ХЪАРАТЫ Вячеслав: «Нæ фæрныг хистæрты хæстон намыс æмæ удуæлдайдзинад мæнæн табуйаг сты»

0
398

 

Горæт Ростовы ног микрорайонтæй иуы цалдæр азы размæ фæзынд не ‘мзæххон, Советон Цæдисы Хъæбатыр Кобылты Сергейы уынг. Ацы номарæн хъуыддаг саразыны хъæппæрис равдыста Ростовы æртыккæгæм автотранспортон куыстуаты генералон директор ХЪАРАТЫ Вячеслав. Æмæ æрмæст фæндон нæ бахаста Хъарайы-фырт, фæлæ бæстон бакуыста, цæмæй фарста рæстмæ лыггонд æрцæуа, ууыл.

Ахæм хабар мын радзырдта Ростовы Ветеранты советы сæрдар, отставкæйы булкъон Валентин Гербач.

Таурæгъон инæлар, Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр Плиты Иссæйы номыл уынг Ростовы кæй ис, уый хорз зындгонд у. Æрæджы ма уыцы горæты картæйыл фæзынд ноджыдæр иу ирон ном. Кæцы ирон лæгæн нæ уыдзæн æхсызгон уыцы арфæйаг хъуыддаг?

«Уæд уыдтæн горæты Думæйы депутат. Хъарайы-фыртимæ æввахсдæр уæд базонгæ дæн — уый дæр уыд Минæвæртты æмбырды депутат. Де ‘мзæххон йæ æхсæнадон архайдæй, иннæ депутаттимæ абаргæйæ, иудадзыгдæр бæрæг дардта, йæ фæндæттæ æмæ фиппаинæгтæ алкæддæр уыдысты бæстон æмæ профессионалон æгъдауæй æнаипп, — дарддæр кæны йæ ныхас Валентин Гербач. — Уæдæй нырмæ нын æнгом бастдзинæдтæ ис æртыккæгæм автотранспортон куыстуаты коллектив æмæ йæ разамонæгимæ. Хъарайыфырт æппæт хъуыддæгты дæр нæ фарсмæ æрбалæууы, иу æмæ нын дыууæ хатты нæ баххуыс кодта транспортон фæрæзтæй алыхуызон балцыты рæстæг…

Куыстуаты разамонæг йæ коллективыл куыд узæлы, фæллойгæнæг адæймагæн æппæт хъæугæ фадæттæ саразыныл куыд архайы, уый зындгонд у. Мæнæн та уæлдай æхсызгондæр у, Хъарайыфырт Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантыл куыд ауды, цы кад сын кæны, уый».

Акционерон æхсæнад «Ростовы æртыккæгæм автотранспортон куыстуат» («Транссервис») æрбынæттон Вавиловы уынджы. Кусы дзы фæллойуарзаг æмæ æнтыстджын коллектив. «АТП-3» нымад у облæсты автотранспортон лæггæдты къабазы хуыздæр куыстуæттæй иуыл. Колоннæйы автобустæ кусынц горæты муниципалон маршруттыл, куыстуат кæны æндæр транспортон лæггæдтæ дæр.

«Транссервис», йæ алыварс цы бирæ æндæр куыстуæттæ æмæ организацитæ ис, уыдонæй бирæ цæмæйдæрты хицæн кæны — хæрззылд бацæуæнтæй, аив цъæхвæлыстæй, зæрдæмæдзæугæ фæлгонцæй… Ноджы цымыдисагдæр та уый у, æмæ куыстуатмæ сæйраг бахизæны сæрмæ æвæрд динамиктæй райсомæй изæрмæ хъуысынц советон дуджы героикон æмæ лирикон зарджытæ.

Уый æддаг бакаст. Бынтон дисы адæймаг бацæуы, фойемæ куы бакъахдзæф кæны, уæд. Раст цыма музеймæ бахызтæ — цæст уайтагъддæр ацахсы къултыл конд цæстуынгæ æрмæджытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, стæй æндæр историон æмæ нырыккон цауты тыххæй. И. Сталины, У. Черчиллы, М. Тетчеры, Р. Эмельсоны, Конфуций æмæ Гельвецийы, стæй иннæ политиктæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ философты раныхæстæ æмæ сфæлдыстадон куыстытæй скъуыддзæгтæй плакатты хуызы саив кодтой административон бæстыхайы фойе æмæ уæладзгуыты къултæ…

«Ацы ранмæ мæ куысты фæдыл æрбафтыдтæн, фæлæ мæ фарста алыг кæнынæн цы рæстæг хъуыд, уымæй дзы дзæвгар фылдæр бафæстиат дæн — къултыл конд æрмæджытæ цымыдисæй кæсын райдыдтон. Ныронг цы хабæрттæ зыдтон, уыдоныл ноджыдæр бафтыд, — йæ хъуыдытæ нын раргом кодта горæты цæрæг Владислав Никоненко. — Æз ацы куыстуат рахонин патриотон æмæ рухстауæн центр».

Æмæ Владиславы ныхасы, æнæмæнг, апп ис. Уымæн ма иу æвдисæн — генералон директоры ног хъуыды. Вячеславы фæндонæй куыстуаты бахизæны ныртæккæ æвæрд цæуы номарæн галерея «Уæлахизы маршæлтæ». Уым сæ бынат бацахсдзысты Г. Жуковы, К. Рокоссовскийы, С. Тимошенкойы, К. Ворошиловы, С. Буденный æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты иннæ зындгонд æфсадхонты (æдæппæт ссæдзæй фылдæр) портреттæ…

Октябры кæронмæ номарæн комплекс цæттæ уыдзæн. Ныртæккæ та уал аразджытæ кусынц объектыл. Бынатмæ куы сæмбæлдтæн, уæд Хъарайыфырты дæр баййæфтон монтажгæнджыты раз. Вячеслав сын, кæй зæгъын æй хъæуы, рагагъоммæ радта бæлвырд ныстуантæ композицийы алкæцы хайы ас æмæ бынаты фæдыл дæр. Фæлæ ныр дæр аразджыты фарсмæ æрлæууыд æмæ йæ цæст дардта куыстытæм.

Аразджыты архайдæй генералон директор разыйæ кæй баззад, уый бæрæг уыд. Авæрдта маиу сын æрмæстдæр лыстæг амынддзинæдтæ. Афтæмæй æфсæйнаг конструкцийы хæйттæ фæдфæдыл æвæрд æрцыдысты. Дарддæр та сыл фидар кæнын райдыдтой портреттæ, стæй та — сыгъзæрин ахорæнтæй фæлыст аивгæнæнтæ.

«Композицийы астæу уыдзæн генералиссимус Сталины портрет, иннæ ‘рдыгæй та — Æнæном салдаты ингæны раз цы æнусон арт судзы, уый къам», — Вячеслав нын, бынатмæ амонгæйæ, нæ цæстытыл ауайын кодта галереяйы кæронбæттæн хуыз.

Монтажгæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уый фенынмæ уыцы бон æрбацыд Валентин Гербач дæр. Ветеранты советы сæрдар йæ фиппаинæгтæ загъта æмæ Хъарайы-фыртимæ æрныхас кодта сæ дарддæры æмгуыстадыл.

«Рæстдзинад»-ы минæвары та Валентин Гербач фæхуыдта Ветеранты советмæ, цæмæй мын бæстондæр радзура сæ куысты тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фадатæй спайда кодтон. Æмæ фæсмойнаг нæ фæдæн.

Ростовы Ветеранты совет æрбынæттон горæты сæйрагдæр уынгтæй иуы. Раздæры кинотеатры бæстыхай рацарæзтой æмæ дзы рауад æппæтвæрсыг патриотон хъомылады куысты артдзæст. Советы кусынц хъомысджын æмæ фæлтæрдджын адæм.

Ветеранты советы уæнгтæй иу — Æфсæддон-уæлдæфон тыхты булкъон Хъамбегаты Тамерлан. Не ‘мзæххон дзæвгар рæстæг баслужбæ кодта Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты. Йæ службæйы фæстаг бынат уыд Ростов, æмæ отставкæйы куы рацыд, уæд цæрæн бынатæн дæр равзæрста уыцы горæт.

Хъамбеджы-фырт дзæвгар рæстæг кусы советы сконды, фæстаг аз та разамынд дæтты Хæсты æмæ Гæрзифтонг тыхты ветеранты комитетæн. Тамерланæн æхсызгон уыд йе ‘мзæххонимæ фембæлд, радзырдта мын, æрæджы Ирыстонмæ йæ радон балцы рæстæг ын РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтанимæ цы зæрдæбын ныхас рауад, уый тыххæй.

«Æз дæр хорз зонгæ дæн инæлар Къаболыфыртимæ. Æрæджы дæр ма сæмбæлдыстæм дзыллон мадзæлттæй иуы рæстæг. Уæд фæндон бахастæуыд, цæмæй сæрмагонд фембæлд арæзт æрцæуа Хуссайраг æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты ветеранты организациты минæвæрттæн. Уым бæстон æрныхас кæнын хъæудзæн нæ регионты ‘хсæн æмгуыстад фенгомдæр кæныныл», — бафиппайдта Валентин Гербач.

«Æнгом бастдзинæдтæ нын ис горæты астæуккаг æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ, стæй иннæ организацитимæ. Стыр æргом здахæм сывæллæттæ æмæ фæсивæды æфсæддон-патриотон хъомыладмæ, æхсæнады царды ахсджиагдæр æмæ тыхстагдæр фарстатæм. Уыимæ, нæ архайды сæйрагдæр хъуыддагыл нымайæм ветерантыл аудын, сæ æрвылбоны царды фарстаты сын æххуыс кæнын. Хъыгагæн, къаддæрæй-къаддæр кæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты нымæц. Зæгъæм, кæд фарон 916 уыдысты, уæд ма уыдонæй абон сæрæгас сты 677 адæймаджы. Не ‘хсæн ма сæ чи ис, уыдоны цард фæрогдæр кæнын нæ иумæйаг хæс у, æгас чи нал у, уыдоны нæмттæ та хъæуы сæнусон кæнын», — дарддæр мын дзырдта Валентин Гербач.

Ветеранты советы сæрдары ныхасмæ гæсгæ, Ростовы облæсты минæвæрттæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг 126 адæймагæн саккаг кодтой Советон Цæдисы Хъæбатыры ном, 16 адæймаджы та систы Намысы ордены æххæст кавалертæ. Уыцы хъæбатырты номарæн мемориал байгом уыдзæн азы кæронмæ.

Уый суыдзæн радон монументалон цыртдзæвæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъайтартæн. Уыимæ, æвæццæгæн, къаддæр ахадындзинад нæй, æхцайы стыр хæрдзтæ кæуыл нæ бахъæуы, фæлæ адæймаджы уд æмæ зондмæ фæндаг чи ссары, уыцы номарæн мадзæлттæн дæр.

Зæгъæм, ахæм. Ростовы 94-æмæ 96-æм муниципалон маршруттыл цы автобустæ кусы, уыдоны æрлæууæн бынæтты тыххæй хъусынгæнинæгтæн сæхи сæрмагонд хуыз ис: «Æрлæууæн бынат — Вавиловы уынг. Вавилов Сергей Василийы фырт у Советон Цæдисы Хъæбатыр», кæнæ «Æрлæууæн бынат — Малиновскийы уынг. Малиновский Родион Яковы фырт у Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр». Æмæ æрмæст хæсты хъæбатырты нæмттæ нæ, фæлæ æппæт æрлæууæн бынæттæ кæцы зындгонд адæймæгты номыл сты, уыдоны иууылдæр ранымайынц.

Гъе, афтæ. Автобусы сбадтæ æмæ дæ хъуыддаджы фæдыл фæцæуыс. Уым та дын дæ æрлæууæн бынатæй уæлдай, зæгъдзысты, иу кæнæ иннæ уынг кæй ном хæссы, стæй уыцы адæймаг цæмæй зындгонд уыд, уый дæр. Æмæ чи зæгъдзæн, уыцы æрхъуыдыдзинад арфæйы аккаг нæу?

Дис ма фæкæн, зынаргъ газеткæсæг, фæлæ 94- æмæ 96-æм маршруттыл кусынц «АТП-3»-йы автобустæ. Æмæ автобусты æрлæууæн бынæтты тыххæй ахæм бæстон хъусынгæнинæгтæ кæй фæндонæй кæнынц, уыцы лæджы ном дæр зын бамбарæн нæу. О, уый у Хъараты Вячеслав… Уый арæзт хъуыддæгтæ. Ныртæккæ та Хъарайыфырт Ветеранты советы уæнгты базонгæ кодта йæ ног фæндонимæ. «Алы горæты дæр разындзæн, сæ нæмттæ æбæлвырд, арæх — æгъуыз, кæмæн вæййынц, ахæм уынгтæ. Ростовы дæр иу æмæ дыууæ не сты. Зæгъæм: «Круговая», «Былинная», «Канатная», «Ковровая» æмæ афтæ дарддæр. Афтæмæй та уыцы уынгтæн дæр раттын хъæуы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæй рохуаты чи аззад, уыдоны нæмттæ. Уыимæ, алкæцы уынджы тигъыл дæр хъуамæ æвæрд æрцæуа, кæй номыл у, уыцы хæстоны мемориалон фæйнæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт уыцы куыстытæн бахъæудзæн æхцайы фæрæзтæ. Муниципалитеттæн та, куыд зонæм, афтæмæй сæ авналæнтæ кадавар сты. Фæлæ фарста алыг кæнæн ис иумæйаг хъарутæй, ома, амалхъомады минæвæртты æххуысæй. Æз мæхæдæг нæ куыстуаты директорты советы размæ фарста сæвæрдзынæн, цæмæй уыцы номарæн хъуыддагæн не ‘ххуысы хай ма бавгъау кæнæм. Мæ зæрдæ дарын, уыцы нысан дæр нæ къухы кæй бафтдзæн, ууыл. Нæ фæрныг хистæрты хæстон намыс æмæ хъæбатырдзинад махæн табуйаг хъуамæ уой», — фæбæлвырд кодта йæ хъуыды Хъарайы-фырт.

Ацы хъуыддаг дæр кæй сырæздзæн, уымæй ныфс ис — Хъараты Вячеславы удыхъæд æмæ нысанмæ тырнындзинад, йæ зондахаст нæ Фыдыбæстæйы фæрныг историмæ, йæ сагъæс Уæрæсейы рухсдæр фидæныл зонгæйæ, иу уысм дæр ууыл дызæрдыг нæ кæнын…

 

Сланты Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here