Зындгонд куыд у, афтæмæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указы бындурыл республикæйы куыст цæуы разамонæг кадртæ цæттæ кæныныл. Знон Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз æмæ республикæйы экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг ЦОРИТЫ Алетæ фембæлдысты разамонæг кадртæ цæттæ кæныны фæдыл конкурсы уæлахиздзауты къордимæ.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ.
Фидæны разамонæг кадрты резервмæ бахауыны фæдыл конкурсмæ курдиæттæ балæвæрдтой 200 адæймаджы бæрц. Конкурсы бæрæггæнæнтæм гæсгæ ныридæгæн æвзæрст æрцыдысты фыццаг 20 хъомысджындæр æрыгон раздзоджы. Знон уыцы фæсивæдимæ сæ дарддæры ахуырад æмæ цæттæдзинады æндæр фарстатыл бæстон æрдзырдтой Тускъаты Таймураз æмæ Цориты Алетæ.
Тускъайы-фырт конкурсы уæлахиздзаутæн арфæ ракодта æмæ, йæ раныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй фидæны ацы æрыгон специалисттæ кусдзысты Цæгат Ирыстоны райрæзты проекттыл. Ныридæгæн та уал конкурсы уæлахиздзаутæй алкæй дæр сбæлвырд кæнын хъæуы, йæ хъарутæ кæцы къабазы бавзардзæн, уый. Уый фæстæ кадрты резервы уæвæг фæсивæд комкоммæ фидаргонд æрцæудзысты Хицауады Сæрдары хæдивджытæ æмæ профилон министрадтæм, цæмæй сын уыдон сæ фæлтæрддзинадæй фæхай кæной, стæй сын сæ архайдæн аргъ дæр скæндзысты.
Цориты Алетæ æрыгæттæн бахæс кодта, цæмæй сæ алчидæр азы кæронмæ бацæттæ кæна йæ равзæрст къабазы райрæзты проекттæ. Уыцы проектты презентацийы фæстæ фæсивæд æххæст кæндзысты æндæр хæслæвæрдтæ дæр. Кадрты резервы уæнгтæ сæ профессионалон дæсныдзинад бæрзонддæр кæндзысты сæрмагонд пъланты бындурыл.
Нæ уацхæссæг














