Республикæйы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав фембæлд тыхы структурæты минæвæрттимæ. Фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министр Михаил СКОКОВ, инæлæрттæ ХОДЫ Алыксандр æмæ ЦАРАХАТЫ Саламджери. С.М. Кировы номыл Мидхъуыддæгты министрады Цæгат Кавказы училищейы рауагъдонты номæй инæлæрттæ арфæ ракодтой республикæйы Сæргълæууæгæн училищейы 80 азы юбилей кадджын уавæры сбæрæг кæныны хъуыддагæн æххуысы тыххæй
— «Кировонты» номæй дын арфæ кæнын, — загъта Ходы Алыксандр. — Махæн уый уыдис ахсджиаг мадзал æмæ арæзт æрцыд æппæты уæлдæр æмвæзады. Стыр бузныг дæуæн æмæ, училищейы юбилей сбæрæг кæныны хъуыддагыл чи архайдта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.
Республикæйы Сæргълæууæгмæ цы Арфæйы фыстæг радтой, уым ын уæлдай стырдæр арфæ кæнынц мемориалон комплекс «Барбашовы фæз» саразыны тыххæй.
Фембæлдæн ма уыд иу ахсджиаг æфсон, РЦИАланийы мидхъуыддæгты министр, пъæлицæйы инæлар-лейтенант Михаил Скоковы «Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон командæгæнджыты клуб»- мæ кæй райстой, уый. Клубы уæнгтæ уæвын сæ бон у, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады, Мидхъуыддæгты министрады æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады æфсæддон командæгæнджытæй æфсады инæлар æмæ уымæй уæлдæр æфсæддон цин кæмæ ис, уыдонæн. Клубы кадджын уæнг у Уæрæсейы Федерацийы Президент.
Клуб активонæй архайы Хъахъхъæнынады министрадæн хæстон архайдтытæ æххæст кæныны тактикæ æмæ стратеги, стæй æндæр хабæртты фæдыл фæндæттæ хæссыны хъуыддаджы. Уыцы фæндæттæ арæх æрцæуынц хаст Гæрзифтонг тыхты архайдмæ. Клуб ма аразы быцæуты архайæг бæстæты ‘хсæн ахастдзинæдты æндыгъд уавæр фæлæмæгъдæр кæнынæн ахъазгæнæг фембæлдтытæ.
— Бузныг, мæн æмæ министрады куыстæн стыр аргъ кæй кæныс, уый тыххæй. Бузныг, мемориалон комплексы арæзтады нæ бавæрæн кæй фæбæрæг кодтай, уый тыххæй. Уырны мæ, проектæй ницы рауадаид, республикæйы Сæргълæууæджы æххуыс куы нæ уыдаид, уæд. Нæ хъæбатыр фыдæлты ном æнусонгонд кæй æрцыд, уый республикæйы цæрджыты зæрдæты æвзæрын кæны нæ иумæйаг ивгъуыдæй æмæ нæ Цытджын бæстæйæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ, — загъта инæлар Скоков.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ