Фембæлд инæларимæ

0
551

 

Зонындзинæдты бон Хъæдгæроны астæуккаг скъолайы уыдис бирæ уазджытæ. Уыдонимæ, авиацийы инæлар-майор, РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сæрдар КЪАБОЛАТЫ Солтан.

Хъæдгæройнæгтæ бирæ уарзынц сæ зындгонд хъæуккаджы, уыцы уарзондзинад æнæ дзуапп нæу. Солтан йæхæдæг дæр æнувыд æмæ иузæрдион у йе ‘мхъæуккæгтыл, бахъуаджы рæстæг кæддæриддæр сæ фарсмæ æрбалæууы. Ацы хатт дæр æй бафæндыд скъоладзаутимæ фембæлын, йæ зæрдæйы ахаст рæзгæ фæлтæрæн бамбарын кæнын. Зæрдиаг æгасцуай кадджын уазæгæн æппæт скъолайы номæй загъта директор Цоколаты Заремæ.

Инæлары риуыл цæхæртæ калдтой бирæ хæрзиуджытæ. Цымыдисæй сæм кастысты сывæллæттæ. «Дæ хорзæхтæй дын æппæты зынаргъдæр кæцы у? «Цæмæ гæсгæ равзæрстай тæхæджы дæсныйад?» «Цавæр æнкъарæнтæ дæм сæвзæрдис, фыццаг хатт хæдтæхæг уæлдæфмæ куы систай, уæд?» — ацы æмæ ма бирæ æндæр фæрстытæн Солтан радта бæстон дзуапп. Фембæлд цыд историйы кабинеты, йæ къулыл — стенд «Уæрæсейы хъæбатыр фырттæ». Уымæ кæсгæйæ, инæлар-майор фæнысан кодта Ирыстоны хъæбултæ кæддæриддæр Уæрæсейæн аккаг фырттæ кæй уыдысты, ирон лæджы ном бæрзонд кæй хастой.

— Хорз ахуыр кæнут, зивæг, æгаддзинад уæ сæрмæ ма хæссут, уæ ныййарджыты æмæ ахуыргæнджыты фæндиаг байрæзут, — цæстуарзонæй дзырдта куырыхон лæг. Солтаны алы ныхасæн дæр сæ зæрдæйы арф бынат кæй ис, хистæры хъуыдытæ сæ зондахастыл хорзæрдæм кæй фæзындзысты, уый бæрæг уыд чызджытæ æмæ лæппутæн сæ ирд цæстæнгасæй.

Къаболаты Солтан райгуырд æмæ схъомыл Хъæдгæроны хъæуы, ацы кæрты, ацы тыргъты схызт ахуыры бæрзæндтæм, ардыгæй 1952 азы амондджын къахдзæф акодта царды уæрæх фæндагмæ. Тæхудиаг у, ахуырады ацы артдзæст, Къаболаты Солтаны хуызæн рауагъдонтæ кæцæй рацыд!

ГУГКАТЫ Жаннæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here