Ирон культурæйы артдзæст, Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театр рæхджы байгом кæндзæн йæ ног сезон. Театрдзаутæ ныридæгæн цымыдисæй æнхъæлмæ кæсынц ног спектакльтæм, культурон мадзæлттæм. 84-æм театралон сезоны агъоммæ Ирон театры аивадон разамонæг æмæ сæйраг режиссер КОЛЫТЫ Владиславимæ фембæлд «Рæстдзинад»-ы уацхæссæг. Се ‘хсæн рауад ахæм ныхас:
— Владислав, кæд байгом уыдзæн театралон сезон? Цавæр спектаклæй?
— Куыд фарон, афтæ ацы аз дæр театр байгом уыдзæн 15 октябры, Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон. Ацы аз йæ райгуырдыл æххæст кæны 159 азы. Райсомæй йын артисттимæ йæ цыртыл æмæ театры кæрты цыртдзæвæныл сæвæрдзыстæм дидинджытæ, бакæсдзыстæм йæ уацмыстæ, изæры 19. 00. сахатыл та театрдзаутæ нæ сценæйыл фендзысты Къостайы æнæмæлгæ уацмыс «Фатимæ»-мæ гæсгæ æвæрд спектакль. Фарон нæм цы спектакльты премьерæтæ уыд, уыдонæй адарддæр кæндзыстæм нæ куыст ног спектакльты премьерæтæм фæндагыл.
— Театр цардхъом у йæ курдиатджын режиссертæй, артисттæй æмæ премьерæтæй. Цавæр ног спектакльтæй бабуц кæндзыстут театрдзауы ацы сезон?
— Ныртæккæ нæм хъазуатонæй куыст цæуы Плиты Грисы уацмыс «Чермен»-ыл. Хуымæтæджы йæ нæ равзæрстам. Грисы райгуырдыл æххæст кæны 105 азы, йæ рæстæджы Чермены сурæты аивады уæлтæмæны чи бацыд, уый, Уататы Бибойы райгуырдыл та — 80 азы. Спектаклы режиссер у УФйы сгуыхт артист Сæбанты Тамерлан, нывгæнæг — Эммæ Вергелес. Сæрмагондæй йын музыкæ ныффыста нæ республикæйы Композиторты цæдисы сæрдар Махъоты Ацæмæз. Премьерæмæ театрдзауты фæхондзыстæм 8, 9 ноябры Ирон театры равзæрды боны агъоммæ.
Ног азмæ сывæллæттæн бацæттæ кæндзыстæм Михаил Бартеневы аргъау «Митæйы рæсугъд» («Снегурушка»). Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта драматург, режиссер Айларты Асæхмæт. Сценæйы йæ сæвæрдзæн æрыгон режиссер Гæджиты Мæдинæ. Ныртæккæ йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæны Мæскуыйы Константин Райкины театралон аивады уæлдæр скъолайы зындгонд режиссер Кама Гинкасы æрмадзы. 20 декабрæй суанг 7,8 январмæ нæ артисттæ кæстæр театрдзауты буц кæндзысты ацы алæмæтаг аргъауæй. Январы нæм Азербайджанæй ссæудзæн курдиатджын драматург æмæ режиссер Али Амирли æмæ сценæйыл сæвæрдзæн йæхи фыст пьесæ «Хъæздыг сылгоймаг». Ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта РЦИ-Аланийы адæмон артист Бытъæты Роберт. Йæ премьерæ уыдзæн Театры æппæтдунеон бон — 27 мартъийы. Февралы режиссер Мерденты Марат сæвæрдзæн Шекспиры трагеди «Антоний и Клеопатра» Плиты Грисы тæлмацæй. Театралон сезон дæр нæ зæрды ацы спектаклæй ис сæхгæнын.
— Спектакльтæй уæлдай ма цавæр культурон мадзæлттæ уыдзæн театры?
— Йæ цард æнæхъæнæй дæр театрæн цы артисттæ снывонд кодтой, уыдонæн ис æрмæстдæр райгуырæн бон. Не ‘хсæн сæ чи нал ис, уыдонæн 2018-2019 азты театралон сезоны иумæйагæй сбæрæг кæндзыстæм Туаты Дауыты 115 азы, Хъæрджынты Варварæйы, Къомайты Василисæйы, Таутиаты Солæманы, Икъаты Серафины 110 азы, Плиты Грис æмæ Мæхъиты Лаверы 105 азы, Брытъиаты Зариффæйы 100 азы, Беккуызарты Аслæнбеджы 90 азы, Хъалæгаты Федыры, Хуырымты Уырызмæджы æмæ Тъуриты Махарбеджы 85 азтæ, Уататы Бибойы 80 азы. Нæ абоны артистты ‘хсæн дæр ис юбиляртæ, æмæ сын скæндзыстæм сфæлдыстадон изæртæ Театралон музейы кæнæ нæхи къорды ‘хсæн, æнгом бинонтæм ‘куыд вæййы, афтæ.
— Спектакльтæ иууылдæр ирон æвзагыл æвæрд уыдзысты?
— О, æмæ афтæ уыдзæн дарддæр дæр. Иронау чи не ‘мбары, уымæн та баххуыс кæндзысты нæ тæлмацгæнджытæ хъусылдарæн аппаратты руаджы.
— Иннæ азтæй уæлдай цы ивддзинæдтæ уыдзæн уæ куысты?
— Фыццаджыдæр, театры сног уыдзысты йæ раздæры традицитæ. Спектакльтæ æвдыст цæудзысты 19.00 сахатыл сабат æмæ хуыцаубонæй фæстæмæ. Театрдзаутæй курын, цæмæй-иу рагацау сæ билеттæм гæсгæ бацахсой бынæттæ, уымæн æмæ спектакльмæ хонæг дзæнгæрæг æртыккаг хатт куы ныццæгъда, уæд залы дыууæрдæм кæнæн нал уыдзæн. Хъыгагæн, бирæ театрдзаутимæ абон хъæуы хъомыладон куыст кæнын. Сæ чырæг телефонтæ не ‘рмынæг кæнынц, рацубацу сисынц, иннæтæ та ныхас фæкæнынц спектаклы рæстæг æмæ уымæй халынц уаг. Хъыгагæн, раздæр бинонтæ иумæ куыд цыдысты театрмæ, афтæ абон нал цæуынц, æмæ уый дæр у хъуыдыйаг.
— Цал спектаклы ис уæ репертуары?
— Республикæйы хъæутæм, гастрольтæм цы спектакльтæ аласæм, уыдон сты ссæдз. Сентябрæй июньмæ æвдыст цæудзысты хъæуты, скъолаты æмæ рæвдауæндæтты. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы амындмæ гæсгæ бастдзинад дарæм ногарæзт Культурæйы хæдзæрттимæ æмæ уым дæр æвдисæм нæ спектакльтæ.
Алы уавæртæ æмæ ахастдзинæдты аххосæй фæсте цы артисттæ æмæ режиссертæ аззад, уыдонæн дæр, æнæмæнг, хъæуы уавæртæ скæнын сæ хъарутæ сценæйы равдисынæн. Уымæн та хъæуы рæстæг. Академион театры хъуамæ уа хорз репертуар, куыд ирон драматурги, афтæ уырыссаг æмæ фæсарæйнаг классикты уацмыстимæ. Хорз ирон драматурги кæй хонынц бирæтæ, уый та хъуамæ иу адæймаг нæ, фæлæ сæрмагонд къамис рахæсса уынаффæ, цалынмæ йæ сценæйы нæ сæвæрой, уæдмæ.
Хъыгагæн, абон боныгон цырагъимæ агурын хъæуы кæстæр фæлтæры ‘хсæн, иронау хорз чи дзуры, ахæм артистты. Мæхæдæг дæр Ирон театрмæ кæддæр уырыссаг здæхт ныхасыхъæдимæ æрбацыдтæн, фæлæ мæ Орзетæ газет «Рæстдзинад»-æй æрсаста. Кастæн æй райдайæнæй кæронмæ алы бон дæр. Фæлæ абон нæ иунæг ирон газет дæр нæ интеллигæнцийæ стæм фыссы, æмæ уый у стыр фыдракæнд.
Нæ зæрды ис театры фæлгæты сывæллæттæн ирон театралон студи байгом кæнын, цæмæй сывæллæттæ сæ цахъæнтæн æвдисой сæ æнтыстытæ театралон аивады æмæ уыдоны дæр разæнгард кæной. Бæргæ хорз уаид, театры ма нæм хицæнæй къаддæр сценæ дæр куы уаид, уæд.
— Кæдæм цæудзыстут гастрольты?
— 2019 азы нæм федералон программæ «Большие гастроли»-йы фæлгæты гастрольты æрцæудзæн Мæскуыйы дзуттаг театр «Шолом». Æрцæуинаг нæм у Мæскуыйы музыкалон театр, равдисдзысты «Пеппи Длинныйчулок». УФ-йы Президенты программæйы архайгæйæ, нæхæдæг нæ фæндаг акæндзыстæм, гæнæн ис Владивостокмæ, уыдон та — махмæ. Чи зоны, Туркмæ дæр ацæуæм. Алы аз дæр вæййæм нæ хуссайраг æфсымæртæм нæ хуыздæр спектакльтимæ. Уыдон та æрцæуынц махмæ.
— Театры цы 75 артисты ис, уыдонæй УФйы адæмон артисты кадджын ном исчи хæссы?
— Хъыгагæн, нæдæр Ирон театры, нæдæр театр «Саби»-йы артисттæй УФйы адæмон артисты номæй хорзæхджын ничи у. Уырыссаг театры уавæр у бынтон æндæр. Уымæн ис аххосæгтæ. Цы гæххæттытæ-иу арвыстам, уыдон-иу фæстæмæ раздæхтой, уымæн æмæ домæнты номхыгъдты цы сурæттæ хъуамæ уыдаид, уыдон-иу фаг нæ разындысты ацы ном райсынæн. Уым, фыццаджыдæр, фау æрхæссæн ис, театры аивадон разамонæг æмæ театры литературон хайады сæргълæууæгмæ.
— Театры тынг арæх вæййы концерттæ, æндæр мадзæлттæ. Уæ куыст уын нæ къуылымпы кæнынц?
— Бæгуыдæр, кæнынц. Бирæты курдиатыл куы нæ сразы вæййын, уæд мæм хæрам дæр фæвæййынц. Концерттæн, юбилейтæн, сфæлдыстадон изæртæн Дзæуджыхъæуы ис æндæр фæзтæ, Ирон театры та, фыццаджыдæр, æмæ сæйрагдæр хъуамæ æвдыст цæуой спектакльтæ, æмæ сæ æвæрынæн хъæугæ мадзæлттæ аразын. Уымæн та хъæуы фаг рæстæг æмæ бынат репетицитæ кæнынæн. Закъонмæ гæсгæ нæ сценæйыл сæрмагонд концерт раттынæн бар ис æрмæстдæр Паддзахадон ансамбль «Алан», Кокойты Агуындæйы зарæггæнджыты къорд æмæ нæ театры артисттæн: Гæбуты Жаннæйæн, Битарты Алыксандрæн æмæ иннæтæн. Театрæн раттын хъæуы рæстæг театралон аивадыл кусынæн.
Ныртæккæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы æххуысæй Ирон театры цæуы арæзтадон куыстытæ. Ивынц дыккаг уæладзыджы рудзгуытæ. Театры бирæ æркæсинаг фарстатæ ис, æмæ уыдоныл дæр къæпхæнгай кусдзыстæм. Зæгъæм, цæмæй сценæмæ нырыккон электрон рухсытæ самал кæной, уый тыххæй уал фыццаг раивын бахъæудзæн электрон телтæ иууылдæр.
Колыты Владислав куыд загъта, афтæмæй куыст цæуы Джыккайты Шамилы уацмыс «Хъодыгонд зæд»-ыл дæр. Ирон театрыл иузæрдиондæр театрдзаутæ ут! Махæн та Ирон театрæн нæ зæрдæ зæгъы ноджы фылдæр æнтыстытæ æмæ сфæлдыстадон уæлахизтæ!
Ныхас ныффыста ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ














