Æхца уромыны уавæртæ

0
606

 

Пенсийæ æхца закъонмæ гæсгæ уромынц æви нæ, уый бирæты базонын фæфæнды. Пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайадмæ рæстæгæй-рæстæгмæ ахæм хабæрттæ фехъусын кæнынц.

Æхца цавæр уавæрты бауромынц, ведомство уый æмбарын кæны. Пенсион фонды территорион оргæнтæ пенситæй æхца уромынц 2013 азы 28 декабры фидаргонд «Фæдзæхстадон пенситы тыххæй» федералон закъонмæ гæсгæ. Æхца уромыны бындуртæ сты: — æххæстгæнæг гæххæттытæ; — пенсийы бæрцы ивддзинад, кæнæ йæ фыстæн кæрон æвæрд кæмæ гæсгæ æрцыдысты, ахæм уавæртæ (уыимæ — цæрæнуаты бынаты фæивд) кæй æрцыдысты, уый тыххæй хабар пенсион ифтонгад æххæстгæнæг оргæнтæн æвæстиатæй кæй нæ фехъусын кодтой, уымæ гæсгæ пенсиисæгæн уæлдай фыст æхцатæ йæ пенсийæ бауромыны тыххæй пенсион ифтонгад æххæстгæнæг оргæнты уынаффæтæ; — тæрхондон кæй бавдыста, пенсиисæджы ‘рдыгæй уыцы хивæнд миты аххосæй пенситæй æхца бауромыны тыххæй тæрхондæтты уынаффæтæ.

Пенсион фонды регионалон хайады специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй цæгатирыстойнæгты пенситæй æхца арæхдæр бауромынц коммуналон фиддонтæ нæ бафидыны тыххæй æххæстгæнæг документты бындурыл.

Æххæстгæнæг документтæм гæсгæ æхца кæй пенсийæ бауромынц, уыцы адæймагмæ пенсийы бæрцæй хъуамæ баззайа 50 проценты. Æнахъом сывæллæтты дарынæн алименттæ, æнæниздзинадæн хаст знаггады, дарæджы адзалы аххосæй зиан кæуыл æрцыд, уыцы адæмæн знаггады, стæй фыдракæнды аххосæй хаст зианы аргъ домыны заман амынд гæрæнæй нæ пайда кæнынц. Уæвæн ис, æмæ амынд уавæрты урæд æхцайы бæрц 70 процентмæ схæццæ уыдзæн. Æвæрд пенсийы 20 процентæй фылдæр чи нæу, пенсион ифтонгад æххæстгæнæг оргæнты уынаффæты бындурыл æхца уромынц ахæм бæрцæй. Зæгъæм, 80-аздзыд пенсиисæгмæ зилыны фæдыл компенсацион фиддон исæг адæймаг кусын кæй райдыдта, уый тыххæй хабар пенсион фонды управленийæн нæ фехъусын кодта. Ацы адæймаг куыстмæ цы мæй бацыд, уыцы мæйы фæстæ компенсацийы бар фесæфт, фæлæ ацы адæймаджы куыстдæттæгæй гæххæттыл фыст хабар цалынмæ не ‘рбафтыд, уæдмæ йын компенсаци фыстой, æмæ афтæмæй адæймагæн уæлдай кæй бафыстой, уыцы æхцатæ фæстæмæ бафидын хъæуы Пенсион фондæн барвæндонæй, кæнæ тæрхондоны фæрцы.

Пенсиисæгмæ ис пенсиисæгæн уæлдай фыст æхцатæ бауромыны тыххæй Пенсион фонды территорион оргæны уынаффæтыл уæлдæрлæууæг пенсион оргæн кæнæ тæрхондонмæ бахъаст кæныны бар.

Пенсийы уæлдай фыст æхцайы хæс æххæстæй бафидыны онг амынд пенсийы, кæнæ пенсион ифтонгад æххæстгæнæг оргæнты уынаффæты бындурыл урæд æхцайы фыстæн кæрон кæд сæвæрой, уæд баззайæг хæс бадомынц тæрхондоны фæрцы.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here