Фембæлд æрыгон поэтимæ
Ивгъуыд цыппæрæмы Хуссар Ирыстоны Анахарсисы номыл паддзахадон чиныгдоны бæстæзонæн хайады уыд æрыгон, фæлæ ныридæгæн литературæйы фæндагыл уæндон къахдзæфтæ чи кæны, йæ ном æрмæст йæхи кары чызджытæ æмæ лæппутæй уæлдай, хистæр кары фæлтæрæн дæр зонгæ кæмæн у, уыцы цæгатирыстойнаг суинаг поэт, литературон преми: “Булæмæргъ”-ы лауреат БЕСТАУТЫ Аланæимæ.
Фембæлд арæзт æрцыд хæрзаудæн фонд «Амонд»-ы разамонæг Челæхсаты Хъазыбег æмæ чиныгдоны директор Кокойты Валерияйы хъæппæрисæй.
Ацы бон ардæм цы адæм æрбацыд, уыдон уыдысты Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрады сæйраг специалист Дриаты Нателлæ, Цхинвалы 5- æм астæуккаг скъолайы директор Бестауты Азæ, скъоладзаутæ, чиныгкæсджытæ æмæ, Аланæйы сфæлдыстадимæ зонгæ чи у, уыдон. Цæгат Ирыстонæй фембæлды архайдта Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон премийы лауреат, газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг, Бестауты Аланæйы дыккаг чиныг «Тæхуды»-йы редактор Касаты Аслæнбег.
Аланæйы сфæлдыстады тыххæй Касайы-фырт загъта: — Бестауты Аланæ у æрыгон, фæлæ ныридæгæн йе уæнгты ирондзинады туг, сырх зынгау кæмæн судзы, йæ бæстæйæн стыр хæрзты бацæуыныл чи архайы, йæ мады æхсырау йæ адæмы исбон адджын кæмæн сты, ахæм чызг. Кæд ыл нырма 17 азы цæуы, уæддæр уæндон æмæ фидар къахдзæфтæ кæны ирон поэзийы. Гуырысхойаг нæу, фидæны, Аланæйы æмдзæвгæтæ кæй æрцæудзысты хаст ирон литературæйы историйы XXI æнусы дыккаг æмбисы антологимæ. Уый та уымæн, æмæ йе ‘мдзæвгæтæ, кæд се ‘ппæт нæ, уæддæр сæ рæстæмбис сты арфхъуыдыджын. Ис сæ апп. Чи сæ кæса, уый сæ æнæмæнг йæхицæн скæндзæн цавæрдæр хатдзæгтæ, йæхицæн сæ сисдзæн цавæрдæр, уæлмонцдзинад ын чи ‘рхæсдзæн, ахæм хъуыдытæ. Аланæйæн йе ‘мдзæвгæты сæйраг хорздзинад ис уый мидæг, æмæ йын фыст сты хуымæтæг ирон æвзагыл, сты æнцонæмбарæн. Уый та ныры заманы чиныгкæсæгæн у ахсджиаг æмæ хъæугæ æууæл.
Фембæлды Челæхсаты Хъазыбег Бестауты Аланæйы схорзæхджын кодта Джусойты Нафийы номыл майданæй. — Аланæ ныридæгæн литературæйы кæны ныфсдæттæн къахдзæфтæ. Мах хæс та у ахæм æрыгон æмæ курдиатджын фæсивæды фарсмæ балæууын, — загъта Челæхсаты Хъазыбег.
Цхинвалы 5-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ аивæй бакастысты Бестауты Аланæйы æмдзæвгæтæ. Литературон изæры архайджытæ æхсызгонæй байхъуыстой Аланæмæ. Куыд загъта, афтæмæй æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, фæндзæм къласы куы ахуыр кодта, уæд. Йæ фыццаг уацмысæн аргъгæнæг уыд æмæ йæ дарддæр фыссынмæ сразæнгард кодта йæ ирон æвзаджы ахуыргæнæг Сидахъаты Кларæ. Аланæ бакаст йæхи æмдзæвгæтæ æмæ се ‘ппæтæн дæр ракодта зæрдæбын арфæ, кæй ссардтой рæстæг æмæ ахæм цины бон йæ фарсмæ кæй балæууыдысты, кæй йын скодтой стыр аргъ, уый тыххæй.
Нæ уацхæссæг














