Знон Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутаттæн уыд сæ радон æхсæрдæсæм æмбырд. Архайдтой дзы республикæйы Хицауады Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз, министрадты разамонджытæ, республикæйы прокуратурæйы, мидхъуыддæгты оргæнты æмæ бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæ. Æмбырд байгом кодта æмæ йæ амыдта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей МАЧНЕВ. Депутаттæ сæ боны фæткмæ рахастой, комитетты æмæ советты æмбырдты ныхас цы ахсджиаг фарстатыл цыд, уыдон æмæ дзы алкæцыйы фæдыл дæр рахастой кæронбæттæн уынаффæтæ.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фидауынгæнæг тæрхонгæнджыты тыххæй» æмæ «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Конституцион тæрхондоны архайды фæдыл информацион бар бауадзыны тыххæй» закъæттæм хаст ивддзинæдтæ дыккаг бакастмæ депутатты рæгъмæ рахаста закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Ортабайты Тимур. Депутаттæ сыл æмхуызонæй кæй схъæлæс кодтой, уымæ гæсгæ дыууæ закъоны проекты дæр бацыдысты сæ тыхы.
Ахуырады тыххæй республикон закъон федералон закъоны уагæвæрдтимæ сæмхуызон кæныны фæдыл Парламенты æмбырды раныхас кодта наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдары хæдивæг Моурауты Алан. Ног ивддзинæдтæм гæсгæ бæлвырддæргонд æрцыдысты Хицауады бартæ ахуырады архайды уавæртæн хæдбар аргъ кæныны фарстаты.
Депутаттæ æркастысты республикæйы цæрæнуæтты политикæйы æмæ бындурон цалцæг кæныны уагæвæрдтæм ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проекты дыккаг бакасты. Ивддзинæдты ныхас цæуы, бындурон цалцæджы фонд куыд арæзт цæуы, уый тыххæй граждæнтæн хъусын кæнын, стæй бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбонады бындурон цалцæджы программæ æмæ бирæфатерон хæдзæртты уавæр куыд бæрæггонд цæудзæн, цалцæг кæнынмæ бавналынмæ сын рад цæй фæрцы, цæмæ гæсгæ арæзт цæудзæн, уыдæттыл. Ацы ахсджиаг фарста рæгъмæ рахаста цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады комитеты сæрдар Бокоты Эльбрус.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы арæнты фæйнæфарс хицæн фарстатæ æххæст кæныны къабазы æмархайды тыххæй» закъоны проект дыккаг бакастмæ бацæттæ кодта промышленность, транспорт, бастдзинад æмæ амалхъомады комитет, йæ сæрдар Бурдзиуты Валери.
Парламенты депутаттæн куыд бамбарын кодта, афтæмæй фидæны закъон сæвæрдзæн æгъдау республикæйы арæнты фæйнæфарс цæрджыты уагæвæрдтæн. Парламенты Сæрдары хæдивæг Кучиты Гари рæгъмæ рахаста, Уæрæсейы Федерацийы Хъæды кодексы ног уавæртæм гæсгæ республикæйы хъæдæй пайда кæныны закъонмæ цы ивддзинæдтæ хаст æрцыд, уыдоны тыххæй закъоны проект. Депутаттæ йыл æмхуызонæй схъæлæс кодтой æмæ йын сæ уынаффæйæ радтой закъоны тых. Социалон ахсджиаг фарстатæ æххæст кæныны тыххæй закъонад фæхъомысджындæр кæныны фæдыл æмбырды раныхас кодта Парламенты Сæрдары хæдивæг Гутнаты Аслæнбег. «Ветерантæн социалон æххуысы мадзæлтты тыххæй» закъонмæ цы ивддзинæдтæ бахастой, уыдонмæ гæсгæ республикæйы дарддæр дæр хъахъхъæд æрцæудзысты сылгоймæгтæй 55 азы, нæлгоймæгтæй та 60 азы кæуыл сæххæст уа, уыдон цы æххуыстæй пайда кодтой, уыдон се ‘ппæт дæр.
Депутаттæм бирæ фæрстытæ сæвзæрын кодта республикæйы финансты министры фыццаг хæдивæг Зæгъойты Аланы раныхас. Уый æмбырды архайджытæн фехъусын кодта, «2018 æмæ 2019, 2020 азты Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджеты тыххæй» закъонмæ цы ивддзинæдтæ хаст цæуы, уыдоны тыххæй. Алан бæстон æмæ бæлвырдæй радзырдта, республикæйы алы къабæзты финансон уавæртæ фидæн азты куыд æмæ цæйбæрц хуыздæргонд æрцæудзысты, уыцы хъуыддæгтæ. Ацы ахсджиаг фарстайы фæдыл æмбырды бындурон ныхас ракодта республикæйы цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдар Хъæлыцты Инал. Республикæйы бюджеты закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Касаты Таймураз æмæ Дойаты Светланæ.
Парламенты бюджеты, хъалонты, хиисбонад æмæ æфстæутты организацийы комитеты сæрдар Баликъоты Валери фæндон бахаста, цæмæй закъоны проект ист æрцæуа фыццаг бакасты фæстæ.
Депутаттæ сæ иудзинады хъуыды равдыстой хъæлæс кæнынæй æмæ закъоны проект йæ тыхы бацыд сæ иумæйаг фæндонæй.
Депутаттæ æмгъуыдæй раздæр йæхи фæндонмæ гæсгæ РЦИ-Аланийы цæстдарæн-нымайæн палатæйы аудитор Созиты Тамерланы фырт Аланы суæгъд кодтой йæ бынатæй, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы тæрхонгæнджыты квалификацион коллегийы уæнгæй, æхсæнады минæварæй снысан кодтой Ренатæ Кильметова Рафикы чызджы.
Дзæуджыхъæуы Советон тæрхонгæнæг районы 29-æм тæрхонгæнæн участочы фидауынгæнæг тæрхонгæнæгæй нысангонд æрцыд Токаты Ольгæ Нохы чызг, Мæздæджы тæрхонгæнæг районы 8-æм тæрхонгæнæг участочы фидауынгæнæг тæрхонгæнæгæй та нысангонд æрцыд Иринæ Безбородова Павелы чызг.
Депутатты уынаффæмæ гæсгæ Джеоргуыбайы мæйы æртыккаг къуырисæр нымад æрцыд фæлладуадзæн боныл.
Депутаттæ æдæппæт æркастысты 39 ахсджиаг фарстамæ æмæ дзы алкæцыйы тыххæй дæр рахастой хъæугæ уынаффæ.
КАСАТЫ Батрадз