Коррупцийы ныхмæ — æмдыхæй

0
1332

 

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы администрацийы, нæ республикæйы Хицауады æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты хъæппæрисæй, нæ республикæйы Сæргълæууæджы æххуысæй Ирыстоны райдыдта дунеон æппæтадæмон наукон-практикон конференци ахæм темæйыл: «Современные технологии в профилактике коррупционных правонарушений». Архайынц дзы Казахстаны, Цæцæны, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны хицауиуæггæнæг оргæнты минæвæрттæ.

Конференцийы ныхас цæуы коррупцийы ныхмæ профилактикæйы мадзæлттæ æмæ нырыккон технологитæй пайда кæныны фарстатыл. Бæлвырддæр та, сæрмагонд электронон программæйы бындурыл нырыккон технологи «Блокчейн»-ы фæрцы архайын, æфтиæгты справкæ электронон варианты саразын æмæ æндæр мадзæлттæ. Конференци байгом кодта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Нæ республикæйы Сæргълæууæджы номæй арфæ ракодта æппæт архайджытæн дæр æмæ радзырдта, цы темæйыл цæудзæн ныхас, уый алы рæстæджыты дæр тынг ахсджиаг кæй уыдис æмæ у абон дæр, уый тыххæй.

— Экономикон рæзты къуылымпыдзинады аххосаг коррупци вæййы, æмæ уыцы æппæрццæг миниуæгимæ æмдыхæй хъæуы тох кæнын, гæнæн æмæ амалæй алы мадзæлттæй пайда кæнгæйæ. Адæймаджы бартæ цæмæй нывыл хъахъхъæд цæуой, уый тыххæй фидардæр кæнын хъæуы алы оргæнты куыст дæр. Рæстæг ног домæнтæ агуры, æмæ абон, техникон прогрессы дуджы, ног технологитæ нын нæ царды уавæртæ нывылдæр æмæ рогдæр кæнынц. Уыцы гæнæнтæн арæнтæ нæй, бонæй-бонмæ рæзынц, æмæ нын æнцондæр у электронон хызæджы æппæт хъуыддæгтæ дæр аразын, — загъта Фадзайты Æхсарбег.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Ортабайты Виктор та куыд загъта, афтæмæй 2017-2019 азтæн уæлдæр амынд темæйы программæйы нысантæ сæххæст кæнынæн арæзт цæуы коррупцийы ныхмæ тохæн хицæн фæндæгтæ. Конференци цæудзæн дыууæ боны. Кæронбæттæны уазджытæн сараздзысты экскурси.

САУТÆТЫ Тамилæ Къамтæ систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here