Ныр æхсæзæм хатт Цæгат Кавказы федералон зылды журналистты ‘хсæн расидтысты конкурс «Медиа Кавказ». Йæ архайджытæ сты студенттæ, журналисттæ, блогертæ, хуызисджытæ, видеографтæ æмæ регионы PR-специалисттæ.
Конкурсы сæйраг нысан у Цæгат Кавказы цард, йæ рæсугъд æрдз, æгъдæуттæ æмæ традицитæ, сæйрагдæр та — йæ уазæгуарзаг адæмы ирдæй равдисын. Ныр радон хатт йæ саразджытæ сты Цæгат Кавказы дзыллон хабархæссæг фæрæзты ассоциаци æмæ регионты ‘хсæн æхсæнадон хъæппæристы центр, Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвары аппараты æххуысæй. Ацы аз та ма курдиатджын журналистон куыстытæн аргъ скæндзæн президентон грантты фонд дæр. Конкурсы презентаци знон уыд Паддзахадон университеты наукон библиотекæйы залы.
Æмбырды архайджытæн арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Фидараты Юри.
— Журналистикæйæн стыр ахадындзинад уыд кæддæриддæр, ныр та ноджы парахатдæр сты йæ гæнæнтæ Интернеты тыгъдады фæрцы. Æрмæстдæр хæлардзинады, адæмты ‘хсæн кæрæдзи æмбарынады нæмгуытæ тауын — уый у журналисты хæс. Уымæн хъæуы хъуыддаг лæмбынæг зонын, уæззау зондыл хæст уæвын. Мах Цæгат Кавказы цæрæм, æмæ йыл исчи æнæхъуаджы цъыф калæн кæна, уый раст нæу. Социалон хызты арæх фæзыны, ныхмæлæудмæ чи сиды, ахæм фыстæджытæ. Уыцы æнæрхъуыды ныхæстæй та æнаххос адæмтæ масты хай бавæййынц. Уыцы сидтытæм уе ‘ргом ма здахут, — загъта Фидараты Юри фæсивæдимæ дзургæйæ.
ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты декан Хæбæлаты Фатимæйы хъуыдымæ гæсгæ дзырды стыр тых ис.
— Кавказы цы бирæ адæмыхæттытæ цæры, уыдоны ‘хсæн сабыр ахастдзинæдты хъуыддаджы Ирыстоны æрыгон журналисттæ дæр иуварс нæ лæууынц. Нæ сабыр цард кæй зæрдæмæ нæ цæуы, ахæмтæ архайынц нациты кæрæдзиуыл сардауыныл. Иууылдæр иумæ уый не ‘руадздзыстæм, — загъта Хæбæлаты Фатимæ.
Æмбырды куысты ар- хайдта кадджын уазæг, газет «Московский комсомолец»-ы Кавказаг хайады сæйраг редактор Вадим Баканов.
— Алчидæр цы куыстыл хæст у, уым хъуамæ дзуапп дæтта йæ архайдæн. Афтæ, журналистикæмæ, фыссынадмæ чи ницы бар дары, уый социалон хызты æнæрхъуы- ды, ардауæн ныхæстæ куы фысса, уæд хъуамæ йæ архайдæн дзуапп дæтта закъонмæ гæсгæ. Цымæ кæм ис Кавказæй рæсугъддæр бынат, ахæм хæларзæрдæ, ныфсджын адæмыл арæх нæ фембæлдзынæ. Ис дзы лыггæнинаг фарстатæ дæр æмæ уыдон нæ иуварс кæнгæйæ, æвдисын æмæ дзурын хъæуы адæмæн Цæгат Кавказмæ уарзондзинады тыххæй. Уымæн стыр ахъаз у ацы конкурс. Йæ архайджыты разæнгард кæнын хъæуы. Кæд æппæты разæй 100 адæймаджы архайдтой конкурсы, уæд ныр сæ нымæц иу минмæ схæццæ ис, — загъта Вадим Баканов.
Æмбырды архайджытæн фадат уыд чысыл кинонывтæм æмæ хуызистытæм бакæсынæн, æвдыст дзы цыд кавказаг адæмты цардыуаг, традицитæ æмæ культурæ.
Студентты фæрстытæн дзуапп лæвæрдтой республикæйы æмæ Цæгат Кавказы дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ.
ГУГКАТЫ Жаннæ Къамтæ систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт














