Фарон РЦИ-Аланийы Парламенты æвзæрстыты размæ закъонадон оргæнмæ курдиат балæвæрдтой фæсивæд, цæмæй Дзæуджыхъæуы Промышленнон районы арæзт æрцæуа фадæттæ фæсивæды спорты хуызты архайдæн. Сæ курдиат сын сæххæст кæнынæй зæрдæ бавæрдта парти «Иугонд Уæрæсе»-йы парламентон фракцийы уæнг Дмитрий ДЮБУА.
Знон Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг уынджы 29-æм хæдзары раз кадджын уавæры байгом ног спортивон фæз.
Спортивон фæз гом кæнгæйæ сырх лент алыг кодта Æппæтуæрæсеон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь ОРТАБАЙТЫ Тимур.
Уый банысан кодта фæззæг сæ партийы уæнгтæн кæддæриддæр вæййы активон архайды æмæ æнтыстыты, стæй ног арæзтадон объекттæ царды уадзыны рæстæг.
— Республикæйы разамынд æмæ горæты администраци стыр æргом здахынц, фæсивæд цæмæй сæ уæгъд рæстæг æмбæлгæ хуызы æрвитой, уымæ. Уыцы хъуыддæгты сын нæ депутаттæ дæр разæнгардæй кæй æххуыс кæнынц, суанг ма ног объекттæ гом кæнынмæ сæхи фæрæзтæ дæр кæй раттынц, уый нымаинаг у. Æмæ сын зæгъæм стыр бузныг. Спортивон фæз спорты хуыз воркаутæй архайынæн кæй у, уый фæсивæдæн æхсызгон хабар уыдзæн. Ацы спорты хуызæн нæдæр сæрмагонд бæстыхæйттæ хъæуы, нæдæр уæлæмхасæн фæрæзтæ. Фæсивæдæн афæдзы алы афон дæр сæ бон уыдзæн ацы спорты хуызæй архайынæн. Уый уæлдай хæрдзтæ нæ домы бинонты бюджетæй дæр, — загъта Ортабайты Тимур.
РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Дмитрий Дюбуа промышленнон зылды цæрджытæн загъта, тагъд рæстæг ма кæй фæзындзæн ноджыдæр иу спортивон фæз. Уыдзæн дзы кæстæр кары фæсивæдæн хиирхæфсынæн æппæт фадæттæ дæр. Афтæмæй Дмитрий Дюбуайы хъæппæрисæй Промышленнон зылды цæрджытæ лæварæн райстой æнæхъæн фæлладуадзæн комплекс.
Ног хъазæн фæз куыддæр байгом, афтæ сабитæ, сывæллæттæ æмæ хистæр кары фæсивæд равдыстой сæ хъарутæ турниктыл хи уæлæмæ исынæй æмæ спорты æндæр хуызтæй.
Æппæтуæрæсеон политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайады прессслужбæ














