Ног хъуыдытæ, фæндтæ æмæ ног зæрдæйы ахастимæ
Сочийæ æрыздæхтысты Цæгат Ирыстоны дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ. Къуырийы дæргъы архайдтой нырыккон журналистикæйы ХХII форум «Вся Россия 2018»-ы. Уæрæсейы алы регионтæй ацы ранмæ æрцыд 1500 журналисты бæрц. Уым зындгонд журналистæ скодтой мастер-класстæ, практикумтæ, цæлхæмбырдтæ, кастысты лекцитæ ахсджиаг темæтыл. Алы регион дæр сарæзта сæрмагонд презентации сæ медиа фæрæзтæн, скодтой конкурстæ æмæ равдыстытæ. Кæрæдзийы зонгæ кодтой сæ культурæ æмæ традицитимæ. Ацы форумы, Ирыстонæй фыццаг хатт архайдта стыр делегаци 25 адæймагæй. Хæрдзтæ иууылдæр йæхимæ райста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав.
Ацы ахуырадон-практикон балц, æнæмæнг, у тынг пайда канд æрыгæттæн нæ, фæлæ фæлтæрдджын журналисттæ æмæ редактортæн дæр. Интернеты тыгъдады архайæг журналисттæн Уæрæсейы зындгонд блогертæ радзырдтой сæ куысты сæйрагдæр домæнтæ æмæ сусæгдзинæдты тыххæй. Газеттæ, журналтæ, сайттæ, информацион порталтæ æмæ æндæр нырыккон медиа фæрæзты кусджытæ баззадысты разыйæ форумы прогаммæйæ.
Сæрмагонд бынат дзы бацахста национ дзыллон хабархæссæг фæрæзты уавæр æмæ фарстатæ. Иумæйаг форум ссис хæлардзинады фæз алы регионты журналисттæн æмæ се ‘хсæн бастдзинæдтæн. Кæрæдзийы фæлтæрддзинадыл æнцой кæнгæйæ кодтой хатдзæгтæ сæ куыстæн æмæ агуырдтой ног мадзæлттæ се ‘мгуыстады.
Дипломæй хорзæхджын æрцыдысты ПТРК «Алания» сæ веб сайты хæрзхъæддзинады тыххæй «Лучший дизайн»-ы номинацийы æмæ Рахизфарсы районы газет «Жизнь правобережья»-йы кусджыты къорд проект «Эхо бесланской печали Феликса Цаликова»-йы тыххæй.
Æмткæй райсгæйæ ирыстойнаг журналистты къорды архайдæн форумы скодтой стыр аргъ. Ирыстоны дзыллон хабархæссæг фæрæзтæн призентаци куы кодтой, уæд Ирон диаспорæйы минæвæрттæ æрбацыдысты ирон уæливыхтимæ. Иннæ адæмыхæттыты минæвæрттæ æмæ форумы разамонджыты сæ къах нал хаста презинтацийæ. Скодтой ирон хъазтизæр. Сочийы ирон диаспорæйы сæрдар Мæргъиты Анатоли арфæ ракодта мадзалы архайджытæн æмæ, куыд æмбæлы, афтæ скуывта æртæ уæливыхæй, архайджыты бафæдзæхста Иунæг Кадджын Стыр Хуыцауыл.
Сбæрæг кодтой Уæрæсейы хуыздæр этникон рауагъдады: Республика Сахайы газет «Кыым», республикæ Башкортостаны газет «Туймазы хэбэрлэре», республикæ Башкортостаны сывæллæтты журнал «Акбузат», Чувашийы республикæйы аивадон-литепатурон журнал «Таван Атал», удмуртаг æвзагыл фæсивæдон журнал «Инвожо». Уæлахиздзаутæн зæрдвлдарæн лæвæрттæ æмæ Кады гæххæттытæ радтой УФ-йы Журналисты цæдисы сæрдар Владимир Соловьев æмæ республикæ Сахайы сæргълæууæг Айсен Николаев. Зæрдиаг арфæтæ сын ракодта национ дзыллон хабархæссæг фæрæзты ассоциацийы сæрдар Мария Христафорова. Афтæмæй республика Саха фидæны форумы ацы конкурс саразыны бартæ алæвæртдта Башкортостанмæ.
Форумы архайджытимæ фембæлд республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимбо. Зындгонд журналисттæ Анатолий Строев, Павел Шишин, Камилла Нигматулина, Ольгæ Арцева, Эрнест Мацкявичус, Ольгæ Сидорова, Ольгæ Скабеева, Евгений Попов, Игорь Черняк, Евгений Бекасов, Маргаритæ Лянге, Александр Сладков æмæ иннæтæ систы форумы сæйраг архайджытæ. Уæлдай хæлардæр ахастыты нын уыд УФ-йы Журналисты цæдисы секретарь Роман Серебряныйимæ. Цæгатирыстойнаг журналисттæм лæмбынæг дардта йæ цæст æмæ аргъ скодта сæ архайдæн.
Сæрыстырæй зæгъæн ис, ацы форумы конкурсты цæгатирыстойнæгтæ кæй бацахстой сæхи сæрмагонд бынат.
Дзæуджыхъæу-Сочи-Дзæуджыхъæу

















