Ахсджиаг лæвар — скъоладзаутæн

0
3746

 

Сæрды фæстаг бонтæ кæддæриддæр вæййынц алæмæты аргъауы хуызæн ирд. Уый уымæн, æмæ уæд сабитæ, уæлдайдæр та фыццагкъласонтæ, фенхъæлмæ кæсынц скъоламæ бацæуыны бонмæ. Уæдмæ сын сæ ныййарджытæ балхæнынц, скъолайы ахуырæн цыдæриддæр фæхъæуы, уыцы дзаумæттæ.

Фæлæ, хъыгагæн, нæ республикæйы ис ахæм бинонтæ дæр, æмæ йæ къух сывæллоны иттæг хорз барæвдз кæнын кæмæн нæ амоны. Æмæ цæмæй ахæм бинонтæ хъынцъым ма кæной, уый тыххæй нæ республикæйы Фæллой æмæ социалон рæзты министрад, Цæгат Ирыстоны республикон æхсæнадон организаци «Объединение многодетных семей», дукани «Канцтоварищ» æмæ хæрзаудæн фонд «Быть добру» æрвылаз расидынц хæрзаудæн акци «Сывæллоны скъоламæ барæвдз кæн». Æмæ та æрæджы дæр ног барухс кодтой фæкæсынхъуаг адæмы зæрдæтæ.

Ацы акцийы фæлгæты нæ республикæйы кæцыфæнды цæрæгæн дæр йæ бон вæййы бæлвырд бынатмæ æрбахæссын скъолайы хъæугæ дзаумæттæ: пъартфел, кърандæстæ, фыстхалæнтæ, фыссæнгæрзтæ, уæлæдарæс æмæ афтæ дарддæр. Уый фæстæ сæ хицæн дзæкъулты нывæрынц æмæ сæ кадджын мадзалы балæвар кæнынц сывæллæттæн.

«Ацы акци куы расидæм, уæд алыхатт дæр разыны, се ‘ххуысы хай бахæссын кæй фæфæнды, тынг бирæ ахæм адæм. Уый хыгъд ма нын ис ахæм хæлæрттæ дæр, æмæ æрвылаз сæхæдæг фæфæрсынц, баххуыс кæнын, дам, кæмæн хъæуы. Уыдон сты нæ республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министр Хъесаты Игорь, йæ хæдивæг Маматы Анжелæ æмæ ацы ведомствойы районты хайæдты разамонджытæ, базарадон центр «Алания Молл»-ы директор Бердиты Вадим, дукани «Канцтоварищ»-ы разамонæг Игорь Вариханов, кафе «СИРИЯ»-йы хицау Плиты Арон. Адон æмæ хуымæтæг адæмы фæрцы тынг бирæ сывæллæттæн нæ бон ссис баххуыс кæнын. Бирæ ныййарджытæн сæ зæрдæйы рыст фæкъаддæр кæнын, — загъта хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы президент Хъуысаты Амырхан.

Ацы цинхæссæг бон лæвæрттæ цы сывæллæттæн кодтой, уыдон иууылдæр æхсызгонæй дзырдтой сæ бæллицтæ. Кæй сæ фæндыд ахуыргæнæг суæвын, кæй дохтыр, кæй та нæ горæты разамонæг. Æмæ, уæвгæ, гуырысхойаг дæр нæу, сæ фæндтæ кæй сæххæст уыдзысты, уый. Æрмæстдæр сæ хъæуы ахуыр кæнын.

— Æз дæн бирæсывæллонджын мад, æмæ мæ къух алкæд нæ амоны, цæмæй мæ сывæллæтты скъоламæ барæвдз кæнон. Уымæ гæсгæ ахæм хуызы æххуыс махæн тынг ахъаззаг у. Стыр бузныг зæгъын, ацы акци скæнын кæй хъуыдыйы æрцыд, уыдонæн æмæ, бæрæгбон кæй разамындæй саив, уыдонæн дæр. Уæлдай бузныг мæ зæгъын фæнды Хъуысаты Амырханы фыд æмæ мадæн, ахæм уарзæгой зæрдæйы хицау хъæбул кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй, — загъта ныййарджытæй иу Гиоты Людмилæ.

КАСАТЫ Аслæнбег

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here