты райста инженер-аразæджы дæсныйад æмæ æрвыст æрцыд Цæгат Воркутамæ кусынмæ. Дæс азы фæстæ сыздæхтис Ирыстонмæ æмæ куыста цалцæггæнæнарæзтадон тресты сæйраг инженерæй. Кæд æм бирæ Кады гæххæттытæ уыд, уæддæр йæ удæн адджындæр уыд, салдат ма куы уыд, уæд ын Плиты Иссæ йæхи къухæй кæй радта, уый — «Отличник военного строительства». Дыккаг хæрзиуæг та — Уасгеоргийы аргъуаны арæзтады тыххæй. Майдан ын лæвæрд æрцыд митрополит Гедеоны къухæй.

Тамерлан кæм ахуыр кодта, кæм куыста — алы ран дæр ын уыд стыр кад. Æз бирæ рацардтæн, хорз зонын ирон бинонты цардыуаг, уæдæ телевизор, радио, мыхуырмæ дæр мæ хъус хорз дарын, фæлæ ныронг Джелыты Тамерланы удыхъæды хуызæн нæлгоймагæй нæма федтон, никуы фехъуыстон.

Кæд Тамерлан йæхæдæг горæты цард йæ бинонтимæ, йæ фыды æфсымæр Джелыты Никъифор, уый бинойнаг Анычкæ æмæ сæ фыды хо Раисæ нæ сыхы, Ногиры цардысты, уæддæр сæ æнæбабæрæггæнгæ никуы фæци. Ацы бинонтæн Хуыцау цот нæ балæвар кодта. Æртæйæ дæр, азтæ æмæ низтæ сæ уæз кæуыл æруагътой, ахæм хистæртæ уыдысты. Бинонтæ кæд æнæцот уыдысты, уæддæр Тамерлан йе стырдæр хæсыл банымадта, ацы мæгуыр рынчынты ма ныууадзын æнæ ‘ркастæй, æнæхицауæй, фæкæсынхъуагæй. Бирæ ралас-балас сæ фæкодта рынчындæттæм, санаторитæм, тыхджындæр дохтыртæм, фæлæ, адзалæн мадзал кæд уыдис. Никъифор ахицæн. Рæсугъд æгъдауимæ йæ афæндараст кодта йе ‘нусон бынатмæ.

Чысыл фæстæдæр та Никъифоры ус Анычкæ дæр æрхуыссыд, бахаудис æм ахæм низ, кæцыйæн нал уыд сдзæбæхгæнæн. Цас хорз дохтыртæ йæм фæхуыдта хæдзармæ… Уæдæ хостæ — æппæты зынаргъдæртæ, фæлæ низ карзæй-карздæр кодта. Рынчынæн-иу улæфт куы нал фаг кодта, уæд-иу ын Тамерлан йæ хуыссæн рахаста кæртмæ, æхсæв та-иу уынджы змæлæг куы нал уыд, уæд та-иу æй æд сынтæг балæууын кодта уынджы — сæ дуармæ, кæд уым фылдæр уæлдæф уаид, зæгъгæ. Йæхæдæг та-иу йæ фарсмæ бадтис боны срухсмæ.

Тамерланы æрвылбоны тыхст æмæ катай уыдта йæ бинойнаг Ханæ æмæ Тамерланы æфсымæры ус Заремæ, Джелыты Сосланы бинойнаг. Уыдон кæд куысты лæуд уыдысты, уæддæр радыгай уадысты рынчынмæ æмæ йæм зылдысты, раст цыма Анычкæйæн йæ дыууæ чызджы уыдысты, афтæ дардтой хæдзар. Рынчын бамбæрста, йæ царды кæрон кæй æрбахæстæг, æмæ аивæй балхæнын кодта дыууæ къухдарæны, фæдзурын кодта сыхаг лæг Багаты Тутимæ æмæ йын бафæдзæхста, цæмæй йын йæ чырыны уæлхъус Тамерланы ус Ханæйæн (октябрыхъæуккаг Годжыцаты Георгийы чызгæн), Джелыты Заремæйæн (змейкæйаг Тедеты Никъалайы чызгæн) стыр арфæ ракæна æмæ сын сæ къухтыл бакæна зæрдылдарæн сыгъзæрин къухдарæнтæ.

Сæххæст кодтой рынчыны фæдзæхст æмæ саударæн æмбырды бирæ арфæтæ райстой Тамерлан, йæ бинойнаг Ханæ æмæ чындз Заремæ, адджын хъæбулты лæггад сын кæй фæкодтой, уый тыххæй. Ныр та бынтон иунæгæй баззад фыды хо рынчын æмæ кæсинагæй. Æвæдза, куыд æрхъуыдыджын уыдис Тамерлан?!

Мит-иу куы рауарыд, уæд — тагъд хъæумæ, уыцы мæгуыр хæдзар, дам, хъуамæ æдзæрæгхуыз ма уа, æмæиу сыхæгты разæй Джелыты арæнтæ — аив, сыгъдæг марзт. Уæдæ цæхæрадон кæддæриддæр — хæрзхъæд куыст, фæллой — æфснайд, афтæмæй та дзы Тамерлан йæхи хæдзармæ никуы ницы хаста ацы фæллойæ. Нæ базары рагуалдзæг фыццаг дыргътæ, халсартæ куы фæзыной, уæд дзы хъуамæ раздæр Тамерланы рынчынтæ фæхъæстæ уой. Цы хуыздæр ахæрой, кæм хуыздæр аулæфой, хуыздæр рынчындон, хуыздæр дохтыртæм ма сæ кæм фенын кæна, ууыл уыд йæ мæт Тамерланæн. Сæрдыгон хъæуы адæм дуæрттæм куыннæ фæбадынц. Тамерлан горæтæй æрхæццæ йæ хæссинæгтимæ, дуармæ уал сæ æрæвæры, æмæ — диссаг, алы бадтмæ дæр бауайы, салам сын ратты, рынчынты афæрсы, кæмæн — арфæ, кæмæн та — тæфæрфæс. Уымæй ма аивдæр хъуыддаг уа.

Тамерлан æппындæр йæхи кой кæнын нæ уарзта, æндæр ныхæстыл-иу йæхи адардта. Бæрзонд, хæрзконд, хæрзуынд, йæ сæр фæхалас афонæй раздæр, дзырдарæхст, диссаджы хъæлæсы хицау. Уый-иу чындзæхсæвы куы ракуывта, зианы уæлхъус куы радзырдта, уæд-иу æм адæм æрыхъуыстой. Фарстой-иу кæрæдзи: «Кæцон лæг у, кæмæй у?» Ногирæгтæ сæрыстырæй дзупп лæвæрдтой: «У ногираг лæппу, Джелытæй».

Афтæ фæзæгъынц, æппæтæй æххæст адæймаг нæй, зæгъгæ. Джелыты Тамерлан мæнмæ каст æппæтæй æххæст адæймаг. Уый уыдис кæстæртæн диссаджы фæзминаг. Стыр Хуыцау нын Тамерланы хуызæн гуырдтæ раттæд, æмæ уыдонмæ цы кæстæртæ кæсой, уыдон никуы фæрæдидзысты, уыдон галиу фæндаг нæ равзардзысты.

Тамерлан, уæлдай кадæн ныгæд æрцыд, йæ уд, йæ хъарутæ цы аргъуаны арæзтадæн радта, уый кæрты. Ахæм кад стæмтæм æрхауы, æмæ Мæрдты бæстæй сыгъзæрин талатæ суадзæд.

Тамерланы фæстæ баззад æртæ тæхудиаджы хъæбулы: Ельвирæ, Ленæ, Олег. Уыдон раст сæ фыды халдих рауадысты. Каст фесты бинонты скъола. Мад æмæ фыд æцæг мад æмæ фыд куы уой, уæд дзы хæрзхъæд, хæрзæгъдау кæстæртæ бахъомыл вæййы. Чызджытæ райстой, рагæй цæмæ бæллыдысты, уыцы дæсныйæдтæ, æмæ сæ афæндараст кодтой дыууæ фæрнджын мыггагмæ — Дзаттиатæ æмæ Хъалæгатæм. Олег æнтыстджынæй каст фæцис медицинон институт, Мæскуыйы та — ординатурæ, аспирантурæ. Ныртæккæ у зындгонд хирург. Куыд адæймаг, афтæ йæ куырыхон фыды адæймагдзинады хорз миниуджытæй фæсте ницы ныууагъта, æмæ йын йæ фарнмæ фарн æфтауæг куыд уа, ахæм амонд æй уæд.

Мæнгæн нæ фæзæгъынц, урс хохæй, дам, урс дуртæ тулы…

ДЫГЪУЫЗТЫБУТАТЫ Зинæ, Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг, Ногир

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here