Знон Цæгат Ирыстоны æрымысыдысты, 2002 азы сыгъзæрин фæззæджы фыццаг мæйы 20 бон, Хъæрмæдоны ихзæйы амæттаг чи бацис, уыцы адæмы рухс нæмттæ. Æхсæрдæс азы рацыд уыцы æнамонд хабарæй, фæлæ абон дæр сæхицæн æнцой не ссардтой, йæ хæдзарæй фæцу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл чи ацыд, уыдоны бинонтæ.
Адæймаджы къухæй арæзт фыдракæндæй нæ фесæфтысты. Æрдзы хивæнд æмæ тызмæг митæй, ахæм уыд сæ тæрхон. Фæлæ, цы ‘рцыд, уымæн раздахæн нал ис. Ахæм æвирхъау цаутæ нæ хъуамæ ноджы æнгомдæр кæной кæрæдзимæ. Æмæ нæ рох ма уой, царды æрфытæм чи нæ бахæццæ, уыцы цæрынхъуаг фæсивæд. Не сты æмæ нæ уыдзысты рох. Уымæн та æвдисæн, Джызæлы сæрмæ, ихзæй кæм æрлæууыд, уыцы бынаты цы иумæйаг цыртдзæвæн арæзт æрцыд, уый. Уырдæм æрвылаз дæр 20 сентябры канд Ирыстоны цæрджытæ нæ, фæлæ ма æрцæуынц æндæр рæттæй дæр сæфт адæмы нæмттæ æрымысынмæ æмæ сын «рухсаг» зæгъынмæ.
Афтæ уыдис ныр дæр. Номарæн мадзал райдыдта райсомæй аст сахаты æмæ æртын минутыл. Цыртдзæвæнмæ ивылдысты Ирыстоны дзыллæтæ æнæхъæн бон, хастой æмæ хастой дидинджытæ, веноктæ. Æппæты фыццаг æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев, мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Михаил Ратманов, культурæйы министр Милдзыхты Руслан, нæ республикæйы районты сæргълæуджытæ, алы ведомствотæ æмæ тыхы структурæты æмæ политикон партиты разамонджытæ, æхсæнады минæвæрттæ, скъоладзаутæ, студенттæ. Номарæн конд æрцыд æнæ «раныхастæй» æмæ «интервьютæй». Æнкъард музыкæйы зæлтæй кæрæдзийæн хуымæтæг ныхæстæ зæгъын дæр никæй зæрдæ загъта, афтæмæй.