Алцыдæр — адæмы удæнцойдзинадæн

0
678

 

Нæ республикæйы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз бабæрæг кодта арæзтадон объекттæ, фембæлди цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстуæтты минæвæрттимæ, сбæлвырд кодта, зымæджы уавæрты кусынмæ куыд цæттæ сты, уый æмæ ма бирæ æндæр фарстатæ.

Хицауады Сæрдары кусæг балц райдыдта ахсджиаг объектæй — тарнизы рынчындоны ног бæстыхайы арæзтадæй. Куыстытæ æнæкъуылымпыйæ цæуынц, кæрты — бирæ адæм, сæрмагонд техникæ. Афойнадыл кæй сцæттæ уыдзæн рынчындон, адæмæн дзы аккаг уавæртæ кæй уыдзæн, уымæй аразджытæ зæрдæ бавæрдтой.

Дарддæр Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта Дзæуджыхъæуы фидауц — Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парк. Ам дæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ, фæзынд дзы ног къахвæндæгтæ, хуызджын рухсытæ, базилдзысты хидтæм, цады алыварс быру ногæй раивдзысты.

— Æгæр сындæггай цæуынц куыстытæ, ныхæстæй дарддæр хъуыддаг нæ зыны. Бирæ адæм тырнынц паркмæ сæ фæллад уадзынмæ, æмæ дзы хъуамæ зæрдæрухсæй улæфой, — загъта Хицауады Сæрдар.

Нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм равдыстыты зал фæзындзæн Национ музейы. Йæ рацарæзт кæронмæ фæхæццæ кæны, йæ бæстыхай йын фæуæрæхдæр кодтой. Алы кары адæм цæудзæн музеймæ, алчидæр дзы æхсызгондзинад райсдзæн. Фыццагдæр, сентябры кæрон, фенæн уыдзæн Дзанайты Азанбеджы куыстыты равдыст «Жизнь, ставшая легендой».

Уæрæсейы Пенсион фонды æмæ республикæйы бюджеты æххуысæй цалцæг цæуы зæрæдты хæдзар «Забота»-йы ног дыууæуæладзыгон бæстыхай. Цæрæн уæттæ хуысгæ рынчынтæн, медицинон кабинеттæ, хихсæнтæ. Æдæппæт — 2,5 мин квадратон метры. Дыккаг уæладзыджы уыдзæн æмбырдтæаразæн стыр зал, уæрæх балкъонимæ.

Ныртæккæ уал ахицæн сты бетоны, сантехникæйы æмæ вентиляцийы куыстытæ. 1 ноябрьмæ æмгъуыд кæнынц аразджытæ. Уæд ног рацарæзт бæстыхай хъуамæ суазæг кæна йæ цæрджыты.

Тæхудиаг сты уыцы сывæллæттæ, тагъд рæстæг технопарк «Кванториум»-ы къæсæрæй чи бахиздзæн, уым арф зонындзинæдтæ чи исдзæн. Уый тыххæй та центры уыдзæн æппæт уавæртæ — фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ, нырыккон ифтонггæрзтæ, уæрæх æмæ райдзаст кусæн уæттæ.

700 сывæллоны бæрц æрвылбон ахуыр кæндзысты, сæ зондахастæн пайда чи у, фидæны сæ чи бахъæудзæн, ахæм дæсныйæдтыл. Тускъаты Таймураз разыйæ баззад арæзтадон куыстытæй, афæдзы кæронмæ центр йæ дуæрттæ сабитæн кæй байгом кæндзæн, уымæй йын ныфс бавæрдтой.

«Адæмы удæнцойдзинад — уымæй ахсджиагдæр фарста нæй. Хъуамæ зымæджы мæйтæ цæрджытæ æдыхстæй, сæ хъарм хæдзæртты арвитой» — ахæм ныстуанимæ Хицауады Сæрдар фембæлд коммуналон хæдзарады кусджытимæ.

Барбашовы æмæ Доваторы уынгты, 280 метры бæрц, ивд цæуы хъармгæнæн трассæ, ног хæтæлтыл хæдзæрттæм цæудзæн хъарм. Къуылымпытæ кæй нæ уыдзæн зымæджы мæйты, уымæй ныфс бавæрдтой, Шмулевичы æмæ Къесаты Астаны уынгты цы хъармгæнæнтæ ис, уыдоны кусджытæ. Хъармгæнæн агтæ ныртæккæ сыгъдæг кæнынц, сæ нымæцыл дæр бафтыд. Кусынц æрдзон газæй æмæ кæд фарон къуыхцытимæ куыстой, уæд ацы аз та уавæр хуыздæрæрдæм аивта.

— Бузныг уæ фæллойæн. Лæггад кæнут бирæ адæмæн, сымахæй аразгæ у алы хæдзарæн йæ «боныхъæд», цæрджытæн — сæ равг. Дысвæлдæхтæй нæ бавналын хъæуы, цæмæй хъармгæнæн сезон æмбæлгæ уагыл ацæуа. Куысты рæстæг уæ æдасдзинады домæнтæ рох ма уæнт, уæ архайдæй зæрдæрухс ут, — загъта Хицауады Сæрдар. Боны дыккаг æмбис Тускъаты Таймураз арвыста Алагиры районы. Бындурон цалцæггæнæн куыстытæ конд æрцыд Алагиры центрон рынчындоны. Цыппаруæладзыгон бæстыхай йæ хуыз скалдта, ныр дзы цæуы æфснайæн куыстытæ. 1985 азæй нырмæ дзы ахæм цалцæг никуы уыд, баивтой дзы алцыдæр, йæ æддаг бакастæй дæр зæрдæ рухс кæндзæн. Æрбынæттон дзы уыдзысты терапевтон, хирургион, гинекологион æмæ диагностикон хайæдтæ, арæндон, стæй хорз лаборатори.

Амæй-ай хуыздæр арæзтадон æрмæгæй пайда кæнгæйæ, кæронмæ ахæццæ Алагиры хуссар-ныгуылæн хайы ног дыууæуæладзыгон рæвдауæндоны арæзтад. 120 сабийы æрбацыдмæ сæхи цæттæ кæнынц хистæртæ. Æхсæз къордæй уал кусын райдайдзæн цыппар. Афтæмæй, рады цы ныййарджытæ лæууыд, уыдоны курдиæттæ сæххæст кæндзысты.

Алагиры сæйраг уынгтæй иу хæссы Ленины ном. Уарзон бынат у цæрджытæн. Йæ бульвары бæлæсты аууон ныр æрбадæн уыдзæн ног бандæттыл, сæвæрдтой дзы ног аив бырондæттæ, изæрыгон дæр ног асфальт фæндæгтыл, цырагъы рухсмæ тезгъо кæнæн уыдзæнис. Адæмы удæнцойдзинадæн цы аразынц, уымæн стыр аргъ скодта Хицауады Сæрдар.

Уæдæ зымæджы уавæрты кусынмæ куыд цæттæ сты Алагиры хъармгæнæнтæ, уыимæ дæр базонгæ кодтой уазджыты. Цымыдисаг балц рауад Црауы дыргъдæттæм. 650 гектары фæзуатыл, фатау æмраст рæгъытæй сагъд сты фæткъуы бæлæстæ. Ацы аз уал сæ тыллæг рауад 300 тоннæйы бæрц, фæлæ фидæны мин тоннæмæ æнхъæлмæ кæсынц. Пайда кæнынц цæугæ донæй. Шлангыл дон æртахгай цæуы алы бæласы уидагмæ дæр.

— Црайуаг фæткъуытæ, иннæ аз та ма — кæрдотæ дæр. Дыргътæ, фыццаджыдæр, уæйгонд цæудзысты нæхи республикæйы цæрджытæн, — загъта Алагиры районы сæргълæууæг Бутаты Арсен.

— Цæуыл ахъуыды кæнæм, ахæм фарстатæ бирæ ис, — загъта Тускъаты Таймураз йæ кусæг балцæн хатдзæгтæ кæнгæйæ. — Ахсджиаг сты, адæмы удæнцойдзинадæн, сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн, се ‘нæниздзинадæн ахъаз чи у, уыцы объекттæ иууылдæр. Бирæ сарæзтам, уымæй фылдæр та ма нæ бакæнын хъæуы.

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here