Рæзгæ фæлтæрты хъомылгæнæг

0
385

 

 

Ахуыргæнæг — хъомылгæнæг. Куыд арф хъуыды ис æвæрд ацы дзырдты… Цас æмæ цас фæлтæр æрхъуыды кæнынц сæ зондамонджыты, царды рæсугъд фидæнмæ сын дуар чи рапарахат кæны, уыцы ахуыргæнджыты.

Магкаты Дачийы фырт Батырбег — Уæрæсейы спорты мастер уæгъдибар æмæ классикон хъæбысхæстæй, УФ-йы æмæ Республикæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг, майдан «Ирыстоны намысæн»- æй, Уæрæсейы æмæ нæ республикæйы хицауæдты Кады гæххæттытæй хорзæхджын …

Ирон лæг фæзминаг æмæ æххæст цы миниуджытæй у, уыдонæй хайджын у Батырбег: хиуылхæцгæ, хъæбатыр, куырыхон хъомылгæнæг — национ хъайтар. Уый æнæвгъауæй йæ цард снывонд кодта рæзгæ фæлтæрæн.

Урс хохæй урс дуртæ тулы… Магкаты Зурап æмæ Батырбег… Сæ фыццаг — нæ фыдæлты, нæ Ирыстоны, ирон адæмы рухс царды райрæзтыл тохгæнæг, сæ дыккаг — йæ аккаг фæдон, фæсивæды зæрдæты царды рухстауæг, ахуыргæнæг, хъомылгæнæг.

Батырбег райгуырдис Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй иуы, æрдз йæхицæй буц æмæ хъал кæм у, уыцы ран — Зæрæмæджы. Кæд бирæ бинонты æхсæн хъомыл кодта (5 æфсымæры æмæ 4 хойы), уæддæр куыстмæ уыд æвзыгъд æмæ сабибонтæй йæхицæн скарста: æрмæстдæр æнæзивæг куысты фæрцы ис фенæн рухс фидæнæн, бæллиццæн… Æмæ йæ къухы уæлдайджынтæй йæ фæндтæ бафтыдысты.

Цæгат Ирыстоны пединституты физикон культурæ æмæ спорты факультет иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæуыны фæстæ æрвыст æрцыд Якутимæ, куыд арæхстджындæр æмæ фæзминагдæр студент. Уым разамынд лæвæрдта физикон культурæ æмæ спорты комитеты хайадæн. Фæстæдæр куыста Хандыгайы астæуккаг скъолайы сæргълæууæгæй, æмæ йæ цыбыр рæстæгмæ скодта спортивон ерысты районы сæйраг бынат. Рауагъта бирæ чемпионтæ, олимпаг призертæ. Уыдон дзы сты бузныг абоны онг дæр æмæ йын не ‘вгъау кæнынц сæ арфæйы ныхас.

Йæ кой айхъуыст дардыл, æмæ уымæ гæсгæ фæстæмæ хуынд æрцыд йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Куыд хорз разамонæг, афтæ нысангонд æрцыд Республикон сывæллæтты спортивон скъолайы разамонæгæй. Уым бакуыста къорд азты. Уæд Батырбеджы хъæппæрисæй æппæт районты дæр байгом сты спортивон скъолатæ, цæмæй рæзгæ фæлтæры æнтыстдзинæдтæ рог æмæ æнæнизæй парахат кæной. Уымæн æвдисæн нæ абоны спорты æнтыстдзинæдтæ. Уым ис Магкайыфырты бавæрæн дæр.

Кусгæйæ, фæсаууонмæ каст фæци ЦИПУ-йы историон факультет. Кæстæртæм ахæм цæстуарзондзинад æмæ аудындзинад кæй равдыста, уымæ гæсгæ йæ фæстæдæр Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ наукæйы министрад снысан кодта Джызæлы хъæуы Республикон санаторон скъола-интернаты сæргълæууæгæй. Уымæн разамынд фæлæвæрдта 1989 азæй абоны онг. Зæгъæн ис, рацарæзты фæлдурæджджын азты скъола æхгæд не ‘рцыд Батырбеджы руаджы. XX æнусы 90-æм азты скъолайæн фæзынд зын фадæттæ йæ куысты мидæг, фæлæ та ам дæр Батырбег равдыста йæ куырыхон фæлтæрд зонд: дысфæлдæхтæй, йæ кусджытæ йæ алфамбылай, афтæмæй фыдæбон кодта. Æмæ та скъола йе ‘ппæт тыхтæй скуыста.

Уæдæ уый дисы æфтауинаг хабар куыд нæу: скъола-интернаты нæй æмæ нæ уыдис ахæм ахуырдзау, рауагъдон, Батырбег номæй кæй нæ зоны æмæ зыдта. Канд рæзгæ фæлтæрæн нæ дæтты æмæ лæвæрдта йæ уды хъармдзинад æмæ царды фæлтæрддзинад, йæ къонайы фарн, фæлæ дзы цæстуарзонæй фæхай кæны æмæ кодта алы ног кусæгæн дæр, узæлыд сыл раст хи фыдау, æмæ йæм уымæ гæсгæ здæхынц йæ фæрныг зонды къæбицмæ цингæнгæ йæ рауагъдонтæ ахуыргæнджытæй.

Уæдæ кæд абоны царды æппæт куыстуæттæ дæр аздæхтой сæ хъус парахатæй нырыккон фæрæзтæй пайда кæнынмæ, уæд скъола-интернат ам дæр фæсте нæ баззад: Батырбеджы руаджы ифтонггонд æрцыд ног кабинеттæй æмæ техникæйы фæрæзтæй. Уый уæлдай æнтыстдзинæдтæ æмæ разæнгарддзинад дæтты куысты пъланæн.

Ацы скъола-интернат иннæты хуызæн нæу: æмвæз фæндагыл дзы цæуы куыд ахуырад — хъомылад, афтæ скъоладзауты æнæниздзинадыл куыст дæр, уымæн æмæ дзы ахуыр кæнынц тарнизæй рынчын сабитæ, кæцытæ санаторон скъоламæ æрвыст æрцæуынц Ахуырад æмæ наукæйы министрадæй туберкулезон диспансерæй.

Уæдæ Батырбеджы схонæн ис æцæг ирон лæг, æнæкæрон уарзтæй цы райгуырæн Ирыстон уарзы, уыцы адæмы цæсгом, фæсивæды фидæнмæ рухс фæндагамонæг æмæ номхæссæг. Уымæн æмæ у иузæрдион йæ райгуырæн бæстæйыл, йæ мадæлон æвзагыл… Кæддæриддæр æй фæндыд, цæмæй йе ‘ппæт кусджыты æмæ скъоладзауты дадзинты дæр æнхъæвза ирон туг, ирон фæзминаг фыдæлты уаг æмæ æгъдау. Æмæ йæ къухы бафтыдысты уæлдайджынтæй: æрвылаз нæм скъолайы вæййы фембæлдтытæ фысджытимæ, Ирон театры актертимæ, мыхуыры кусджытимæ, номдзыд адæмимæ. Уымæй уæлдай скъола-интернат 2008 азæй фæстæмæ хæссы Ирыстоны хъайтар хъæбулы ном — инæлар-майор Бæройты Сандыры фырт Мишайы ном.

Ноджы ма раппæлинаг уый у, æмæ скъолайæн ис йæхи герб æмæ гимн. Уыдон конд æрцыдысты Батырбеджы хъæппæрисæй. Сæ курдиат æмæ фæлтæрддзинадæй сæ смидисджын кодтой нывгæнæг Джыккайты Мурат æмæ композитор Кокайты Барис.

Стыр дамгъæтæй йæ ном ирон адæмы историйы бафыста ахуыргæнæг, педагогон, фæллойы ветеран, æхсæнадон архайæг, хорз æмгар, хъомылгæнæг æмæ схæссæг фыд Магкаты Дачийы фырт Батырбег, зæххы къорийы кадджындæр дæсныйадæй, рухстауæн куыстæй, скодта йæхицæн æнусон цыртдзæвæн æмæ уымæй уыдзæнис æнæмæлгæ… Уымæ гæсгæ мæ фæнды мæ уац фæуын Батырбегæн йæ зарæджы рæнхъытæй. Уымæй хорзæхджын æрцыд коллективы кусджыты æмæ скъоладзауты ныййарджыты номæй йæ юбилеймæ. Арæнтæ Дызæрдыггаг хъæбæр нозт Радзырд — æцæг хабар Куывды фæстæ…

 

Батырбег —  рухстауæг

Зæрæмæг у дæ райгуырæн хъæубæстæ,

Цæразон у дæ фыдæлты фыдæл…

Зæххы къорийыл айхъуысти дæ хъæстæ,

Зураппы фæстæ сдæ æгъдаудæттæг кæстæр.

БАЗАРД:

Батырбег, Батырбег, амондджынæй цæр,

Кæстæртæн рухстауæг у,

Дæ лæгдзинадæй ды кадджын дæ не ‘хсæн,

Бузныг сты дæ фæдонтæ.

 

Дæ ныййарджытæн алкæд зæгъыс бузныг,

Дæ цард дæуæн у хуры тынау раст.

Сæ фæдзæхстытæ сæххæст кодтай иууыл,

Дæ хъуыдытæ сты æдзухдæр семæ баст.

 

Сдæ богал, сгуыхт дæ Ирыстонæн,

Дæ къахдзæфтыл у кæстæрты фæндаг,

Нæ дунейыл дæ цыты зарæг зæлы,

Дæ цардамондыл нуазæнтæ цæуы.

 

Дæ сæр фæхалас, хъомылад дæ куыст у,

Дæ дæлбар дын нæ сабитæ сты.

Æрвылбон хъусыс арфæйы ныхæстæ,

Дæ фарнæй фæрнджын кæстæртæ кæндзысты.

 

КАСАТЫ Фатимæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here