Æнæниз, уæнгрог æмæ фидар ут!

0
799

 

Ацæргæ адæймаджы кадæн республикæйы геронтологион центры сарæзтой бæрæгбон.

Хистæрты зæрдæтæ барухс кæнынæн рæсугъд фæлыст кæрты равæрдтой бæркадджын фынгтæ, сæ кадæн хъуыстис зарджытæ. Аив кафтмæ центры уазджытæ сæхæдæг дæр къухæмдзæгъд кодтой, кафты фæзмæ рахызтысты. — Ахæм бæрæгбонтæ нын арæх саразынц, цæмæй нæ рæстæг пайдаджынæй, хъæлдзæгæй æрвитæм, ууыл архайынц æппæт коллектив дæр, — зæгъы æрыдойнаг, районы газет «Рухс»-ы раздæры журналист, фæллойы ветеран Мæргъиты-Агънаты Розæ.

— Æрыдонæй æнæхъæн къордæй стæм ацы диссаджы центры. Пенсиисæгæн, ацæргæ адæймагæн æхсызгондзинад скæнын, йæ æнæниздзинадмæ йын базилын нымайынц сæ куысты сæйраг нысаныл, æмæ уый уæлдай æхсызгон у, — зæгъы Бадриты Алевтинæ.

Фæллойы ветеран Уазиты Ферузæ фыццаг хатт ис ацы центры. — Цæргæбонты рæстудæй чи фæцард, иу бон дæр æгуыст чи нæ уыд, уыцы адæмæн ам аразынц æппæт мадзæлттæ се уæнгтæ фæрогдæр кæнынæн. Алыхуызон медицинон процедурæтæ нын кæнынц, æмæ сын бузныг, — зæгъы Ферузæ. Республикон геронтологион центр ныр цалдæр азы лæггад кæны ацæргæ адæмæн. Йæ æддаг бакаст куыд аив у, афтæ сыгъдæг æмæ райдзаст у æппæт бæстыхай дæр. Алы лыстæг хъуыддагмæ дæр йæ цæст дары центры директор Дзуццаты Азæ.

Хистæр фæлтæрæн æххуыс кæнын, аккаг царды уавæртæ сын аразын, уый у паддзахадон социалон политикæйы ахсджиагдæр рахæцæн. Æрмæст бæрæгбæтты нæ, фæлæ алы бон дæр, кæмæн куыд йæ бон у, афтæ аудæнт сæ нанатыл æмæ бабатыл.

Геронтологион центры кусджытæ ныр радон хатт æрбахуыдтой зындгонд зарæггæнджыты. Сæ аивадæй адæмы бахъæлдзæг кодтой Дзуццаты Сослан, Будайчиты Сухраб, хъазахъхъаг зарæггæнджыты хор æмæ иннæтæ.

ГУГКАТЫ Жаннæ Къамтæ систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here