Хицауадӕй

0
718

 

Бюджетон политикӕ. ӕнӕзакъон хӕцӕнгарз – паддзахадмӕ

«Нӕ республикӕйы 2019 азӕн ӕмӕ 2020-2021 азтӕм конд бюджетон ӕмӕ хъалонты политикӕйы сӕйраг рахӕцӕнты тыххӕй» документ цӕттӕгонд ӕрцыд Уӕрӕсейы Федерацийы Бюджетон кодекс ӕмӕ нӕ республикӕйы бюджетон хъуыддаджы тыххӕй закъоны бындурыл. ӕнӕмӕнг, бюджетон политикӕ баст у, ивгъуыд азтӕн цы документтӕ конд ӕрцыд ӕмӕ цӕмӕ гӕсгӕ куыстам, уыдонимӕ. Раздӕрау баст у республикӕйы социалон ӕмӕ экономикон дарддӕры рӕзтимӕ Цӕгат Ирыстоны бюджеты фидардзинад ӕмӕ нывылдзинад ӕххӕст кӕнынимӕ», — знон финансты министры фыццаг хӕдивӕг Дзӕгъойты Алан Хицауады ӕмбырды ӕрныхас кодта хӕстӕгдӕр азты бюджетон политикӕ куыд ӕххӕстгонд цӕудзӕн, ууыл.

Ӕмбырд амыдта Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз.

Финансты ведомствойы минӕвар куыд бацамыдта, афтӕмӕй бюджетон политикӕ хъуамӕ ӕххӕстгонд цӕуа республикӕйы социалон-экономикон рӕзты рагагъоммӕйы нымадмӕ гӕсгӕ, сӕйрагдӕр та уавӕр ӕцӕгдзинадӕй куыд у, уый хынцгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ фылдӕр цӕстдард хъӕудзӕн, бӕрӕггонд нысантӕ ӕххӕстгонд куыд цӕудзысты, уымӕ. Ома, республикӕйы бюджетмӕ хъалонты ӕмӕ ӕнӕхъалонты ӕфтиӕгтӕ фӕфылдӕр кӕныны ӕмӕ бюджетон хъуыддаг фӕахадгӕдӕр кӕныны нысантӕ. Дзӕгъойты Алан рӕгъмӕ рахаста хӕстӕгдӕр азты бюджетон политикӕйы сӕйраг хӕстӕ ӕмӕ ӕххӕстгӕнинаг хъуыддӕгтӕ.

Хицауады ӕмбырдмӕ цы фарстатӕ рахастой, уыдонӕн сӕ фылдӕр баст уыдис раздӕр ист уынаффӕтӕм, закъӕттӕм ивддзинӕдтӕ ӕмӕ уӕлӕмхасӕнтӕ бахӕссынимӕ. Адӕмӕн куыст дӕттыны комитеты разамонӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Платы Альбинӕ цы фарстайыл ӕрдзырдта, уымӕ гӕсгӕ, фӕкарздӕр уыдзӕн, инвалидтӕн куысты бынӕттӕ дӕттыны хъуыддаг ӕххӕст кӕнын. Ис сӕрмагонд административон регламент, уым нымад ӕрцыдысты, уыцы цӕстдард чи ӕххӕст кӕндзӕн, уыдоны бартӕ ӕмӕ хӕстӕ. Уымӕй дарддӕр кӕй бартӕ хъахъхъӕндзысты, уыдонмӕ дӕр дзы хауы бӕлвырд хъуыддӕгтӕ.

Хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег цы нормативон-барадон актты кой кодта, уыдонмӕ сӕ ведомство бахаста ахӕм ивддзинӕдтӕ, цӕмӕй цыдӕриддӕр фермертӕн, зӕхкусджытӕн субсидитӕ, гранттӕ лӕвӕрд цӕудзӕн, уыдон уой ӕргом, ӕппӕтӕн — зындгонд. Хицауады Сӕрдар куыд бафиппайдта, афтӕмӕй хъуамӕ уыцы хъуыддӕгты ӕппындӕр ӕмбӕхст мацы цӕуа, министрады сайты-иу равӕрдзысты, субсиди кӕнӕ грант райсынмӕ цал курдиаты ӕрбарвыстӕуыд, куыд сӕ ӕвзӕрстой, ӕххуыс аккагыл кӕй банымадтой, фаутӕ кӕмӕ ӕрхастой, уыдон дӕр чи сты, ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ.

Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Томайты Ирбег куыд фӕбӕрӕг кодта, афтӕмӕй нӕ республикӕйы цӕрӕг адӕмӕй иутӕм ис ӕнӕзакъон хӕцӕнгарз. Республикӕйы Хицауад сфидар кодта  сӕрмагонд уынаффӕ ӕмӕ адӕм барвӕндонӕй уыцы хӕцӕнгарз дӕттынц паддзахадмӕ. Сӕ ныхмӕ райсынц ӕхца. Ацы аз уал фараст гражданинӕн, сӕ хӕцӕнгарз кӕй радтой, уый тыххӕй бафыстой 106 мин сомӕй чысыл фылдӕр. Дарддӕр, цӕмӕй уыцы уынаффӕ ӕххӕстгонд цӕуа, уый тыххӕй республикон бюджеты бавӕрдтой 500 мин сомы бӕрц. Хъуамӕ хъуыддаг дарддӕр ӕххӕстгонд ӕрцӕуа.

Хицауады ӕмбырды ма равзӕрстой ӕндӕр ахсджиаг фарстатӕ дӕр.

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here