Нырыккондæр медицинон технологиты фæрцы

0
316

 

Дзæуджыхъæуы йæ куыст кодта нейрохирургты дунеон наукон-практикон конференци. Медицинæйы уыцы къабазы зындгонддæр специалисттæ сæ фæлтæрддзинадимæ зонгæ кодтой ирыстойнаг дохтырты. Конференцийы кадджын уазджытæн сæрмагонд фембæлд уыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславимæ.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ.

Республикæйы разамонæгимæ фембæлдмæ æрбацыдысты зындгонд япойнаг нейрохирург, профессор Катсуми Такизава, Нейрохирургийы федералон центры сæйраг дохтыр Альберт Суфианов æмæ Уæрæсейы Реабилитологты цæдисы Тюмены облæсты регионалон хайады сæрдар Алексей Кудряшов.

Республикæйы уазджытæн зæрдиаг салам зæгъгæйæ, Битары-фырт куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм наукон конференцитæ хорзæрдæм ахадынц бынæттон специалистты дæсныдзинадыл, уыимæ, æрыгон дохтыртæн дæр фадат вæййы сæ зонындзинæдтыл бафтауынæн.

— Бузныг уын зæгъын, республикæмæ кæй ссыдыстут æмæ уæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинадæй ирыстойнаг дохтыртæн кæй фæхай кодтат, уый тыххæй. Рæстæг домы, цæмæй республикæйы нейрохирурги рæзты фæндагыл дарддæр акъахдзæф кæна. Мæ зæрдæ дарын, сымах æххуысæй уыцы нысан къухы кæй бафтдзæн, ууыл, — бафиппайдта Цæгат Ирыстоны разамонæг.

Бынæттон специалисттимæ æмгуыстад цавæр фæткмæ гæсгæ арæзт цæудзæн, уый тыххæй радзырдта профессор Альберт Суфианов. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныридæгæн æмархайды программæтæ æххæст кæнынц Цæгат Кавказы бирæкъабазджын медицинон центр æмæ Республикон клиникон рынчындоны дохтыртимæ. «Республикæйы медицинон кусæндæтты специалисттæн араздзыстæм сæрмагонд ахуыртæ, цæмæй уыдон се ‘рвылбоны куысты уæрæхдæр пайда кæной æппæты нырыккондæр медицинон технологитæй», — бафиппайдта Альберт Суфианов.

Цæгат Ирыстоны нейрохирургийы къабазы райрæзты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Катсуми Такизава æмæ Алексей Кудряшов дæр.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы бындурыл кæй сарæзтой, уыцы медицинон конференци саразыны хъæппæрис равдыста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

 Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here