РЦИ-Аланийы Парламенты «Иугонд Уæрæсе»-йы фракци ивддзинæдты фæндон бахаста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы «Ветерантæн социалон æххуысы мадзæлтты тыххæй» Закъонмæ.
Закъоны проекты амынд ис, цæмæй пенсион кары адæмæн хъахъхъæд æрцæуой, раздæр сын цы льготæтæ уыд, уыдон. Ома, пенсион кар фæфылдæр кæныны фæстæ дæр депутатты хъуыдымæ гæсгæ, льготæтæй адæм пайда кæнын хъуамæ райдайой пенсимæ рацæуыны рæстæгæй фæстæмæ нæ, фæлæ нæлгоймæгтыл 60 азы, сылгоймæгтыл та 55 азы куы сæххæст уа, уæд. Афтæмæй социалон льготæтæ баззайдзысты, адæм сæ раздæр цы кары истой, уый æмвæзадыл.
Парламенты профилон комитеты разамонæг Реуазты Ларисæ регионалон льготæтæ 55-60 азы кары адæмæн ныууадзын банымадта тынг ахсджиагыл.
— Ныртæккæ ма кусæм хистæр кары фæлтæры ног пенсион кармæ рахизыны уавæртæ фенцондæр кæныны цалдæр фæндоныл, уыдон нæ къухы куы бафтой, уæд хистæр фæлтæры социалон уавæртæ хъахъхъæд æрцæудзысты, — загъта Реуазты Ларисæ.
Социалон уавæрты æххуысмæ та хауынц поликлиникæты æмæ æндæр медицинон уагдæтты сын лæвар æххуыс кæнын, санаторитæ æмæ курорттæм сын лæвар путевкæтæ дæттын, фатертæ æмæ коммуналон лæггæдтæн æрмæст 50 проценты фидын, телефонтæ æмæ æндæр лæггæдты тыххæй сын сæ фиддонты 50 проценты фæстæмæ дæттын














