ÆЛУТОН

0
703

Нæ историон адрис — не ‘взаг

Ныр, зæгъгæ, Хуыцау бахизæд, фæлæ ирон адæм сæ фыдæлты æвзагыл сæ къух бынтондæр систой æмæ æндæр æвзаг, уырыссаг дæр фæуæд, райстой, уæд нæ нæ алыварс дзырдцомахъ адæмтæ нæ рагфыдæлтæ скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæм, нæ историмæ æхсты бæрцмæ дæр нал бауадзиккой. Ныр дæр сæм сæ бæттæнтæ куы тонынц, сæхиуыл сæ рабар-бабар куы кæнынц. Фæлæ сыл æппындæр нæ бадынц, нæ фидауынц, дæлæсин-уæлæсин дæр дзы не сты. Сæ «наукон» хатдзæгтæ ирон æвзагыл базгъæлæнтæ вæййынц.

Афтæ рауад ивгъуыд æнусы 70- 90-æм азты Зеленчукы цыртыл фысты хъуыддаг дæр. В.Ф, Миллер æмæ Абайты Васойы хъуыды, иронау фыст кæй у, уый ныхмæ растадысты, æмæ йæ алчидæр йæхирдæм ласыныл ацархайдта. Уый тыххæй мæнæ куыд фыссы историон наукæты доктор, зындгонд ахуыргонд Цыбырты Людвиг йæ чиныг «По тропам времени»-йы (2012 аз) уац «История алан в кривом зеркале паранауки»-йы: «Из участников дискуссии одни ученые (А.Ж. Кадев) предложили адыгский (кабардинский) вариант дешифровки, другие (М.Кудаев) — балкарский, третьи (Я.С.Вагапов) — нахский вариант. И каков же результат дискуссии. Окончательный вердикт этим далеким от науки вариантам вынес известный американский ученый Л. Згуста: «Зеленчукская надпись выполнена на алано-осетинском языке и датируется X—XII вв.».

Гъе уыцы хатдзæгтыл хъуыдытæ кæнгæйæ, искуы искæм ирон сывæллæтты иронау хъæлдзæг ныхас кæнгæ, хъазгæ куы фенын, уæд мæ зæрдæ хурварс абады, æмæ мæ фырцинæй æнæнхъæлæджы сирвæзы: «Дæ райсом хорз, мæ Ир, дæ райсом!» Уый хуры тын ныккæсы зæрдæмæ, батавы йæ, ирон адæмы рæсугъд фидæныл æууæнк æй срухс кæны, ныфс дзы бауадзы. Нæ мадæлон æвзаг фесæфыны тас ме уæнгæй райсомы мигъау сысты æмæ æрбайсæфы.

Кæнæ куыд æхсызгон вæййы, ирон лæппутæ æмæ чызджытæ алыхуызон гæлæбуты базыртау сæ аив кæркæ-мæркæ уæлæдарæсы сценæйы куы ралæууынц æмæ сæ цъæхснаг хъæлæстæй рæсугъд ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ кæсын, зарын, чысыл сценикон нывты хъазын куы райдайынц. О, ныммæлæн дын макуы уа, нæ мадæлон ирон æвзаг! Мады дзыхæй цæуыс, æмæ дæ мадæлон дæр уымæн хонæм. Мады рæвдыдау адджын дæ цотæн, кæстæртæн, хистæртæн. Æмæ дæ уыдон æнусты сæрты дæттынц фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Афтæмæй дын фæуæн, кæрон нæй.

Фæуæн, кæрон нæй ирон æвзагæн. Æрхæццæ махмæ дæр, мингай азты сæрты æрхызт æмæ цæры немæ. Нæ зæрдæты цæфимæ баиу йæ зæл, йæ аивдзинад, йæ тых æмæ фæлгонц. Ссис нæ царды стырдæр, ахадгæдæр, табуйагдæр, арфæйагдæр фарны хотых. Æмæ у нæ бахъахъхъæнинæгты ахсджиагдæр, нæ фæстæ цы фæлтæртæ цæуой, уыдонмæ нæ адæттын цы хъæуы, уыдоны хуыздæрты хуыздæр.

Махæн, ирон адæмæн, ныры нæрæмон дуджы нæ размæ лæууы бирæ ахсджиаг фарстатæ. Алкæцыдæр дзы хъæуы лыг кæнын. Фæлæ сæ ахсджиагдæртæ, историон цæлхъыты рæстæг цæмæй æвыдæй баззайæм, уымæн стыр ахъаз чи у, уыдон сты: ирон æвзаг бахъахъхъæнын, нæ адæмы нымæц фылдæр кæнын æмæ нæ æрдзы сыгъдæгдзинадыл кусын. Ирон æвзаг бахъахъхъæнын у сæйрагдæр. Фыццаг бынаты дæр уымæн æвæрд ис. Уый махæн у нæ историон адрис, æмæ йæ куы фесафæм, уæд сæфынц нæ истори æмæ нæ фыдæлтимæ бастдзинад. Æнæ истори, æнæ фыдæл адæм та дзæгъæл сывæллонæй уæлдай не сты, алкæмæдæр хæлæггæнгæ, сæркъулæй кæсынц. Хуыцау нæ уыцы уагæй бахизæд! Йæ хорзæх нæ уæд, фæлæ нæхи дæр базмæлын хъæуы. Гъе уымæ гæсгæ мах дæр куырдтам, 2009 аз Ирыстоны ирон æвзаджы азыл нымад куы æрцыдаид, уый. Æхсызгон у, Къостайы номимæ йæ кæй бабастой, уый. Къостайау нæ, бæргæ, алчидæр куы риссид не ‘взаджы хъысмæтыл. Цы æвæджиау уацмыстæ йыл сфæлдыста, уыдон ын сты уды, цæрæнбоны хос.

2007 аз Уæрæсейы Федерацийы Президент В.В.Путин йæ уынаффæйæ сфидар кодта Уырыссаг æвзаджы азæй, æмæ афæдзы дæргъы уырыссаг æвзаг хуыздæр базоныны хъуыддагмæ цыд хуыздæр цæстдард. Уый æрмæст бæстæйы æппæт регионты нæ, фæлæ хæстæг, стæй дард фæсарæйнаг бæстæты дæр. 2008 азы та ноябры Санкт-Петербургмæ æрæмбырд кодтой, дунейы алы бæстæты уырыссагау чи дзуры, стæй йæ иннæ нацитæй чи ахуыр кæны, уыдоны минæвæртты. Уыцы егъау конгрессмæ уазджытæ фæхуыдтой Хуссар Ирыстонæй дæр, куыд фæсарæйнаг ног паддзахады минæвæртты.

Ахæм хорз фæрæзтæй, мадзæлттæй, гæнæнтæй пайда кæнынц, се ‘взаг дунейыл уæрæх кæмæн æнхъæвзы, уыцы стыр уырыс. Уыдон дæр ма йын цæмæйдæр куы тæрсынц æмæ йæ хъысмæтыл аудынц бирæвæрсыгæй. Уæд мах, ирæттæ, уадзыг стæм æви фынæй? Нæ мадæлон æвзаг нæ цæсты раз фæцæуы фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл. Ирыстоны дæр ыл ирæттæ сæхи атигъ кодтой. Дард бæстæты: Германы, Францы, Канадæ æмæ иннæты ахуыргæндтæ нæм сидынц, бахъахъхъæнут æй, зæгъгæ. Хуыцауы лæвар уын у, сымах æвджид æй бакодта, æмæ Хуыцауы хæрзиуæг уæ къахы фындзæй ма акъуырут. Уæ фæстагæттæ уыл бахъоды кæндзысты. Фæлæ нæм сæ сидт нæ хъары. ЮНЕСКО йæм йе ‘ргом раздæхта, йæ æххуысы хай йын кæны. Фæлæ цæуыл хардзгонд цæуы, уый хæйрæг дæр нæ равзардзæн.

Хицауадмæ, йæ мадæлон æвзагыл ма иузæрдион чи у, уыдоны хъæрзын сыхъуысы, батыхсын сæ кæны, бахъынцъым кæнынц æмæ æмбырдтæ ацаразынц. Æвзаджы хъысмæтыл уырыссагау аныхæстæ кæнынц. Стæй хатдзæг скæнынц: «Нæй, нæма сæфы не ‘взаг. Нырма «Дæ бон хорз» зæгъын иронау куы зонæм». Ирон æвзаджы хъысмæты фæдыл уынаффæтæ рахæссынц, йæ ахуыр кæныныл уырыссагау фыст концепцитæ-йедтæ сфидар кæнынц. Хъуыддагæй та рæстмæ зынгæ ницы кæны. Цалдæр хаттыиу «Республиканская целевая программа «Осетинский язык» æртыгай азтæн бацæттæ кодтой. Диссаджы мадзæлттæ, гæнæнтæ дзы амынд цыд. Агургæ æмæ æнæаргæ. Сфидар-иу æй кодтой. Фæлæ та-иу йæ сæххæст кæнын. ирон æвзагыл чи нæ дзуры, йæ хъысмæтыл чи нæ риссы, ахæм «уæрæседзаутæн» бабар кодтой, æмæ дон — хиды бынты. Ныр хуыздæрмæ æнхъæлмæ кæсæм, фылдæр æргом здæхт цæуы республикæйы Сæргълæууæджы æрдыгæй ирон æвзагмæ. Фæлæ та зæрдæ нæ райы, йæ ахсджиаг фарстатæ кæй бар сты, уыдонæй…

Зæххы цъарыл ис 6 мин æвзаджы бæрц. Уыдонæн се ‘мбисæн у тæссаг фесæфынæй. Иннæ æвзæгтæ, скъолаты кæй ахуыр кæнынц, газеттæ, журналтæ, чингуытæ фылдæр цы æвзæгтыл мыхуыр цæуы, театр кæмæ ис, документтæ фыст кæуыл цæуы, адæм фылдæр цы æвзæгтыл дзурынц, уыдон сæ ныхъуырынц. Уымæ гæсгæ 1999 азы ноябры ЮНЕСКО-йы Генералон конференцийы уынаффæмæ гæсгæ 2000 азы 21 февралы фыццаг хатт бæрæг кодтой Мадæлон æвзаджы Æппæтдунеон бон. 2001 азы 21 февралы Парижы ЮНЕСКО-йы штаб-квартирæйы презентаци уыд, фесæфынæй тæссаг кæмæн у, уыцы æвзæгты Атлас-чиныгæн. Афтæ дунейы адæмтæ аудынц, фесæфынæй тæссаг кæмæн у, уыцы æвзæгтыл. Владимир Путины хъуыды та у ахæм: «Чысылнымæц адæмты æвзæгтæн паддзахад куы нæ æххуыс кæна, уæд сын фесæфынæй тас у».

Иууылдæр фæндонæй, хъуыддагæй архайынц, цæмæй ирон æвзаджы хуызæттæн дæр уа фидæн. Германы Гетингемы университеты иумæйаг æмæ индогермайнаг æвзæгты факультеты разамонæг, профессор Михаэль Йоб та нæм сиды: «Тынг ахсджиаг у, ирæттæ сæхи культурæ æмæ сæхи æвзаджы нысаниуæг арф куы бамбариккой, Хуыцауæй лæвæрд сын кæй у, æмæ ахæм лæвар алкæмæн кæй нæй, уыцы уагыл æм сæ цæстæнгас куы аздахиккой. Æрмæстдæр ирæттæм ис уый, æндæр никæцы адæммæ! Æрмæстдæр уыдоны къухты ис ацы æвзаджы хъысмæт. Æмæ диссаджы хорз уаид, сæ бон куы бауаид афтæ бакæнын, цæмæй ирон æвзаджы зæлланг макуы бамыр уа зæххыл».

Ацы ныхæстæ нæм уæддæр куы бахъариккой, æмæ не ‘взаджы фидæнмæ хицауæй хуымæтæг кусæджы онг, хистæрæй-кæстæрмæ бæрнондæр цæстæй куы акæсиккам, йæ хъысмæтыл ын арфдæр куы ныхъхъуыды кæниккам. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу Ирон æвзаджы аз куы расидиккам. Уæд афæдзы дæргъы хуыздæр, ахадгæдæр, фæрæзджындæр цæстæнгас здæхт æрцæуид ирон æвзаг ахуыр кæныны фарстатæм, ирон чиныджы, ирон театры хъысмæтмæ. Ирон æвзаг Ирыстоны паддзахадон æвзагыл нымад у, æмæ йæм паддзахадон уагыл цæстдард куы уа, уæд алы ирон дæр нæ, фæлæ, ам немæ æмдзæрин чи у, уыдон: уырыссагæй, грекъагæй, сомихагæй, тæтæйрагæй, азербайджайнагæй, гуырдзиагæй — иууылдæр тырниккой йæ базонынмæ. Уымæн сын мах, ирæттæ, æххуыс кæндзыстæм зæрдиагæй.

Ирон æвзагмæ иуæй-иу ирæттæ, бæрнон адæймæгтæ кæд куыдфæндыйы цæстæй кæсынц, йæ хъысмæт сæ не ‘ндавы, уæддæр махæн Ирыстоны æмæ æндæр рæтты, суанг фæсарæнты дæр ис, йæ бахъахъхъæныны хъуыддаджы нæ фарсмæ чи æрбалæууыд, æндæр адæмты ахæм минæвæрттæ. Ам нæхимæ бирæ уырыссæгтæ, сомихæгтæ, гуырдзиæгтæ, тæтæйрæгтæ, азербайджайнæгтæ сыгъдæг дзурынц иронау, зонынц нын не ‘гъдæуттæ, нæ уаг. Уый уæлдайдæр та — хъæуты. Сæ цот скъолаты зæрдиагæй ахуыр кæнынц ирон æвзаг æмæ литературæ, суанг Дзæуджыхъæуы дæр, æмæ дзы бирæтæ фæлварæнты ирæттæй райсынц хуыздæр бæрæггæнæнтæ. Вячеслав Иванов каст фæци Дзæуджыхъæуы фæндзæм скъола, ирон æвзаг дзы афтæ хорз базыдта æмæ, дæсныйад райсыны фæстæ Санкт-Петербурджы куы æрцард, уæд Интернеты байгом кодта хисæрмагонд сайт «Вячеслав Иванов». Сæргонд «Ирон энциклопеди»-йы бынмæ дзы дунейы адæмты зонгæ кæны Ирыстонимæ, ирон адæмы историимæ, æвзаг æмæ нæ хуыздæр лæгтимæ.

Худинаг у, Ирыстоны цæргæйæ, ирон уæвгæйæ, иронау ма зон дзурын. Кæсын, фыссын. Уæлдай худинагдæр та у Вячеслав Ивановы хуызæтты, ирон нæ уæвгæйæ йыл æнувыд чи у, уыдоны раз, Къостайы уды рис хъуыды кæнгæйæ, нæ дзæнæты бадинаг фыдæлты рухс ном мысгæйæ. Не ‘взаг, нæ адæмон сфæлдыстад, не ‘гъдæуттæ базонынмæ нæм цæуынц фæсарæнтæй, ам нæхиуæттæ та сыл былысчъил кæнынц. Сæ худинаг сæ фæсонæрхæджы дæр нæй, афтæмæй. Ныр цалдæр хатты Ирыстонмæ дард Францæй, æцæгæлон бæстæйы сæйраг горæт Парижæй ссыд францаг лæппу Лоран Алибер. Уый сæхимæ францаг æвзагыл Нарты кадджытæ Ж.Дюмезилы тæлмацæй куы бакаст, уæд йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты, æмæ æвзыгъд лæппу йæхицæн хæсыл банымадта, чи сæ сфæлдыста, уыцы адæмы базонын. Æмæ нын ахуыр кæнын райдыдта нæ адæмон сфæлдыстад, не ‘взаг, докторон диссертаци фыссы Нарты кадджытæй.

Нæ Иры фæсивæдæн, рæзгæ фæлтæрæн, хи æрæмбарынæн, не ‘взаг, наци бахъахъхъæныны хъуыддаджы бафæзминаг адæм бирæ ис нæхи Ирыстоны дæр. Уæхи зонут, йæхи чи нæ зоны, уый ничи зоны.

Не ‘взаг у нæ историон адрис. Уый нæ бæтты нæ рагфыдæлтæ скифтимæ, сæрмæттæ æмæ алантимæ. Уыцы бастдзинад куы фесафæм, уæд сæфынц нæ истори æмæ нæхæдæг дæр. Уæд нын нæ фыдæлты сæхи бакæндзысты, истори кæмæн нæй, афтæмæй æнæбындур — æнæфсонæй сæхи алантыл чи бæтты, абон сæ зæххытыл чи цæры, æмæ ма дзы махæн нæхимæ цы баззад, уыдонмæ дæр чи лæбуры, уыцы цыракæнон адæмтæ.

 

 

 

Сабатизæры нæлгоймæгтæ

Уæ хорзæхæй, хорз адæм, ацы æрмæджы сæргонд уæм диссаг ма фæкæсæд! Раздæр ирон адæммæ марды сабатизæр уыд сылгоймæгты. Кæд-иу хæдзары фынгыл цыппар — æхсæз, æппæты фылдæр дæс нæлгоймаджы æрбадт, уæд хорз. Æфсинтæ æмæ-иу хæрзхиуæттæ марды фæдыл цы æрцæттæ кодтой, уый-иу ын нæлгоймæгтæ хæдзары ныххæлар кодтой, стæй йын йæ фылдæр хай сылгоймæгтæ хастой уæлмæрдмæ. Уым ыл-иу фæкуыдтой, рухсæгтæ йын-иу фæкодтой. Сæ хæссинæгтæй ма-иу цы баззад, уыдон мæрдджынты хæдзармæ хæссын нæ фæтчыд, кæрæдзийы мидæг сæ-иу адихтæ кодтой. Æмæ сæ алчидæр хаста сæхимæ. Ахæм æгъдау нæм ис ныр дæр. Афтæ кæнгæ у марды мысæн бонты уæлмæрдæй здæхгæйæ алы хатт дæр.

Уыцы хæссинæгтæй уынджы сывæллоны къухы исты авæр, уый та мардæн у стыр æхсызгон. Уымæн æмæ, марды фæдыл цы хойраг æмæ хæлц æрцæттæ кæнынц, уыдон, дам, цас адджынæндæр хæрд æрцæуой, уый бæрц æм хуыздæр хæццæ кæнынц Мæрдты бæстæм. Уæлдайдæр, рæзгæ адæймаг цы бахæра, уый. Уынджы хъазæг сывæллон æдзух змæлгæйæ æххормаг кæны, æмæ йын-иу уæлмæрдæй цæуæг сылгоймæгтæ йæ къухты цы авæрдтой, уыдон хæрз адджынæн хордта.

О, фæлæ мæнæн мæ ныхас сабатизæры нæлгоймæгтыл куы у. Сабатизæртæ фылдæр уыдысты сылгоймæгты. Уыдон дзы архайдтой, бирæтæ дзы-иу уым фыццаг хатт кæрæдзи федтой, кæнæ кæрæдзи рагæй нал федтой, æмæ сын-иу ныхас ацайдагъ, рафæрс-бафæрсыл-иу фесты. Уæлдайдæр та уæлмæрдæй здæхгæйæ. Кæд ма фендзысты кæрæдзи, кæд ма фæдзурдзысты сæ зæгъинæгтæ кæрæдзийæн… Æмæ-иу сыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Мæнæ абон дзыппыдаргæ телефонтæй дзурджытау. Гъе уымæ гæсгæ нæм фæзынд ахæм ныхас: «Сабатизæры устытау та ныхасыл куы фестут…»

Ныр нæ сабатизæры нæлгоймæгтæ фæфылдæр вæййынц. Уæлдайдæр Горæтгæрон районы хъæуты. Уыдоныл дзы ницы хæс æвæрд вæййы, æмæ дзурынмæ нæ сылгоймæгтæй фæфыддæр сты. Цæугæ та цæмæн æрбакæнынц? Ирон адæммæ сабатизæр сылгоймæгтыл нымад куы у! Мæрдджынты уæлдай фæлхасы тыххæй! Бæрц нал зонæм, æмæ нæ хъуыдыджын æгъдæуттæ цаудæй-цауддæрмæ цæуынц. Сабатизæр у ног марды ном ссарынæн, фæхъыг ыл кæнынæн. Цæлы фынгыл рабадынæн нæу! Кæд мардыл дæ зæрдæ тынг риссы, уæд ын йæ уæлмæрд бабæрæг кæн.

 

Мæрдæхсæвæр, æви æнæныгæд мардæн хæрнæг

Ирон адæймаг цардæй куы ахицæн вæййы, уæд æй æртыккаг бон йæ сыджытыл сæмбæлын кæнынц. Уый размæ æхсæв та йын йæ фарсмæ æрæвæрынц æхсæвæр — йæ хæдзары йæ фæстаг æхсæвæр. Уый йын хурныгуылды размæ хистæр нæлгоймæгтæ ныххæлар кæнынц.

Уыцы рæстæг сыхы хистæртæ кæстæртимæ амбырд вæййынц, зианджын бинонты Хуыцауыл бафæдзæхсынц, мардæн рухсаг фæзæгъынц, стæй сæ уæд райсом марды ныгæнæн бон хистæрæй, кæстæрæй кæуыл цы хæс æвæрд ис, уый сбæрæг кæнынц, æнæрхъуыдыйæ сæ куыд ницы аирвæза, ууыл бамæт кæнынц. Сæ разы сын цы хойраг æмæ нозт æрæвæрынц, уый æрбахæссынц хиуæттæ кæнæ — сыхæгтæ. Мæрдджыны хæдзары арт кæнын дæр нæ фæтчы йæ ныгæнæн бонæй раздæр.

Мæрдæхсæвæр иуæй-иу рæтты куыд кæнынц, ома, хæдзары арт дæр скæнынц, дзаджджын фынгтæ æрæвæрынц, æмæ сыл бирæгæйттæ æрбадынц. Суанг мæрдджынтæ дæр. Мард ма уæлтæрхæг вæййы, афтæмæй фынгтыл кæй рабадынц, уый у нæфæтчиаг, æнæфенд ми, бахæрон, бануазон, æндæр дзы ницы æгъдау ис. Худинаг ми. Тæфæбон ахæм митæй хи хизын хъæуы, чи амард, уый рухс цæсгом хъуыды кæнгæйæ.

 

Æрдзы сусæг лæвар

Зындгонд историон горæт-паддзахад Трояйæн йæ хъысмæт конд уыд. Фæлæ йæ цæрджытæ ницы хатыдтой, ницы æнкъардтой. Паддзах Приам, йæ ус Гекубæ сæ фæндзай фырты æмæ цыппор фараст чызгимæ сæ рæстæг æрвыстой куывдты æмæ æндæр хъæлдзæгдзинæдты. Фырттæн Гектор арæзта æфсæддон ерыстæ. Парисы уыдонмæ не ‘вдæлд. Бердзентæй цы рæсугъд Еленæйы раскъæфта, уыимæ сæ æгъдауы бындурыл кæд баиу кæндзысты, уæдмæ æрхъæцмæ нал лæууыд

Æрмæст иунæг Кассандрæ — Приамы фæндзайæм чызг — зыдта æппæт дæр æмæ тыхст, уыд æнæнцой, худын, кафын æм нæ цыд, йæ зæрдæ рыст, мæтъæлæй бадт æдзухдæр. Зыдта, горæтæн бирæ цæрæнбон кæй нал баззад. Зыдта, цæмæйдæр — æрдз ын иннæтæй уæлдай цы æбæрæг хъомыс радта, уый фæрцы. Зонынджын уыди. Фæлæ йæ ныхæстыл ничи æууæндыд, худæгæй йыл сæхи хастой. Æмæ дзæгъæлы уыдысты йæ митæ, йæ фæлварæнтæ Трояйы бынсæфтæй фервæзын кæныныл: йæ лæгъстæтæ Парисæн, Еленæимæ къайад ма скæн, зæгъгæ. Бердзентæ горæтмæ æввахс цы хъæдын бæх ныууагътой, уый мидæмæ ласын нæ уагъта — йæ фыдбылыз ын банкъардта.

Троя бабын, Кассандрæ куыддæриддæр дзырдта, афтæ. Фæцагъд сты мад æмæ фыд, æфсымæртæ. Йæхæдæг бахауд уацары бердзентæм. Уацайрæгты уаргæйæ, æрхауд зындгонд æфсæддон разамонæг Агамемнонмæ, æмæ иумæ мæнгардæй фæмард сты Агамемноны ус Клитемнестры къухæй. (Кæс: Гомер «Илиадæ»). Зонынджын уыди Кассандрæ. Æрдз ын стыр лæвар ракодта, фæлæ дзы йæ алыварс цыбырзонд, æнæмæт адæм не спайда кодтой. Зонынджын уыд Санаты Сем дæр. Адæмы уырныдта: цы зæгъа, уымæн æнæ ‘рцæугæ нæй. Уымæн æмæ йæ царды бавзæрстой. Цы бæллæхиу æрцыд, уый-иу рагацау загъта. Гуыбынмæ зыдта, йæхибар чи нæу, уымæн лæппу гуырдзæн, æви — чызг. Бирæ таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ базырджын ныхæстæ баззад Семæй:

«Æндахы хуызæн уыдзæн къæцæлтыл æмæ дзырд хæсдзæн, цы йæ хондзысты, уый нæ зонын». «Уд дзы нæ уыдзæн, афтæмæй зæххыл лæсдзæн тагъд. Ласдзæн хæхтæ æмæ бæстæ». «Ахæм фæлтæр уыдзæн, æмæ адæймаг базырджынæй тæхдзæн». «Хæдтулгæ уæрдон уыдзæн». «Лæппудзураг æмæ чызг-æфсины рæстæг æрцæудзæн» æмæ æндæртæ.

Абон дæр ма чидæртæ хъуыды кæнынц Урстуалты Астæуккаг Ерманы цæрæг Быгъуылты Сандройы. Уый дæр зонынджын уыд. Йæ цæстæнгасæй, ныхас æмæ къухты æвнæлдæй, кæрдæджытæй хорзы бирæ рынчынтæн бацыд, цардмæ бирæты раздæхта. Бирæ радзуринаг хабæрттæ ныууагъта уый дæр йæ фæстæ. Таурæгъты хуызæн цæуынц адæмы æхсæн.

Уæдæ чи нæ фехъуыста болгайраг куырм ус Вангæйы тыххæй.

Газетты, журналты йыл фыссынц уацтæ, уадзынц ыл чингуытæ. Уый, куырм уæвгæйæ, уыдта æппæт дæр, зыдта, кæрдæджытæй кæцы цавæр низ дзæбæх кæны. уый. Уымæй уæлдай ма дзырдта, райсом, мæй, афæдз… фæстæ цы æрцæудзæн, уый. Зонынджын уыд, Ливаны фынддæс азы цы хабæрттæ-фыдбылызтæ, тугкалæн хæстытæ æрцыд, уыдон уый ливайнаг журналистæн, йæ бæстæ ма сабыр куы уыд, йæ адæм ма денджызы был æнцадæнцойæ, æнæмæтæй сæ фæллад куы уагътой, уæд загъта. Куыдæй сæ базыдта, уымæй Советон Цæдисы фехæлд дæр, уымæн йæ бон дзуапп раттын нæ уыд. Æрдзон сусæг лæвар, æрдзон хъомыс.

Ахæмтæ ис иннæ бæстæты дæр. Телеканал ТНТ нæ базонгæ кодта уырыссæгтимæ, ирайнæгтимæ, индиæгтимæ, англисæгтимæ æмæ æндæртимæ. Ис нæхимæ Ирыстоны дæр. Уыдонæй иу — дохтыр Гецаты Таймураз (Константин), фарон архайдта телеканал ТНТ-йы равдыст «Битва экстрасенсов»-ы æмæ дзы бацахста фыццаг бынат. Уымæн йæ бон у мæрдты удтимæ ныхас кæнын. Йæхæдæг телеуынынады куыд загъта, афтæмæй уыцы курдиат йæхимæ бафиппайдта, мединституты ма куы ахуыр кодта, уæд марды уæлхъус анатомийы урочы: мард йемæ ныхас кæнын райдыдта. Уый фæстæ, дам, Дæргъæвсы зæппæдзты цур цалдæр æхсæвы цатыры арвыстон æмæ, дам, уымы мæрдты ныхæстæ дæр хъуыстон. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уыдон ын баххуыс кодтой равдыст «Битва экстрасенсов»-ы фыццаг бынат бацахсынæн

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here