Владимир Путины ныхас Уæрæсейы Федерацийы цæрджытæм

0
361

 

Уæрæсейы Федерацийы зынаргъ граждæнтæ, зынаргъ æмбæлттæ!

16 июны 2018 азы Уæрæсейы Федерацийы Хицауад Паддзахадон Думæмæ бахаста пенсион реформæйы тыххæй закъоны проект. Уымæ Парламенты æркастысты фыццаг бакасты 18 июлы. Реформæйы сæйраг нысантæ æмæ хæстæ сты уый мидæг, цæмæй нæ бæстæйы адæмæн пенситæ фидыны фарста рагагъоммæ нывыл лыггонд цæуа. Афтæмæй абоны пенсиисджытæ æмæ, фидæны пенсийы кары чи бацæудзæн, уыдоны æфтиæгтæ æрцæудзысты хъахъхъæд æмæ рæздзысты.

Цæмæй уыцы нысантæ къухы бафтой, уый тыххæй закъоны проектмæ гæсгæ къæпхæнгай фылдæр кæндзæн пенсимæ ацæуыны кар. Æмбарын æй, ацы фарстатæ ахсджиаг сты нæ бæстæйы æппæт цæрджытæй алы адæймагæн дæр. Уымæ гæсгæ уæм комкоммæ сидын, æмæ уын бæлвырд æмбарын кæнын, Хицауады ацы закъоны проект цас ивддзинæдтæ бахæсдзæн уæ цардмæ æмæ уын зæгъон мæ фæндæттæ.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзынæн, пенсион реформæйыл ныхас канд абон нæ цæуы, фæлæ ма йыл дзырд цыд советон цардарæзты рæстæг æмæ 90-æм азты. Фæлæ-иу ацы фарстайы фæдыл уынаффæтæ аргъæвтой фæстæдæр рæстæджытæм.

Уымæн уыд бæлвырд аххосæгтæ. Сæйрагдæр та, 2020 азы нæм æнхъæлмæ кæсынц демографиимæ баст лыггæнинаг фарстатæ. Уыдонæн та сæ аххосаг уый мидæг ис, æмæ алы 25-27 азы бинонтæ кæныны кармæ, сывæллæттæ хъомыл кæныны рæстæгмæ цас æмбæлы, уымæй дзæвгар къаддæр фæсивæд бахизы. Уыцы уавæрыл фæзындысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты демографион зианхæссæг фæстиуджытæ. Уыдон комкоммæ хæсты амæттæгтимæ баст не сты, фæлæ ма уыцы уæззау азты милуангай адæймæгтæ дунейы рухсмæ кæй нæ фæзындысты, уыимæ.

Нæ бæстæйы чысылнымæц фæлтæр сæ кармæ куы хызтысты, уыцы рæстæг æрхауд ивгъуыд æнусы 90-æм азтæм. Фæлæ уыцы рæстæг нæ бæстæ уыд уæззау социалон-экономикон цъысымы æмæ йын, кæй зæгъын æй хъæуы, уыд уæззау фæстиуджытæ. Уый та нæ æркодта дыккаг тыхджын демографион къуырцдзæвæнмæ. Уымæн æмæ цас æмбæлд, бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыцы рæстæгмæ уый бæрц сабитæ нæ райгуырд. Ацы уавæр абарæн ис, 1943-1944 хæстон азты цы уавæр сæвзæрд, уыимæ.

Æмæ ныртæккæ уыцы уæззау азты райгуырæг чысылнымæц сывæллæттæ бахызтысты сæ куыстхъомдзинады кармæ. Уымæ гæсгæ та уæлдай уæз æнцайы нæ бæстæйы пенсион системæйыл. Æмткæй райсгæйæ, арæзт у хæларадон принциптыл. Абон кусгæ чи кæны, уыдон цы пенсион фиддонтæ кæнынц, уыдонæй пенситæ фыст цæуынц, нæ ныййарджыты кары фæлтæры чи ис, уыцы пенсиисджытæн. Уыдон та цалынмæ куыстой, уæдмæ сæ пенсийы фиддонтæй æмбæрзт цыдысты нæ дадаты фæлтæры пенсион хæстæ.

Афтæмæй куыстхъом адæмы нымæц къаддæр кæны, уымæ гæсгæ цæхгæр ныллæг кæны бæстæйы хъомыс, пенситæ фидын æмæ сæ индексаци кæнынæй. Уымæ гæсгæ ивддзинæдтæ сты æнæмæнгхъæугæ. Фæлæ, уæд, 2000 азты æз уыдтæн сæ ныхмæ. Нырма сæ рæстæг кæй нæма æрцыди, уый тыххæй дзырдтон кæм æргом, кæм сæрмагонд æмбырдты. Зæгъæм, 2005 азы мæ комкоммæ эфиртæй иуы æз загътон, цалынмæ Президенты бынаты уæвыны æмгъуыд нæ фæуа, æмæ ацы бæрнон бынат ахсон, уæдмæ пенсион реформæйæн йæ кой дæр нæ уыдзæн.

2008 азы Уæрæсейы Президенты бынат куы ныууагътон, уæдмæ пенситæ фидыны уаг уыд æнæивгæ. Уыцы хъуыддагæн уыд социалон-экономикон æгъдауæй раст æмæ фидар бындур. Бæстæ уыд уæззау экономикон уавæры. Цæрыны кар 65 азæй уæлæмæ нæ хызт.

Уыцы уавæрты мах пенсимæ рацæуыны карыл куы бафтыдтаиккам, уый хыгъд пенсион фиддонты бæрцыл дæр куы бафтыдаид, ныр куыд у, афтæ, уæд цæмæ æрцыдаиккам? Бирæ бинонтæ, уæлдайдæр чысыл горæтты æмæ хъæуты фæуыдаиккой æнæфтиаг. Куыст кæй нæй, уымæ гæсгæ та пенсимæ дæр цы хуызы рацыдаиккой. Цы æхцайы бæрц æм бафтыдаид, уый та фæуыдаид инфляцийы аууон. Æмæ нæ бæстæйы мæгуыр адæмы нымæц уыдаид бирæ.

Абон дунейы Уæрæсе ис раззагдæр бæстæты ‘хсæн, адæмы цард æппæты бæрзонддæр кæм у. Фæстаг 15 азы уый фæци 8 азы фылдæр. Ацы объективон бæрæггæнæнтæн æвдисæн сты Нациты Иугонд Организацийы экспертты хатдзæгтæ дæр. Ныр нæ размæ сæвæрдтам хæс, цæмæй фидæны дæсазоны кæронмæ нæ бæстæйы адæм 80 азæй къаддæр ма цæрой.

Пенсимæ рацæуыны кармæ ивддзинæдтæ бахæссыны хъуыддаг у политикон процессы домæн алы демократон æхсæнады дæр. Уый хыгъд, æз Хицауадæй куырдтон, цæмæй æркæсой фарста алыг кæнынмæ цавæр конструктивон фæндæттæ ис æмæ сæ сахуыр кæной. Уыимæ, æргом аздахын æмбæлы, оппозицион тыхтæй цы фæндæттæ цæуа, уыдонмæ дæр.

2005 азы кусгæ чи кодта, уыцы граждæнты пенситæ æмæ пенситы фæдзæхстадон хайæ æхца фыст кæмæн цыд æмæ йæ кармæ гæсгæ уымæй æфтиаг чи иста, уыдоны æмахасты уыд 1,7 проценты, ныр та 2019 азы уыдзæн 1,2 проценты. Нæ бæстæйы кардзыд адæм цы пенситæ исынц, уыдон сты хæрзчысыл, сæ рæстæджы не стыр бæстæйы куыстады рæзтыл цы тыхтæ бахардз кодтой, уыимæ абаргæйæ. Мах сæ разы стæм хæсджын.

2019 азы кармæ гæсгæ пенситæ хъуамæ фæуой 7 проценты фылдæр. Иумæйагæй хæстæгдæр 6 азы нæ бон уыдзæн, йæ кармæ гæсгæ пенси чи исы, уыдонæн се ‘хцайы бæрц иу мин сомы фылдæр кæнын. Уый та нын фадат ратдзæн, 2024 азмæ пенситы рæстæмбис бæрц кусгæ чи нæ кæны, уыцы адæмæн мæй 20 минмæ схæццæ кæнын. (Ныртæккæ та пенсийы бæрц у 14 мины 144 сомы).

Мæ барамындмæ гæсгæ, Хицауад куыста пенсион реформæйы домæнтæ фæрогдæр кæныныл. Уыдонмæ каст цыд лæмбынæг æмæ рабæрæг, цæхгæр кæй ницы ивынц, уый. Финансты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ хъалонты бæрц 20 проценты фæфылдæр кæнгæйæ, бæстæйы къазнайы иумæйаг æфтиаг афæдзмæ схизид 75-120 миллиард соммæ. Уыцы фæрæзтæ дæр 6 боны фаг йеддæмæ не суыдзысты, уымæн æмæ пенситæ фидынæн Уæрæсейы æрвылбон бахъæуы 20 миллиард сомы.

Ис æндæр гæнæн — паддзахадон исбонадæн йæ иу хай ауæй кæнын, зæгъæм, бирæты фæндонмæ гæсгæ ауæйгæнæн уаид Пенсион фонды æппæт бæстыхæйттæ, куыд Мæскуыйы, афтæ регионты дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ бæстыхæйттæ бирæ сты. Уый та адæммæ æвзæрын кæны сагъæсы æмæ масты хъуыдытæ. Æз дæр сæ фæндонимæ разы дæн, уыцы объектты иумæйаг аргъ у 120 миллиард сомы, фæлæ сæ мах се ‘ппæт дæр куы ауæй кæнæм æмæ нæм дзы цы æхца æрбафта, уыдон пенситæ фидыныл куы схардз кæнæм, уæддæр 6 боны фаг йеддæмæ не суыдзысты. Уый дæр фарста алыг кæнынæн ницы пайда у.

Уæдæ нефты æмæ газы куыстгæнæг компаниты, артаджы æмæ энергетикæйы комплексыл уæлæмхасæн хъалонтæ сæвæрыны фарс дæр сты чидæртæ, фæлæ уыдонæй дæр нæм цы æхца æрбафта, уымæй та пенситæ фидын уаид æрмæстдæр цалдæр мæйы. Афтæмæй пенситæ фидыны уаг нæ бæстæйы сæвæриккам къуырцдзæвæны. Уæдæ нæ бæстæйы цы æхцайы фæстауæрцгæнæн фондтæ ис, уыдон та æххæст кæнæм нефть æмæ газы фæрæзтæй, уыдонæй спайда кæнæм? О, ныртæккæйы рæстæг афтæ бакæнæн дæр ис, фæлæ райсом та газ æмæ нефты æргътæ куы æрныллæг уой, афтæ уыд раздæр азты дæр, уæд та цы кæндзыстæм? Цы фæстауæрцы фæрæзтæ нæм ис, уыдон цалдæр мæйы æмгъуыдмæ фæуыдзысты. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ адæмы пенситы бæрцыл нефть æмæ газы æргътæ хъуамæ ма ахадой, уымæн æмæ алы бон ивынц.

Уæд та Пенсион фонды финансон фæрæзтæ фæфылдæр кæниккам? Йæ кадавардзинад та йын федералон бюджеты хардзæй иуварс кæниккам? Уымæн нырма фæрæзтæ ис, фæлæ иумæйагæй та ам цы уавæр æвзæры? Ацы аз пенситы фæдзæхстадон хай фидынын бюджетæй дихгонд æрцыд 3,3 триллион сомы, уыдонæй 1,8 триллион сомы нæ фаг кæны, цæмæй пенситæн сæ фæдзæхстадон хай æххæстæй фыст цæуа. Афтæмæй та нæ фæнды пенситы бæрц 20 мин соммæ схæццæ кæнын. Уый нæ рауайдзæн, йæ фидыны уагмæ йын ивддзинæдтæ куы нæ бахæссæм, уæд. Афтæмæй та Пенсион фонды æхцайы кадавардзинад фæфылдæр уаид 1,5 хатты, суанг 5 триллионы сомы. Уый у бæстæйы хъахъхъæнынадæн æмæ хæстхъомдзинадæн цы фæрæзтæ хардз кæнæм, уыдонæй бирæ фылдæр.

Фарста ахæм хуызы алыг кæнгæйæ, хæсты бын фæуыдзыстæм, уый та йæ фæдыл расайдзæн гиперинфляци æмæ бæстæйы мæгуырдзинады рæзт. Пенситæ фидыны реформæмæ гæсгæ нæ уынаффæтæ хъуамæ уой раст, барст, адæмы домæнтæ хынцгæйæ, бæлвырд бæрæггонд. Уымæ гæсгæ мæм ис цалдæр фæндоны.

Фыццаг. Пенситæ фидыны тыххæй закъоны проекты хаст цæуы фæндон, цæмæй сылгоймæгтæн сæ пенсимæ ацæуыны кар фæуа 8 азы фылдæр — кусыны бар сын лæвæрд цæуа 63 азмæ, нæлгоймæгтæн та — пенсимæ ацæуыны кар фæуыдзæн 5 азы фылдæр. Уый раст нæу, уымæн æмæ сылгоймæгтæ канд сæ куысты бынаты нæ фæллой кæнынц, фæлæ ма сæ бæрны ис хæдзары куыстытæ, сывæллæттæ хъомыл кæнын æмæ сæ цоты цотыл узæлыны хъуыддаг дæр. Уымæ гæсгæ сылгоймæгтæн пенсимæ ацæуыны бар нæлгоймæгтæй хъуамæ раздæр лæвæрд цæуа. Афтæмæй нымайын, сæ пенсимæ кар сын аст азы нæ, фæлæ фондз азмæ фæфылдæр кæнын.

Кæд сылгоймагæн æртæ сывæллоны ис, уæд хъуамæ йе ‘мгъуыдæй æртæ азы раздæр ацæуа пенсимæ, кæд цыппар, уæд та — цыппар азы раздæр. Сылгоймагæн фондз æмæ фылдæр сывæллоны куы уа, уæд йæ бон пенсимæ ацæуын уыдзæн фæндзай азы карæй

Дыккаг. Фæнд кæнæм пенсимæ ацæуыны карыл сабыргай æфтауын, цæмæй адæм ног закъонмæ гæсгæ цæрыныл фæцахуыр уой æмæ сæ размæвæрд нысантæ уымæ гæсгæ рацаразой. Хорз æмбарын уыдоны дæр, æмæ закъон фыццагдæр кæй цардыуагыл фæзындзæн, уый та уыдзæн рæхджы, æмæ нын уыцы уавæр дæр бафиппаинаг у. Фæндон хæссын, зæронд закъонмæ гæсгæ хæстæгдæр дыууæ азы пенсийы чи ацæудзæн, уыдонæн барлæвæрд æрцæуæд пенситæ снысан кæныныл ног пенсион карæй 6 мæйы раздæр бацархайынæн. Афтæмæй ног пенсион кармæ гæсгæ 2020 азы январы пенсийы чи хъуамæ ацæуа, уый йыл бамæт кæнæд 2019 азы июлы.

Æртыккаг. Бæстæйы цæрджытæн, 50-аздзыдæй куыстхъом уæвгæйæ, фæллой кæныны бынат ссарын зын кæй у, уый дæр хорз зонын, æмæ адæм уымæй тæрсынц. Уымæ гæсгæ мах хъуамæ бацархайæм, цæмæй хистæр кары фæллойгæнджыты бартæ хъахъхъæд цæуой куысты бынæттæ сын дæттыны рæстæг. Ам хъæуы нæ размæ цалдæр хæсы сæвæрын æмæ сæ сæххæст кæнын. Сæйрагдæр та, пенсимæ ацæуыны кар кæмæн æрбахæстæг кæны, уыцы кусæг граждæнты сæ куыстуæтты хицæуттæ сæ бынæттæй куы исой, уæд сæ хорз уаид административон, кæнæ уголовон уагыл æфхæрын, кæнæ та йæ кармæ гæсгæ куыстмæ кæй нæ исой, уыдон дæр хъуамæ дзуапп радтой закъоны раз. Ацы ивддзинæдтæ пенсимæ ацæуыны фæдыл закъоны проектмæ бахæссын æмбæлы æвæстиатæй. Канд административон мадзæлттæй фарста нæ алыг кæндзыстæм. Уымæ гæсгæ Хицауады размæ æвæрын хæс, цæмæй бакусой куыстуæтты разамонджыты амалхъомады рæзтæн фадæттæ ссарыныл, цæмæй уыдон та куыстмæ исой æмæ фæллой кæныны бар дæттой, пенсимæ ацæуыны кармæ хæстæг чи у, уыцы адæмæн.

Кæд, йæ кар пенсимæ ацæуынмæ хæстæг кæмæн у, ахæм адæймаг куыстæй ацæуыны фæнд йæхæдæг скодта, уæд, цалынмæ ног куысты бынат ссара, уæдмæ хъуамæ ист ма æрцæуой йæ социалон гарантитæ. Афтæмæй фæндон хæссын, цæмæй, Уæрæсейы адæмæй чи нæ кусы, афтæмæй пенсимæ ацæуыны æмгъуыдмæ йæ кар кæмæн æрбахæццæ кæны, уыдонæн сæрмагонд пособитæ 4 мины æмæ 900 сомы бæрцæй, ныртæккæ куыд у, афтæ ма фидын, фæлæ сын сæ 11 мины 280 соммæ схæццæ кæнын. Ацы уагæвæрд хъуамæ фидаргонд æрцæуа 2019 азы 1 январы. Уыцы пособи хъуамæ, чи нæ кусы, уыцы адæймаг иса афæдзы дæргъы. Куыстдæттæг организацийы разамонæджы бæрны бакæнын, пенсимæ ацæуыны кармæ хæстæг чи у, уыцы адæмæн дыууæ боны æмгъуыдмæ лæвар диспансеризаци ацæуынæн рæстæг, сæ мызд сын æххæстæй бафидгæйæ.

Цыппæрæм. Пенсион реформæйы фæдыл закъоны проектмæ хуымæтæгæй ивддзинæдтæ хæссæн нæй. Мах хъуамæ æмбарæм, адæм цы уавæрты цæрынц æмæ кусынц, уый. Бацархайдтам шахтерты, “тæвд цехты”, химикон куыстуæтты, Чернобылы атомон станцæйы æнæнхъæлæджы уавæрты фæстиуджытæ аиуварс кæныныл чи архайдта, уыцы адæмы æмæ æндæр категоритæм хауæг адæмы льготæтæ бахъахъхъæныныл. Уый хыгъд бахъахъхъæнын хъæуы Кæройнаг Сыбыры цы чысылнымæц адæмтæ цæры, уыдонæн пенситæ нысан кæныны фæтк. Уыцыиу рæстæг мах хъуамæ æппæтвæрсыгæй æххуыс кæнæм хъæуты цæрджытæн. Уыцы хуызы иу æмæ дыууæ хатты нæ ныхас кодтам, цæмæй, хъæуты чи цæры, уыцы пенсиисджытæн се ‘хцайы æфтиагмæ æфтыд æрцæуа 25 проценты. Ацы льготæтæй ма пайда кæныны бар ис, хъæууон хæдзарады 30 азæй фылдæр чи фæкуыста, уыцы пенсиисджытæн дæр. Фæлæ, закъон цæмæй йæ тыхы бацæуа, уымæн нырмæ нæ уыд гæнæнтæ, афтæмæй пенситæм уæлæм- хасæн фиддонтæ фидын райдайдзыстæм 2019 азы 1 январæй.

Фæндзæм. Йæ карæй раздæр фæллой кæнын чи райдыдта, уыцы адæм хъуамæ пенсимæ ацæуой сæ бакуыст азты бæрц æмæ кармæ гæсгæ. Ныртæккæ закъоны проект куыд амоны, афтæмæй рагагъоммæ, цæмæй пенсийы ацæуай, уый тыххæй хъуамæ дæ куысты стаж уа: сылгоймæгтæн — 40 азы, нæлгоймæгтæн та — 45 азы. Фæндон хæссын пенсимæ ацæуынæн стаж 3 азы фæкъаддæр кæнын, сылгоймæгтæн — 37 азы, нæлгоймæгтæн та — 42 азы.

Æхсæзæм. Фæндон хæссын, цæмæй пенсиисджытæн се льготæтæ хъахъхъæд æрцæуой. Уыдон та баст сты зæххы æмæ æндæр исбонады хъалонтимæ. О, уыцы льготæтæ лæвæрд цыдысты фæллойгæнæг граждæнтæн пенсимæ ацæуыны фæстæ, фæлæ пенситæ фидыны системæмæ ивддзинæдтæ куы бахæссæм, уæд хъуамæ уыцы льготæтæ лæвæрд цæуой фæллойгæнæгæн бæлвырд карæй фæстæмæ. Афтæмæй, куыд раздæр, афтæ ныр дæр амынд льготæтæй пайда кæнын сæ бон уыдзæн, 55 азы кæуыл сæххæст, уыцы сылгоймæгтæн æмæ 60-аздзыд нæлгоймæгтæн. Афтæмæй пенсийы ацæуыны размæ уыдон нал фиддзысты сæ хæдзарыл, фатерыл æмæ зæххы хайыл æвæрд хъалон.

Парти «Иугонд Уæрæсе»- йы минæвæрттæ регионалон закъонадон оргæнты æмæ федерацийы субъектты разамонджытæ рахæцыдысты æппæт льготæтæ бахъахъхъæныны фарс. Ахæм фæндоны фарс рахæцын мæхицæн хæсыл нымайын. Мæ зæрдæ дарын, æнæмæнгхъæугæ уынаффæтæ кæй рахæсдзысты регионты разамонджытæ, пенсион æххуысы фæдыл ног закъон цалынмæ царды рацæуа, уæдмæ. Мах хъуамæ архайæм бæстæйы хистæр кары цæрджытæн, абоны æмæ фидæны пенсиисджытæн аккаг царды уавæртæ саразыныл. Мæ раныхасы цы фæндæттыл æрдзырдтон, уыдон хаст æрцæудзысты куыд бафтауинæгтæ Паддзахадон Думæмæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here