Ног рæвдауæндон байгом ис знон Беслæны. Ацы æхсызгон хабар айхъуыст æмæ циндзинад æрхаста Ирыстоны æппæт цæрджытæн дæр. Йæ алыварс рæсугъд быруйæ æхгæд, йæ кæрт цъæхцъæхид кæрдæг æмæ дидинджытæй фидауы. Сывæллæттæн хъазæн фæзы ис беседкæтæ, херытæ, æндæр ифтонггарз. Бæстыхайæн йе ‘ддаг бакаст куыд аив у, афтæ хæрзвадат у мидæгæй дæр, йæ алы къуым дæр у сыгъдæг æмæ райдзаст.
Хæмыцаты Фатимæ фæлтæрдджын хъомылгæнæг у. Куыста æндæр рæвдауæндæтты, фæлæ дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм хорз уавæртæ никæцыйы уыдис. “Диссаджы зæрдæмæдзæугæ у нæ ног куысты бынат. Сывæллæттæ æппындæр ницæмæй стыхсдзысты, хи хæдзары хуызæн дзы алцæмæн дæр ис хицæн уæттæ. Мæ къорды сабитæ уыдзысты æппæты кæстæртæ — 1,5 азы кæуыл цæуы, ахæмтæ. Æдæппæтæй та нæ рæвдауæндоны уыдзæн 120 сабийы. Тынг сæм æнхъæлмæ кæсæм”, — загъта Фатимæ.
Беслæйнæгты циныл бацин кæнынмæ æрбацыд бирæ адæм, уыдонимæ нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Тускъаты Таймураз, ахуырад æмæ наукæйы министр Иринæ Азимова, арæзтад æмæ архитектурæйы министр Икъаты Русланбег, Рахизфарсы районы сæргълæууæг Фрайты Сослан, æндæр бæрнон кусджытæ. Ацы хорз хъуыддагмæ йе ‘ххуысы хай чи бахаста, уыдон бирæ арфæйы ныхæстæ загътой. Бæрæгбоны фидауц — сывæллæттæ кастысты æмдзæвгæтæ.
«Уæрæсейы бирæ рæвдауæндæттыл æрзилут, фæлæ дзы махонæй хуыздæр не ссардзыстут», — загъта цæхæрцæст гыццыл лæппу.
— Нæ царды ахæм æхсызгон бонтæ фылдæр уæд. Арфæ уын кæнын уæ бæрæгбоны фæдыл, уæ циныл цин кæнæм, — загъта Битарты Вячеслав. Æнæрынцойæ араздзыстæм æппæт мадзæлттæ, цæмæй нæ ныййарджытæ æдыхстæй сæ кæстæрты рæвдауæндæттæм кæной. Нырма бирæ ахæм бæстыхæйттæ сараздзыстæм адæмы удæнцойæн. Уымæн æмæ нæм хъуамæ бирæ сабитæ рæза. Уый нæ сæрыстырдзинад, нæ хъæздыгдзинад уыдзæн. Бузныг зæгъын аразджытæн, æмгъуыдæй раздæр бацæттæ кодтой объект, æппындæр æм ницы фау æрхæссæн ис.
Чи дзы куса, уыдон та бацархайæнт, цæмæй сæ хъомылгæнинæгтæ алы райсом дæр разæнгардæй тæхой ардæм, ууыл. Æнæнизæй, амондджын хæрзæгъдауæй бахъомыл уæнт алкæй кæстæртæ дæр, — загъта республикæйы Сæргълæууæг æмæ рæвдауæндоны хицау Гоциты Альбинæмæ радта зæрдылдарæн лæвар — рæсугъд ныв. Хъæуы буц хистæртæй иу скуывта æртæ чъирийы, сабиты Хуыцауыл бафæдзæхста. Сырх лент алыг кæныны бар радтой Битарты Вячеславæн, Тускъаты Таймуразæн, аразæг Гæбæраты Алыксандрæн æмæ ацы рæвдауæндоны хъомылгæнинаг Мæргъиты Амагæйæн. Иууылдæр иумæ бахызтысты ног бæстыхаймæ, æрзылдысты йæ дыууæ уæладзыгыл.
Уыцы рæстæг кæрты хъуыстис зард, кафты фæзмæ фæсивæд рахызтысты. Æнæферохгæнгæ бæрæгбон рауад адæмæн. ГУГКАТЫ Жаннæ














