Нæртон нозты бæрæгбон

0
437

Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры уыд æппæтдунеон конкурс «Ирон бæгæны»-йы кæронбæттæн кадджын изæр. Уырдæм æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, бæгæныфыцæн компани «Бавари»-йы разамонджытæ æмæ минæвæрттæ, культурæйы æмæ аивады кусджытæ. Æмбырды райдайæны конкурсы финалисттæн зæрдиаг арфæ ракодта БИТАРТЫ Вячеслав:

— Нæ фыдæлтæй нын цы бынтæ баззад, уыдон сты фæлтæртæн хъахъхъæнинаг æмæ нымаинаг. Нарты рæстæгæй нæм æрхæццæ ирон бæгæны. Уымæй арæм Стыр Хуыцау æмæ йе сконд зæдты нæмттæ. Фæкувæм дзы куывдтæ æмæ чындзæхсæвты. Нæ фыдæлтæ йæ куыд кодтой, уыцы æгъдæуттæ бахъахъхъæнын у абоны бæркадкъух æфсинты хæс. Уымæн та ахъаз у ацы конкурс. Ныр арæзт цæуы фæндзæм хатт. Æрбамбырд æм сты дунейы алы кæрæтты цæрæг ирæтты минæвæрттæ, равдыстой сæ арæхстдзинад ирон бæгæны фыцыны хъуыддаджы. Æмæ сын абон бузныг зæгъын, фыдæлты æгъдæуттæ кæй нæ рох кæнынц æмæ рагон нозт — ирон бæгæны кæныны фæтк кæй нæ халынц, уый тыххæй.

Уый фæстæ фестивалы архайджытæн зæрдиаг арфæ ракодта æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдар Кучиты Руслан. Фестиваль саразыныл ныр къорд азы зæрдиагæй чи архайы, уыдонæн республикæйы Сæргълæууæг саккаг кодта йæ арфæйы фыстæджытæ. Нæ республикæйы аивады дæснытæ та равдыстой зæрдæмæдзæугæ концерт.

Ерысты тæрхонгæнджыты иумæйаг уынаффæмæ гæсгæ уæлахиздзау ссис Кировы районы минæвар Мæргъиты Фатимæ, дыккаг бынат адих кодтой Чъерджиаты Дзерассæ Алагиры районæй æмæ Гогкоты Андзелинæ Хуссар Ирыстонæй, æртыккаг бынатмæ рацыдысты: Лагкуты Моникæ Æрæфы районæй, Касаты Эльзæ Дыгуры районæй æмæ Куырттаты Бэлæ Горæтгæрон районæй.

Конкурсы æппæт уæлахиздзаутæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой бæгæныфыцæн хæдзар «Бавари»- йы директор Битарты Зелимхан æмæ сæйраг технолог Дыдарты Георги. Конкурсы æппæт архайджытæн Адæмон сфæлдыстады республикон хæдзары директор, РЦИАланийы аивæдты сгуыхт архайæг Цæриаты Валери радта дипломтæ æмæ зынаргъ лæвæрттæ.

ГАСАНТЫ Валери Къам систа ЦÆГÆРАТЫ Дауыт

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here