Хæдкæлгæ донвæд саразын — сæйрагдæр нысан

0
415

 

«Афтæ зæгъæн ис, æмæ зымæгон уавæртæм цæттæ кæнынмæ бавнæлдтам рагуалдзæг. Бакусинæгтæ гыццыл нæ уыдысты, уымæн æмæ коммуникацитæн сæ фылдæр хай у рагон, сæ ихсыды бæрц 80 процентæй ахызтис. Фæлæ уæддæр цыдæриддæр амæлттæ уыдис, уымæй базылдыстæм хъармдæттæн, доны хæтæлтæм, инженерон хызтæм. Хицæн ныхасы аккаг у агдонты уавæр, кæмдæрты сæвæрдтам ногтæ, сæ хъомыс лæмæгъ кæмæн у, уыдоныл ма бафтыдтам уæлæмхасæн агтæ. Адæймаг фенхъæлы, æмæ цы цæттæгæнæн куыстытæ бакодтам, уыдон аккаг разындзысты зымæгон уавæрты цæрынæн æмæ кусынæн, нымайын хъæуы алыхуызон æнæнхъæлæджы цаутæ дæр. Фæлæ уæддæр нæ цæттæдзинад ныртæккæ хæццæ кæны 87 процентмæ», — цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр СОХЪУЫРТЫ Альберт национ телеуынынады уацхæсджытимæ ныхасы фæбæрæг кодта зымæгмæ цæттæдзинады фарста

Хицæнæй радзырдта, Уæллаг Фыййагдоны поселочы цы хъуыддæгтыл архайынц, уый тыххæй. Зындгонд куыд у, афтæмæй рагæй дæр поселочы хъармгæнæн куыста мазутæй, фæлæ-иу дзы къуыхцыдзинæдтæ рауад, артагдæттæджы æмæ мазутæн афойнадыл фидыны аххосæй. Куырттаты комы цæрджытæн стыр æхсызгондзинад æрхаста, æрдзон газ сæм кæй бауагътой, уый. Æппæт уыцы хъуыддæгтæ уыцы-иу бон нæ сырæзтысты, цæмæй агдон газæй кусын райдайа, уый тыххæй дзы æндæр ифтонггæрзтæ æвæрын бахъуыд. Ныртæккæ ма кæронмæ хæццæ кæнынц иумæйаг куыстытæ, фæлæ министры ныхасмæ гæсгæ, поселочы цæрджытæ зымæгон уавæрты зындзинæдтæ нал æвзардзысты.

Ныхасы архайджытæ — республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ, Сохъуырыфыртмæ цы фæрстытæ радтой, уыдон баст уыдысты хæдкалгæ донвæды фæрцы республикæйы ахсджиагдæр æмæ уæззаудæр фарста алыг кæнынимæ, бындурон цалцæджы фиддонтимæ, къуылымпыдзинæдтимæ, домæнтимæ, кæлæддзаг хæдзæрттæй адæмы ног фатертæм раивыны программæимæ æмæ æндæр хъуыддæгтимæ. Федералон закъонмæ гæсгæ бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытæ сæ бæстыхæйттæ фæдарыны хъуыддагæн сæхæдæг сты бæрнон. Бындурон цалцæгæн фиддонты уавæр республикæйы у лæмæгъ, цæрджытæ зивæггæнгæ фидынц, иутæ та бынтондæр сæхи аиуварс кодтой уыцы хæсæй. Хъуамæ йæ æмбарой, закъоны бындурыл сæ ис бадомæн сæ хæстæ бафидын, æмæ министрад уыцы хъуыддагыл архайын райдыдта.

«Кæд æмæ æппæт бæстæйы дæр бирæуæладзыгон хæдзæртты бындурон цалцæджы нысантæ æххæст кæнын райдыдтой 2014 азы, уæд Цæгат Ирыстоны та — æрмæстдæр 2015 азы. Æцæгдæр, нæ фиддонты бæрц нымад у ныллæгыл, фæлæ цы мадзæлттæй кусæм, ныридæгæн дæр бирæуæладзыгон хæдзæрттæ цалцæггонд куыд æрцыдысты, уый фенгæйæ, иннæ хæдзæртты цæрджытæ хуыздæр фидын райдыдтой. Махæн нæ нысан у цалцæггæнæн куыстытæ бæрзонд æмвæзады скæнын, цæмæй сæм зæрдæ мауал æхсайа. Æнтысгæ дæр нын кæны, ацы аз хъуамæ сцалцæг кæнæм 96 бирæуæладзыгон хæдзары», — загъта министр.

Мидхъуыддæгты министрады фæрцы сæ бон у хъæугæ документтæм æркæсын, уыдоны бындурыл тæрхондонмæ бадæттын, фидгæ чи нæ кæны, уыдоныл. Фæлæ сын цæмæй уыцы хабар æнæнхъæлæджы ма уа, уый тыххæй сæм арвыстой æмбарынгæнæн фыстæджытæ, уый радта дзæбæх фæстиуджытæ. Никæй фæнды тæрхондæтты рахау-бахау кæнын, ноджы ма йæ куы æмбарай, бафидын дын кæндзысты дæ хæс, уæд та бынтондæр. Афтæмæй ныртæккæ фиддонты бæрц 19,7 процентæй 37 проценты онг схызтис. Сохъуырты Альберт ма куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бындурон цалцæгæн фидынæй уæгъдгонд цæуынц 70 азы æмæ 80 азы цы граждæнтыл цæуы, уыдон. 70-азыккон адæймаг фиды æрмæстдæр фиддонты 50 проценты, 80 азы кæуыл цæуы, уый та æппындæр нæ фиды. Хицæнæй ма радзырдта бындурон цалцæгæн дзуапдæттæг регионалон операторы архайды тыххæй дæр.

Хæдкæлгæ донвæды фæрцы республикæйы хъæутæ æмæ горæтты доны кадавардзинад æмæ хæрзхъæддзинады фарста алыг кæнын, министры ныхасмæ гæсгæ, у йæ сæйраг нысан. Куыд бамбарын кодта, афтæмæй хæдкæлгæ донвæдæн йæ райдайæн вæййы суадæттæй, сты сыгъдæг, хæрзад. Сæ хæрзхъæддзинад бæрæггонд цæуы сæрмагонд экспертизæйы фæрцы. Нæ республикæйы цалдæр азы размæ ахæм хъуыддагыл бакуыстой, «Фæныкдон»-ы фæрцы 75 километрыл сыгъдæг дон хæццæ кæны Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районты хъæутæм. «Доны хæтæлтæ алы ран дæр афтæ схырыз сты, æмæ нæм кæд дон фаг ис, уæддæр уыцы хуынчъытæй зæххы аивгъуыйы, адæммæ фаг нал фæхæццæ кæны, уæдæ ма уыцы хуынчъытæй чъизи дæр свæййы. Уыдон сты риссагдæр фарстатæ, уымæн æмæ тæссагдзинæдтæ равзæрын кæнынц адæмæн», — загъта Сохъуырты Альберт.

Цæмæй республикæйы хъæутæ æмæ горæттæ хæдкæлгæ донвæды фæрцы донæй æфсæст æрцæуой, уый тыххæй бацæттæ кодтой нымад, барст концепци. Зындгонд сты, дон кæцæй исдзысты, уыцы гуырæнтæ, сæ хъомыс, се ‘вæрæнтæ. Цыми æмæ Урсдоны суадæтты дæттæ арвыстой экспертизæмæ, сæ сыгъдæгдзинад æмæ хæрзхъæддзинад у æнаипп. Дон адæммæ хæццæ кæныны хъуыддаг комкоммæ баст у электрон тыхимæ, фæстаг азты уыцы фæрæзы аргъ уæлæмæуæлæмæ кæй цæуы, уый æвзæрæрдæм зыны экономикæйыл, хæрдзтыл. Хæдкæлгæ донвæды фæрцы æппæт уыцы хæрдзтæ иуварсгонд æрцæудзысты, электрон тых дзы нал хъæудзæн.

Бирæ азты размæ, донæфсисады фарста лыг кæнгæйæ, æруагътой рæдыдтытæ. Зæгъæм, Уæллаг Фыййагдоны поселок, Куырттаты комы иннæ хъæутæ, Алагир æмæ йæ хæстæгдæр хъæутæм дон уадзгæйæ, арф нæ ныкъкъахтой, афтæмæй рауагътой хæтæлтæ. Æппæт уыцы аипдзинæдтæ абон сæхи æвдисынц, куыддæр къæвдатæ райдайынц, афтæ чъизи дон бахауы хæтæлтæм. «Цæмæй хæдкæлгæ донвæды концепци царды фæзына, уый тыххæй нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав ныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уæнгтимæ. Фарста хаст æрцыдис Хицауады Сæрдары хæдивæг Дмитрий Козакы протоколмæ. Уæдæ ма бæстæйы Хицауад бацæттæ кодтой цалдæр национ проекты, сæ иу — «Питьевая вода». Зæрдæ дарын хъæуы, нæ нысантæ уыцы ахсджиаг документты фæрцы нæ къухы кæй бафтдзысты, ууыл», — ахæм уыд министры хатдзæг.

Сохъуырты Альберт ма радзырдта, Дзæуджыхъæуы, Алагиры, Рахизфарсы æмæ иннæ районты разамонджытимæ кæй кусынц, æппæт уыцы ахсджиаг нысантæн проектон-сметон документаци цæттæ кæныныл. Уымæй дарддæр сæ афойнадыл хъæудзæн экспертизæмæ арвитын, афтæмæй сæ бахæссæн уыдзæнис федералон программæтæм, проекттæм.

Министр ма дзуапп радта иннæ ахсджиаг фæрстытæн дæр, загъта, уацхæсджытимæ ныхас кæнынмæ кæддæриддæр цæттæ кæй у.

БУТАТЫ Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here