Нæ Олимпаг чемпионтыл та бафтыди

0
435

 

Цалдæр боны размæ Ирыстоны спортуарзджытæ цин кодтой, Аргентинæйы сæйраг горæт Буэнос-Айресæй нæм цы æхсызгон хабар æрбайхъуыст, ууыл. Уæд мах хъусын кодтам, ирон чызг, Хуыбылты Ирэнæ уыцы ран дзюдойæ хæцгæйæ æрыгæтты Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау кæй ссис, уый

Куыд рабæрæг, афтæмæй уыцы уæлахиз Ирыстоны минæвæрттæн фæстаг нæ уыди. Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы номæй цы дыууæ богалы ерыс кодтой Буэнос-Айресы Олимпаг хъæзтыты, уыдонæй иу уыд Челæхсаты Арсен æмæ Хуыгаты Анатолийы хъомылгæнинаг Кодзырты Сергей. Нæ æрыгон богал хæцыди 110 кг онг уæзы æмæ йæ ныхмæлæуджытæй йæ разæй никæй ауагъта.

Сергей фæуæлахиз йæ фыццаг ныхмæлæуджытыл æмæ кæронбæттæны фембæлд ирайнаг богал Амир Зареимæ. Сæ ныхмæлæуд рауад тынг хъазуатон. Ирайнаг богал равдыста хорз физикон æмæ техникон цæттæдзинад. Тынг тырныдта фæуæлахиз уæвынмæ, фæлæ уыцы тырнындзинад къаддæр нæ уыд Кодзырыфыртмæ дæр. Сергей йæхæдæг уæндонæй цыди размæ æмæ йын бантыст йæ ныхмæлæууæджы 6:5 хыгъдæй рамбулын. Афтæмæй нæ æрыгон уæззаууæзон богал ссис дунейы æрыгæтты Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау!

Хорз рауад уæрæсейаг дыккаг богал Ахмедхан Темботовы архайд дæр. Уый дæр Кодзыры-фыртау йæ разæй никæй ауагъта æмæ сыгъзæрин майдан рамбылдта 80 кг онг уæзы.

Æхсызгон у, ног æрыгон курдиатджын уæззаууæзон богал та нæм кæй фæзынди, уый. Ныр Сергей æмæ йæ хъомылгæнæг тренерты бацархайын хъæудзæн, цæмæй йæ дарддæры фæндагыл æнæкъуыхцыйæ цæуа æмæ йæ кары куы бацæуа, уæд нæ номдзыд богæлттæ Андиаты Сослан, Таймæзты Артур, Давид Мусульбес æмæ Бæройты Хасанау спорты æппæты стырдæр бæрзæндтæм схиза!

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here