Хи бинонтау аудынц хистæртыл

0
326

 

Адæймагыл азтæ сæ уæз куы æруадзынц, уæд ын уæлдай æхсызгон вæййы паддзахадæй, йæ кæстæртæ æмæ хиуæттæй хъусдард. Бирæ зындзинæдтæ бавзæрстой сæ царды нæ хистæртæ, фæлмæн ныхас, зæрдæйæ аудындзинад бирæйы аргъ сты. Карджын адæймаг ныхасæмбал фæагуры, йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ, йæ æхсызгон мысинæгтæм ын чи байхъуса, ахæм куы нæ вæййы, уæд ын царды ахорæнтæ талынг вæййынц. Хъыгагæн, хатгай афтæ рауайы, æмæ рæстудæй царды бонтæ чи арвыста, уый зæрондæй иунæг æмæ æвæгæсæгæй аззайы.

Ацæргæ адæмы Дзæуджыхъæуы суазæг кæнынц, социалон алывæрсыг лæггæдтæ боныгон кæм дæттынц, уыцы центры. Ныр бирæ азты уарзон хæдзар у фæкæсынхъуаг адæмæн. Цæмæй сæ царды фæззæг рæсугъдæй арвитой, ууыл архайынц центры кусджытæ иууылдæр, сæ сæргъы директор, РЦИ-Аланийы Социалон службæйы сгуыхт кусæг Хетæгкаты Маринæ, афтæмæй. Искæмæн хорздзинад скæнгæйæ йæхи амондджын чи хоны, фыццаджыдæр, йæхицæй, стæй йе ‘мкусджытæй хорз кусын чи домы, ахæм адæймаг у Маринæ.

— Архайæм нæ буц хистæрты зæрдæхудты ма бацæуыныл. Боны фæткмæ гæсгæ райсомы 9 сахатæй изæрмæ ам сæ рæстæг æрвитынц. Цæттæ сын кæнынц хъарм æмæ хæрзад сихор. Дохтыры амындмæ гæсгæ сын кæнынц алыхуызон медицинон процедурæтæ, массаж. Кусынц хилдасæн, æндæр кабинеттæ.

Бадзырдмæ гæсгæ пенсиисджытæн рафыссæм балцæг 20 бонмæ, — зæгъы Маринæ.

— Нæ рæстæгмæ уазджытыл хи бинонтау аудæм. Уый нæ хæс дæр у, стæй зæрдæйы фæндон дæр. Кæрæдзиуыл тынг сахуыр вæййæм. Райсомæй æрбамбырд вæййæм. Медицинон процедурæты фæстæ, чи цы уарзы, уымæй йæхи ирхæфсы, ис нæм дидинæгдонимæ рæсугъд кæрт. Кæсынц газеттæ æмæ журналтæ, уарзынц шахмæттæй хъазын, кæрæдзийæн ныхасæмбал сты, — зæгъы центры директоры хæдивæг Багаты Маринæ. Фехъусынæй фенын хуыздæр у, æмæ иумæ æрзылдыстæм бæстыхайыл. Йæ алы къуым дæр у сыгъдæг æмæ райдзаст. Хæрæндонæй алыхуызон хæрздæфтæ цæуы, уый хæринаггæнджытæ Гуля Кевросова, Аннæ Егоркина, Лалыты Лаурæ æмæ Иннæ Кудаева сихор цæттæ кæнынц. Иннæ уаты медицинон хо Цориты Аллæ кæрдæджытæй диссаджы цай бацæттæ кодта центры уазджытæн.

— Ацæргæ адæймагæн, хæрды размæ, пайда битъына, мелиссæ, пустырник æмæ валерианæйы хус кæрдæджытæй цай бацымын, — зæгъы Аллæ. Фæлмæн дивантыл адæм сæ фæллад уадзынц. Сæ фарсмæ æрбадтæн. Бафæндыд сæ арфæйы ныхас зæгъын сæ фысымтæн. МÆРГЪИТЫ Назикъо, фæллойы ветеран:

— Æртæ азы цæуын ацы центрмæ. Разы дæн сæ лæггадæй. Афтæ нæ рæвдауынц, раст цыма сабитæ стæм. Диссаджы бæрæгбæттæ нын саразынц. Иу бон дæр æгуыст никуы уыдтæн, фæкуыстон завод «Пневмооборудование»-йы. Ныр пенсиисæг дæн. Ам мын ме ‘нæниздзинад фæфидар кодтой, мæхицæн дзы æмбæлттæ ссардтон. Владислав БОРОВКОВ:

— Æз иунæг нæ дæн, адон сты мæ ирвæзынгæнджытæ, мæ бинонтæ. Ныр дæс азы æнæзивæгæй цæуын центрмæ, цы хуыздæр бахæрæм, ууыл архайынц кусджытæ, суанг ма нæ балцы дæр аласынц алы рæттæм, концерттимæ нæм æрбацæуынц скъоладзаутæ, зындгонд артисттæ, вæййæм театры, — зæгъы Владислав.

75-аздзыд Фæрниаты Владимир цымыдисаг цард фæкодта, бæрнон бынæтты куыста Уæрæсейы æмæ Ирыстоны. Буц æмæ рæвдыд у йæ кæстæртæй.

— Карджын, рынчын адæмæн чи лæггад кæны, уыдон Хуыцауы хорздзинæдтæй хайджын уæнт. Кæсынц нын не ‘нæниздзинадмæ, фæлмæнæй, мидбылхудгæйæ нæм дзурынц. Тезгъо кæнын уарзын кæрты, бæлæсты бын. Карджын адæймаг хъуамæ цардбæллон уа, æнцад ма бада, хостæй къаддæр пайда кæна, хæрын хъæуы дыргътæ, халсартæ, уæд низтимæ æнцондæр тохгæнæн у, — зæгъы Владимир.

Дзæуджыхъæуы социалон лæггæдты центры ма ис æндæр хайæдтæ дæр. Уыдон æнæфæразгæ, зæронд адæммæ хæдзæрттæм цæуынц, æххуыс сын кæнынц.

Нæ буц хистæртæ! Бирæ азты ма хайджын ут царды хорздзинæдтæй!

ГУГКАТЫ Жаннæ Къамтæ систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here