Зынаргъдæр хæзна — йæ цæрджытæ

0
459

 

Ирыстон Уæрæсеимæ баиу уæвыны фæстæ хохæгтæн зæххытæ быдыры дæттын райдыдтой. Дзыллæты разæнгарддзинадæн кæрон нæ уыд.

Елхоты фыццаг сыхтæ Хæрисджыны фæзындысты. Фæлæ ног цæрæн бынатæй арфæгонд нæ фесты. Нуазыны дон ам нæ фæбæззыд. Цæрджытыл-иу алыхуызон низтæ сыстад, зиантæ сарæх сты. Уыйадыл Теркæн йæ рахиз фарсмæ ралыгъдысты æмæ рамбылдтой.

Елхотæн йæ даргъ æмæ фæтæн уынгтæ абон хъæуы фидауц сты. Уыдон ивгъуыд æнусы райдайæны фæзындысты. Терчы облæсты архитекторты æрхъуыдыдзинад сæ хонынц. Уыцы хъæппæрис цæрæн бынаты уæды хицау Дзиуаты Дæхцыхъойæ рацыд. Ацы лæг адæмы хорздзинадмæ бæллыд æмæ стыр хæрзты бацыд йæ дзыллæйæн.

Цардæн рæстдзинад у йæ бындур. Адæм йæ фарс сты, фæлæ йын ныхмæлæуджытæ дæр разыны, гадзрахатæй разилынмæ цæттæ, фæлывд митæм рæвдз чи рахæссы, уыдон. Дæхцыхъойы сæ азар басыгъта. Хорз хистæр æмæ разамонæджы фыдгæнджытæ æвирхъау хуызы амардтой.

Дзиуы-фырт «ацыд», фæлæ йæ хъуыддаг æрдæгыл нæ баззад. Агънаты Æнхъæл ссис Елхоты хъæуыхицау. Адæм дзы æнæнхъæл нæ фесты. Кæстæртæй ахуырмæ чи бæллыд, уыдонæн 1881 азы фадæттæ аразын райдыдта. Фыццаг скъола Елхоты уый хъæппæрисæй байгом. Раздæр партæтыл 36 лæппуйы æрбадтысты, фæстæдæр та сæ нымæц 54 сывæллонмæ схæццæ.

Ахуыргæнджытæй дзы куыстой Елбаты Георги, Бичерахты Петр, Качаты Васили, Хадаты Уырысби. Иууылдæр — Æрыдоны дины семинары рауагъдонтæ. Уыдоны рæстæг дæр цард кæстæрты хъомыладæн къаддæр цæстæнгас нæ лæвæрдта. Сомбоны сæрвæлтау ацы ахуыргæнджыты лæггадæн стыр аргъ кодтой адæм.

Сывæллæттæ ахуырмæ кæйдæр хæдзармæ цыдысты. Æнхъæл бацархайдта, æмæ 1910 азы Елхоты скъолайы арæзтад базмæлыд. Цыппаркъласон бæстыхай уайтагъддæр арæвдз. Фæстæдæр дзы байгом, йæ заманы Кокайты Саламы ном цы музыкалон скъолайæн радтой, уый. Ныр та уыцы фæдзæхст бынат спортивон комплексæй сфидыдта.

Паддзахы заманы Тотыккаты Азырым, Дойаты Сæхъмæрза, Едзойты Æмзорыхъо, Мерденты Бита, советон дуджы Дзиуаты Хъазыбег, Дзгойты Аццо елхотæгты хорздзинадыл зæрдиагæй архайдтой. Алчидæр дзы хъæуы фидæны фарнмæ стыр бавæрæн бахаста. Адон ацыдысты се’ ‘нусон бæстæмæ, фæлæ сæ нæмттæ адæмы зæрдæты сыгъзæрин дамгъæтæй фыстæй баззадысты.

Точиты Лизæйы æрымысын хъæуы, æнæмæнг. Уый хъæуы сæргъы лæууыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты. Уæззау уаргъ æрæнцадис сылгоймаджы æргъиу уæхсчытыл. Йæхæдæг дæр ныффæрæзта, адæмы дæр цæрыны ныфс бауагъта. Зæрдæйы фидардзинад сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы сæрыл нæу, уый та хъæубæсты ногæй бауырныдта.

Елхоты хистæр фæлтæрты цæсты арфæйаг уыдысты Сæлбиты Иналдыхъо, Карсанаты Ахболат, Ардасенты Уырысби. Хæсты архайæг ныфсджын афицертæ сабыр дуджы дæр раззаг рæнхъыты цыдысты. Адæмон хæдзарад ногæй йæ къæхтыл слæууын кæнын хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд. Хæстон лæг æхсыст у, уый хъуыддаг рæстмæ сæвæрын базоны. Уыдон дæр хорз сарæхстысты.

Нæуæдзæм азты районы æмæ хъæуы сæргъы æрлæууыдысты Нæкуысаты Барис æмæ Дзгойты Руслан. Елхоты хорздзинадыл ерысæй архайын райдыдтой. Стыр æргом аздæхтой уынгты сыгъдæгдзинадмæ. Цæрæн бынат кæд æнцонтæй нæ, уæддæр йæ хуыз скалдта. Ацырдыгон адæм арфæйаг хъуыддагыл сæхæдæг дæр хорз архайдтой.

Хъæуы мидæг бындурон арæзтад базмæлыд. Иу бирæфатерон хæдзар æртындæс азы дæргъы æрдæгкондæй фæлæууыд. Адæймаджы къухтæ йæм куыддæр бахæццæ сты, афтæ уайтагъддæр арæвдз. Районы центры уынгты асфальтæй æмбæрзт фæндæгтæ айтынг сты. Елхот ма ноджы бирæ æхсызгоны ивддзинæдтæ баййæфта.

Елхотыл æххæст кæны 180 азы. Цæрæн бынат Терчы цыды уылæнтæ нымайы æви йæ бонтæ, уый зын зæгъæн у. Фæлæ ног фæлтæрты уындæй йæ зæрдæ райы, уый бæлвырд у. Ам адæм уыдысты, сты æмæ уыдзысты зынаргъдæр хæзна. Уыцы дзыллæ бирæ хорз миниуджытæй хайджын фесты.

Æхсæны куыст хуымæтæг хъуыддаг нæу. Хъæуыхицау уæвгæйæ, адæмæй цы уаг домыс, уый хъуамæ дæхи хæдзарыл бæрæг дара. Дæ архайдæй æндæр хуызы ницы рауайдзæн, æмæ дæ сыгъзæрин доны мауал кал. Фæлæ дæ куыст афтæ рацараз, æмæ дæм аипп æрхæссæн куыд нæ уа.

Елхотæгтæ та ногæй Гуытъиаты Эльбрусæн хъæуыхицауы бынат саккаг кодтой. Баууæндын хорз у, хъуыддаджы йæ фарсмæ балæууын та — ноджы хуыздæр. Елхот абон — районы сыгъдæгдæр цæрæн бынæттæй иу. Уым ис бынæттон хиуынаффæйады администрацийы раздæры сæргълæууæг Дзгойты Русланы хъæппæрис дæр. Фæлæ цæрæн бынаты фæлгонцад æмæ аивдзинадæн йæ абоны разамонæг дæр бирæ аразы.

Сыхты цæрджытæ зиумæ иумæ рацæуынц. Хæдзæрттæй кусæнгарз дæр рахæссынц, ласæнгарз дæр ссарынц. Гуытъийы-фырт сæ разæй, афтæмæй иууылдæр зæрдиагæй бакусынц. Æрæджы дæр та сæ биноныг æрмдзæф сæйраг уынгтыл ирдæй разынд. Уый фæдыл хъæуыхицауы бузныджы ныхæстæн кæрон нæ уыд.

Алы елхотаг хæдзары дæр фарн цæры.

ДЗУЦЦАТЫ Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here