Бæлвырд наукæты бæрзæндтæм

0
488

 

Дунеон фестиваль Ахуырад Нырыккон ахуырадон системæйы стыр кад ис Республикон математикон лицейæн. Раздæры физикон-математикон скъола-интернат. Куыд лицей, афтæ та йæ хæстæ æххæст кæны 2004 азæй фæстæмæ. Уæвгæ у Советон Цæдисы бæлвырд наукæты фыццагдæр скъолатæй иу. Бындур ын æвæрд æрцыд 1960 азы. Уæд Ирыстоны æппæт районтæ æмæ фæсвæд хъæутæй ардæм æмбырд кодтой математикæ æмæ физикæмæ зæрдæргъæвд сывæллæтты.

Физиктæ æмæ математиктæ кадджын уыдысты промышленносты къабазы, æмæ-иу интернаты рауагъдонтæ нæ бæстæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты фæстæ техникон наукæйæ ирон интеллигенцийы рæнхъытæ фылдæр кодтой сæ намысджын фæллойы руаджы. Советон Цæдисы фехæлд канд нациты ‘хсæн быцæудзинæдтыл æмæ ацы скъола-интернатыл нæ, фæлæ æнæхъæн ахуырады системæйыл дæр фæзынд æвзæрæрдæм.

Ахæм уавæр ахаста 2000-æм азтæм. Интернатмæ йæ сывæллоны ничиуал уагъта. Фæлæ фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц. 2004 азы та Республикон физикон-математикон скъола-интернат йæ куыст ногæй райдыдта, æрмæст æй раивтой лицеймæ. Ахуыргæнджытæ архайдтой сæ зонындзинæдтæ фæуæлдæр кæныны хъуыддагыл, лицей бавнæлдта институттæ æмæ университеттимæ йæ бастдзинæдтæ сног кæнынмæ, ивд цыдис йæ ахуырадон æмæ материалон бындур дæр.

Фыццаг къласмæ ныр исынц, кæй фæнды ам ахуыр кæнын, уыцы сывæллæтты, раздæрау ын йæ курдиат нæ нымайгæйæ, æнæ фæлварæнтæй. Директорæй дзы кусы скъолайы кæддæры ахуырдзау, советон рæстæджы рауагъдон Франкель МАГОМЕДОВ. Куыста химийы ахуыргæнæгæй, 2004 азы та нысангонд æрцыд директорæй.

— Директоры хæстæ хуымæтæг не сты. Бирæ бæрнондзинад домынц, уæлдайдæр сывæллæтты хъомылады. Цы сты уæ сæйрагдæр домæнтæ?

— Фыццаг домæн нын у фидар æгъдау. Уый куы нæ уа, уæд раст хъомыладмæ дæр æнхъæлмæ кæсæн нæй. Куыдфæндыйы уагæй куы ауадзай ахуырдзауты, уæд лæмæгъгæнгæ цæуы сæ хидарыны фæтк. Нæ цæст дарæм алы лыстæг хъуыддагмæ дæр. Суанг сын сæрмагонд дарæс дæр бахуыйын кæнæм, Советон Цæдисы заман цавæр уыд, уый æнгæс. Сывæллоны ахуыр кæнын хъæуы, хъусын куыд зона ахуыргæнæгмæ, ууыл.

Дыккаг домæн у физкультурæ æмæ спорты фарста. Æнæниз цардыуаг æнæниз фидæны бындур у. Уый нæ зæрдыл дарæм æмæ архайæм, цæмæй ацы фарста нæ лицейы нывыл æмæ йæ бынаты уа, ууыл.

Æртыккаг домæн — сывæллоны фыдæбон кæныныл, куыстыл ахуыр кæнын, æфтауын. Фыдæбон кæныныл цы сывæллон сахуыр уа, уый царды ницавæр зындзинæдтæй фæтæрсдзæн. Хуымæтæг уынгтæ мæрзæгæй дæр йæ сæрмæ хæсдзæн кусын. Уымæн æмæ æмбардзæн, æнæ фыдæбонæй кæй ницы ис, уый. Алы куыст дæр сæрмæ хæссинаг кæй у, сыгъдæг зæрдæйæ кæй кæныс æмæ, дæ къухты фæллой кæм ис, уый. Æмæ сын æй æмбарын кæнæм. Фæлæ сæйрагдæр у сæ зонды фæллой, цы зонындзинæдтæ райсой, уыдон уыдзысты фидæны сæ куысты бæрæггæнæнтæ æмæ бæркад.

— Лицейы ахуыр кæнынц курдиатджын сывæллæттæ. Уымæн сын цавæр фадæттæ ис?

Уæрæсейы Федерацийы математикон ахуырады рæзты ног концепцийы программæйы амынд цæуы, æнæкурдиатджын сывæллæттæ нæй, зæгъгæ, ахæм хъуыды. Нæй ахæм термин «одаренные дети». Æмæ мах дæр нæ пайда кæнæм «одаренные дети», зæгъгæ, загъдæй. Сывæллон æрдзæй æнæниз куы рахæсса, скъола æмæ йæ бинонтæй раст хъомылад куы иса, уæд алы предметæй дæр Иумæйаг паддзахадон фæлварæны 70 баллы райсдзæн. Фæлæ, ныййарджыты сæ сывæллонмæ куы нæ æвдæла, уæд куыд хъуамæ цæуа цæттæгонд. Республикон математикон лицейы ахуырдзаутæн алы фадæттæ дæр ис сæ зонындзинæдтæ æмæ уды рæсугъддæр миниуджыты рæзтæн. Вæййынц æнæхъæн бон ам: райсомæй-изæрмæ. Боны фыццаг æмбис, куыд æмбæлы, афтæ сты урокты æппæт предметтæй дæр.

Боны дыккаг æмбис та сын арæзт цæуынц факультативон ахуыртæ математикæ æмæ информатикæйы къордты. Ацы ран семæ кусынц институтты ахуыргæнджытæ. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы æххуысæй сцалцæг кодтам, фæсвæд æмæ дæрддзæф районтæй сывæллæттæ æхсæвиуат кæм кæндзысты, уыцы корпус. Тагъд сæ райдайдзыстæм æмбырд кæнын дæр. Хæринаг сын бон æртæ хатты цæттæ кæндзысты, ис сын алы уавæртæ дæр сæхи хорз цæмæй æнкъарой, уый тыххæй. Нæ республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрад курдиат балæвæрдта паддзахадон программæйы архайынмæ, æмæ нæм ноябры байгом уыдзæн сывæллæттæн Технопарк-Кванториум. Ацы хъуыддаг дæр æнæ республикæйы Сæргълæууæджы æххуысæй нæ уыд саразæн.

Цыфæнды паддзахадон проект æмæ программæ сæххæст кæнынæн дæр республикæйы Сæргълæууæджы къухбафыст æмæ æххуыс хъæуы. Битарты Вячеслав нын баххуыс кодта ацы проект сæххæст кæнынæн. Технопарчы скъолайы ахуыргæнджытæ нæ кусдзысты, фæлæ — æрыгон специалисттæ, инженертæ. Технопарк канд Республикон математикон лицейы ахуырдзаутæн арæзт нæ цæуы, фæлæ, Ирыстоны математикæмæ рæвдз чи у, æппæт уыцы скъоладзаутæн дæр. Иртасæн куыст кæндзысты, архайдзысты сæхи проекттæ аразыныл дæр. Нæ зæрдæ дарæм, цымыдисаг проекттæй нын нæ зæрдæтæ кæй барухс кæндзысты, сæрыстыр сæ кæй уыдзыстæм.

Нæ сæйраг хæс у сывæллоны уды цымыдисдзинад бæлвырд наукæтæм «райхъал» кæнын. Алы фадæттæ йын аразын, цæмæй йæ равзæрст фæндагыл уæндон къахдзæфтæ кæна. Æнтыстдзинæдтæ ныридæгæн дæр сæ къухы æфтынц. Фарон нæ ахуырдзау Захар Жуков уæлахизимæ сыздæхт Санкт-Петербурджы æвзонг математикты олимпиадæйæ. Уымæй æхсызгондæр ма цы уа махæн! Нæ фыдæбæттæ дзæгъæлы не сты. Канд Захар нæ, фæлæ нæ лицеисттæ æрвылаз дæр архайынц Æппæтуæрæсеон конкурсты æмæ алы хатт дæр фыццаг бынæттæ бацахсынц. Лицейы фæстæ та дарддæр ахуырмæ ацæуынц Мæскуы æмæ СанктПетербурджы техникон институттæм. Алы ран дæр сæ зæрдиагæй айсынц ахуырмæ.

Математикæ æмæ физикæмæ рацарæзты дуджы фæстæ фаг цæстдард нал уыдис. Фылдæр ахуырдзаутæ бæллыдысты экономисттæ æмæ юристтæ суæвынмæ. Фæлæ, рæстæг куыд цæуы, афтæ цардмæ ногдзинæдтæ хæссы. Ныр техникон прогрессы дуг у, æмæ та, куыд раздæр, афтæ ног цардарæзты, æнæмæнг, хъæугæ дæсныйæдтыл нымад цæуынц бæлвырд наукæтæ. Æмæ сæм фылдæр æргом здæхт цæуы нæ республикæйы дæр. Уымæн æмæ нæм бирæ ис, математикæйы дæсныйад райсынмæ чи бæллы, ахæм сывæллæттæ.

 САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here